Æрæджы Наукон иртасæн институты залы банысан кодтой Цæгат Ирыстоны адæмон поэт, прозаик, публицист, тæлмацгæнæг, Къостайы номыл премийы лауреат Дзасохты Музаферы 85 азы юбилейон бæрæгбон. Уый арæзт æрцыд амынд институты кусджыты хъæппæрисæй.

Бæрæгбонмæ æрбацыдысты республикæйы хицауад, сфæлдыстадон интеллигенци, йæ уацмыстæн аргъгæнджытæ…

Музаферы сфæлдыстадæн цы ахадындзинад ис, уый тыххæй радзырдта республикæйы вице-премьер Бокоты Эльбрус:

– Мах сæрыстыр стæм æмæ стыр аргъ кæнæм Музаферы хуызæн сфæлдыстады зиууонтæн. Курдиатджын фыссæг стыр бавæрæн  бахаста ирон литературæйы поэзи æмæ прозæйы къабазмæ йæ ирд курдиатæй.  Бирæ азты «Ногдзау»-æн разамынд кæй лæвæрдта, уый фæрцы журнал уарзон сси мингай æрыгон фæлтæртæн йæ мидисджын æрмæджытæй æмæ йын абон дæр стыр кад ис. Музафер, бирæ азты ма нын де сфæлдыстадæй нæ зæрдæ цы рухс кæнай, ахæм арфæ дын не ‘ппæты номæй!

Уый фæстæ Бокоты Эльбрус Музаферы схорзæхджын кодта республикæйы иууыл уæлдæр хæрзиуæг – орден «Ирыстоны Намыс»-æй.

Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы номæй фыссæгæн арфæ ракодта сæ Æххæстбарджын минæвар Цæгат Ирыстоны Санахъоты Морис æмæ йæ схорзæхджын кодта Хуссар Ирыстоны кадджын хæрзиуæг «Хæлардзинады орден»-æй.

Дзасохты Музаферæй сæрыстыр сты йæ райгуырæн Красногоры, стæй æнæхъæн Æрыдоны районы цæрджытæ æмæ стыр делегаци æрбацыд юбилейон изæрмæ.  Районы Сæргълæууæг Мæрзаты Владислав та фыссæджы схорзæхджын кодта Æрыдоны «Кадджын гражданин»-ы номæй.

Фыссæгимæ сæ хæлардзинады, стæй йæ уацмысты тыххæй сæ хъуыдытæ загътой ахуыргæндтæ Цыбырты Людвиг æмæ Къусраты Анатоли æмæ йын ракодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Музаферы тыххæй ма радзырдта «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар Еналдыты Хъазыбег, æрыгон фæлтæры номæй та загъта журналист Гасанты Валери. Йе сфæлдыстад ын биноныг равзæрстой ахуыргæндтæ Хозиты Барис æмæ Куыдзойты Анжелæ.

Музаферы æмдзæвгæтыл фыст зарджытæ азарыдысты республикæйы аивадон коллективтæ, йе ‘мдзæвгæтæ та йын бакастысты нæ горæты 13-æм скъолайы ахуырдзаутæ.

Кæронбæттæны изæры архайджытæн зæрдæбын арфæ ракодта Дзасохты Музафер, ахæм стыр кад ын кæй скодтой, уый тыххæй. Куыд загъта, афтæмæй йыл уый ноджы стырдæр бæрндзинад æвæры, йæ азты уæз та йын гæрæн нæу. Уымæ гæсгæ, йæ размæ цы бирæ хæстæ лæууы, уыдон йæ зæрды ис царды рауадзын æмæ литературæмæ ноджыдæр фылдæр хуынтæ бахæссын.

                                                                                          Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.