Нæ ивгъуыд рæстæджыты цыдыл абоны дуджы цæстæнгасæй куы афæлгæсæм, уæд ирдæй фендзыстæм рухстауджыты, фысджыты, поэтты  архайды стыр нысаниуæг, æхсæнадон царды цыдыл се ‘ндæвдад, сæ уæзгæ хайбавæрды ахадындзинад.

Рагæнусты, адæм кæсын-фыссын куы нæма зыдтой, уæддæр се ‘хсæн уыд зондджын æмæ куырыхон адæймæгтæ. Уыдон æрдзон фæзындты, афæдзы афонты ивддзинæдты æмæ сæ дарддæры цардвæндаджы фæткæвæрдмæ бынтон æндæр, æмбаргæдæр цæстæй кастысты, хуыздæр æмбæрстой сæ фарсмæ уæвæг адæмы ахаст кæрæдзимæ, хуыздæр сын æнкъардтой сæ миддунейы сконд. Афтæмæй бæстон хатдзæгтæ арæзтой, цы уыдтой, цы хъуыстой, æппæт уыдæттæн.

Царды уæззау цалх йæ историон фæндагыл уæззаугай тылд æмæ Зæххы къорийыл дæр алы æмæ алы рæтты ссыгъдысты æмæ райдыдтой æрттивын, сæ зонд, сæ куырыхондзинад æмæ сæ ирд хъуыдытæй сæхицæн ном æмæ кад чи скодтой, уыцы гоймæгты стъалытæ. Уæдæй нырмæ бæрзондæй цæхæр калынц, адæмы зæрдæты хорздзинад тауынц, æвæрццагæй сын æндавынц сæ монон хъæздыгдзинадыл.

О, фæлæ йæ куыдфæнды ма рабар-бабар кæнæм, уæддæр ивгъуыд рæстæджыты махмæ, ирон адæммæ, рухстауæг, фыссæг, поэт кадджындæр уыд. Уый фæдыл йæ хъуыдытæ зæгъы Фысджыты Цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон: «Кæй зæгъын æй хъæуы, ивгъуыд рæстæджы фыссæг кадджындæр уыд. Раздæр чингуытæ чи нæ каст, уый ницæйагыл нымад уыд. Искæцы фыссæгæн-иу хорз уацмыс куы фæзынд, уæд-иу æй æзфæраздæронæй скъæфтой къухæй-къухмæ, æнæмæнг æй хъуамæ бакастаиккой. Чи-иу æй нæ бакаст, уый мæгуырыл нымад уыд. Чингуыты дуканиты-иу чиныг никуы баззад  комкоммæ-иу рауагъдадæй æфтыд чиныг кæсæджы къухмæ. Абон монон хъæздыгдзинадæй материалон хъæздыгдзинад фæтыхджындæр ис, бæрзонддæр æвæрд у.  Чиныг йæ раздæры тых фесæфта, уымæ гæсгæ аив дзырд рæстæгыл нæ хæццæ кæны адæймагмæ. Афтæмæй та, цалынмæ æхсæнадыл апарахат вæййы,  уæдмæ фесафы йæ ахадындзинад, йæ раздæры тых.  Раздæр  фысджыты, поэтты адæм зыдтой хуызмæ, кастысты сын сæ уацмыстæ, се ‘мдзæвгæтæ.  Абон  уацмыс нæ, фæлæ бирæтæ иунæг ирон фыссæджы мыггаг дæр нæ зонынц. Уый иугай адæмтæй аразгæ нæу, уый у æхсæнадæй аразгæ. Алы адæймагæн дæр сæйраг у монон хъæздыгдзинад, уды хъæздыгдзинад. Хъыгагæн, абон уыцы æргъадты бынат бацахста æхца».

Нæ комкоммæ рагфыдæлтæ скифтæ, сæрмæттæ, алантæй махæн баззад хъæздыг мадæлон æвзаг. Уæззау æмæ вазыгджын историон цаутæм нæ кæсгæ-йæ, уый сыгъдæгæй бахъахъхъæд æрцыд. Историкты дырыс бæлвырдгæнæнтæм  гæсгæ астæуккаг æнусты ирæттæн уыд сæхи сæрмагонд фыссынад бердзенаг графикæйы бындурыл. ХIII æнусы райдайæнмæ та сын фæзынд реалон фадæттæ, цæмæй сын уыдаид канд дзыхæй дзургæ сфæлдыстад нæ, фæлæ сæ хъæздыг литературæ фысгæ дæр ныккодтаиккой. Фæлæ сын монгол-тæтæры æрбабырст сæ цард бынтондæр схæццæ кодта (куыд наци, афтæ бынтон кæй нæ фесæфтыстæм æмæ кæй уæвынад кæнæм, уый дæр стыр диссаг у, рагон фыссынадыл ма чи дзуры!)

Ӕгас дзыллæйæ ма баззад армыдзаг адæм, уыдон дæр Астæуккаг Кавказы кæмтты ныддихтæ сты æмæ кæм цы цæуы, искуы ма дур дурыл баззад æви нæ, уымæн зонгæ дæр ницыуал кодтой. Цымæ цы монон тых хъуамæ уа дæ миддунейы, цы национ идея æмæ дын цы патриотикон æнкъарæнтæ хъуамæ цырын кæной дæ зондахаст, цæмæй ахæм æвæрæз, зынвадат царды уавæрты дæр куыд наци, афтæ ма фесæфай, бахъахъхъæнай дæ мадæлон æвзаг, ныййарæджы фарн æмæ æгъдау, фыдæлты æнæфыст закъæттæ?!

Уавæр фæхуыздæр ХVIII æнусы, 1774 азы Уырыс Ирыстоны йæхимæ куы æрбаиу кодта, уыцы хъысмæтскъуыддзаггæнæн историон цауы фæстиуæгæн. Ӕмæ кæд ирон адæмæн уыцы рæстæгмæ сæхи фыссынад нæма уыд, уæддæр адæмон сфæлдыстады хуызты (Нарты кадджыты, Даредзанты таурæгъты, аргъæутты, зарджыты, æмбисæндты, базон-базонты, тагъддзуринæгты, а.д.) фæрцы фыдæй фыртмæ фæлтæртæм хæццæ кодта мадæлон æвзаджы тых. Уый та æрæвæрдта бындур ирон литературæ æмæ историйæн.

ХVIII æнусы кæрон, ХIХ æнусы райдайæны йæ рæстæг  афтæ æрдомдта, æмæ æнæмæнг хъуыд ирон дзырдуат саразын, цæмæй дзыхæй дзургæйæ нæ, фæлæ ирон литературæ фыст  цыдаид. Ирон æвзагыл фыццаг мыхуыргонд чингуытæ фæзындысты уыцы рæстæджы. Æмæ кæд ирон литературæйы  райрæзтæн стыр ахъаз фæци  æмæ йын йæ размæцыдыл дарддæр дæр æндæвта ирон адæмон сфæлдыстад, абон дæр йæ рæсуг ратæдзæныл нымад у, уæддæр нæ литературæ сæвзæрд реалон цауты бындурыл.

Раст нæ уыдзæн, ирон литературæйы цардвæндагыл дзургæйæ, А. М. Шегрен, В. Ф. Миллер æмæ Æгъуызаты Иуанейы кой куынæ ракæнæм, уæд.

Афтæ ирон фысджытæн æмæ поэттæн фадат фæци сæ уацмыстæ мыхуыр кæнынæн мадæлон æвзагыл. Уый нæ дзыллæйæн уыд стыр къахдзæф размæ.

Карз цензурæйы æгъатыр фæткойтæм нæ кæсгæйæ, бонæй-бон хъæздыгдæр кодта нывæфтыд литературæйы къæбиц. Райгуырæн Ирыстон бафæллад æмæ стыхст йæ мæгуырдзинадæй, йæ уæззау царды уавæртæй, фæлæ йын литературон  уацмыстæ, æмдзæвгæтæ ныфс лæвæрдтой. Мадæлон æвзаг æмæ литературæйыл æнувыд, фысджытæ æмæ поэттæ зæхкусæг,  мæгуыр адæмæн уырнын кодтой, кæй æрæввахс кæны ног рæстæг, амондджын царды дуг. Бæргæ æрæййæфтой уыцы сæрибардзинад фæллойгæнæг адæм 1917 азы, фæлæ Хуссар Ирыстонæн уыцы амондджын рæстæг бирæ нæ ахаста  1920 азы гуырдзы ам туджы зæйтæ рауагътой, фæнык фестын кодтой Ирæн йæ хуссар хай. Уы-цы дудгæ æмæ хъизæмайраг æвирхъау цаутæ ирдæй равдыстой нæ фысджытæ æмæ поэттæ сæ литературон уацмысты, кæд алцы æргомæй фыссæн нæ уыд, уæддæр. Хатт-иу иунæг хъуыдыйады тыххæй дæр ахæстоны фæбадтысты дæсгай азтæ, Сыбыры хай-иу сæ фæкодтой, фæлæ нæ састысты  рæстдзинад сын сæ тых æртывæр кодта æмæ се сфæлдыстадон куыст нæ уагътой уым дæр.

Рæстæг æппæтæн дæр æвдадзы хос у, фæзæгъынц. Хуссар Ирыстоны тых нæ асаст. Рацыд рæстæг æмæ, фæскъæвда бæстыл хур куыд атулы æмæ адæмы зæрдæты хъармдзинад, царды ныфс куыд бауадзы, афтæ та ног хуры тынтæм йе уæнгтæ айтынг кодта ирон лæг дæр, куыста, фæллой кодта. Æрбалæугæ «сæрибардзинады дуг» фысджыты æмæ поэтты фидар рæхысæй сбаста, азмæлын сæ нал уагъта, сæрибарæй фыссыны бар сын нæ уыд. Хъуылаты Созырыхъойы фыст æмдзæвгæ «Баст цæргæс»-мæ гæсгæ фыст зарæг (æххæст æй кодта Тыбылты Л.) нæуæдзæм азты популярон уыд, сарæзтой йыл клип дæр, йæ мидис та йын бирæтæ абон дæр не ‘мбарынц. Созырыхъо дæнцæгæн хæссы хæххон цæргæсы. Цæргæс сæрибар у, бæрзæндты хъуамæ тæха, фæлгæса уырдыгæй, фæлæ йæ куы ‘рцахсай, йæ базыртæ æмæ йын йæ къæхтæ куы бабæттай, афтæмæй йæ куы схæссай хохы бæрзæнд-мæ, уæд ма уый цæй сæрибар у?

Куыд зын у цæргæсæн,

Сæрибар цæргæсæн,

Куы вæййынц йæ базыртæ баст…

Уыцы рæстæджы фысджытæ æмæ поэттæ хорз æмбæрстой сæ уæззау уа-вæр æмæ сусæг-æргом карз тохы бацыдысты йæ ныхмæ. «Сæрибар дуджы» тыххæй Дзуццаты Хадзы-Мурат та афтæ фыста:

 

Сæрибар дæн: дзуры, цы йæ фæнды

дзых,

Фæлæ нæй мæ ныхæстæй  иуы дæр

тых.

Фæдаргъдæр мын кодтой  мæ

рæхыстæй баст,

Сæрсæфæн мæм разынд, кæсын æм

æмраст.

Уæлдæр хицауадмæ нæ хъуысы мæ

дзырд,

У уыдонæй алчидæр рæстæджы

фырт.

Ирон фысджытæ æмæ поэттæ уæддæр æдасæй дзырдтой сæ хъуыды ивгъуыд æнусы 30-æм, 50-æм азты, кæд  уæды рæстæджы фæллойы «хус» зарджытæ хъæрдæрæй нæрыдысты, уæддæр;  Стыр Фыдыбæстæйон хæсты дуджы нæ ирон фысджытæ æмæ поэттæн сæ фылдæр хæсты быдырæй нæ ракуымдтой, кæд сын уыцы бар лæвæрд уыд, уæддæр.

Æмæ ма йыл иу уысм ахъуыды кæнæм: цымæ нæ ирон литературæ куыд райрæзтаид æмæ  абон цас хъæздыг æмæ аивдæр уаид, уыцы тæссаг  æмæ хæццæ рæстæджыты  уæзæй нæ нывæфтыд литературæйы минæвæрттæ куы фæтасыдаиккой, уæд?..

Уæдæй нырмæ, йæхи урс гæххæтт æмæ рог сисы уацары барвæндонæй чи бакодта, уыцы фысджытæ, поэттæ се сфæлдыстадон куыст кæнынц адæмы хæрзиуæгæн, дзыллæйы кадæн. Сфæлдыстадон адæймаг иу уысм дæр нæ улæфы, фынæйæ дæр йæ уацмысыл фæхъуыды кæны.

Фыссæг иу чысыл хъуыдыйад  дæр арф йе ‘нкъарынады фæрабар-бабар кæны, йæ мидзæрдæйы йын ссары ауæдз æмæ йæ тугдадзинты ныззилдух кæны. Уый фæстæ хъуыдыйады  æвдыст ар-хайд йæ цæстытыл ауайын кæны, бакæсы йæ æндæр кæйдæр цæстæнгасæй æмæ йæ æрмæстдæр уæд ранывæнды урс гæххæттыл. Фыссæг йæ сæрибар хъуыдытæй, йæ уацмысы ныхмæвæрд фæлгæндзты фæрцы кæсæгæн æмбарын кæны хорз æмæ æвзæр, зонд амоны рæзгæ фæлтæрæн, разæнгард æй кæны хорз хъуыддæгтæм. Поэт йæ аиввæлыст рифмæтæй æхцондзинад хæссы поэзийы уарзджытæн. Цыфæнды æнкъад куы уай, уæддæр хорз æмдзæвгæйы рæнхъытæ бакæсгæйæ, зæрдæйы рис фæрогдæр вæййы.   Мадæлон æвзагыл фыст литературон уацмыстæ ахъаз сты  национ идеяйы фидардзинадæн. Уый та æвзæрын кæны, цæнгæтау фидар, патриотикон æнкъарæнтæ. Æппæт уыдæтты фæрцы та нæ иры дзыллæ цæрæнбонты сæрбæрзондæй цæуы йæ дарддæры цардвæндагыл. Афтæмæй фидарæй-фидæрдæр кæны нæ ирондзинад.

Цгъойты А.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.