Ацы бонты Хуссар Ирыстоны энергетикæйы къабазы кусджытæ банысан кодтой сæ профессионалон бæрæгбон.

Энергетикæ у нæ бæстæйы ахсджиаг экономикон æмæ социалон къабаз. Зындæр професситы æмрæнхъ ис энергетикты куыст дæр.

РХИ-йы энергетиктæ æппынæдзух сты сæ куысты уæлхъус æмæ архайынц, цæмæй  æнæкъуылымпыйæ республикæмæ хæццæ кæна электроэнерги. Иу кæнæ иннæ аххосæгтæм гæсгæэлектроадæттæн хаххыл авари куы ‘рцæуа, уæд та оперативонæй фезмæлынц æмæ йæ аиуварс кæнынц.

Мах бахатыдыстæм РХИ-йы Паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс»-ы сæргълæууæг Гæбæраты Аланмæ, цæмæй нын дзуаппытæ радта нæ фарстатæн.

– Æрæджы нæ республикæйы цæрджытæ иу бон баззадысты æнæ электроэнергийæ, афтæ ма уыд ивгъуыд аз ацафон. Уæд дзырд цыд, зæгъгæ, æнæмæнг саразын хъæуы уæлæмхас хахх, цæмæй аварийы рæстæджы республикæйы цæрджытæ зындзинæдтæ ма ‘взарой.

– Ныртæккæ цæуынц цæттæгæнæн куыстытæ, цæмæй Ручъы тъунелыл уагъд æрцæуа, уæлæмхас электроадæттæн хахх. Уый арæзтадмæ æрæвналдзысты ног азы.

Куыд зонæм, афтæмæй республикæ электроэнергийæ ифтонг цæуы. Зæрæмæг-Цæгаттаг портал – Дзауы электроадæттæн хаххыл. Электроифтонгадæн ног фæсауæрцон электроадæттæн хахх саразын кæй хъæуы, уыцы фарстыл уынаффæ цыд УФ æмæ РХИ-йы æхсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы рабадты. Мах бакуыстам æхсæз проектыл, уыдонæй иууыл æнцонвадатдæр у тъунелыл кабел ауадзын, уымæн æмæ йыл не ‘ндавдзæнис æвзæр боныгъæд. Боныгъæд, уæлдайдæр та зымæгон, свæййы Хуссар Ирыстоны электроэнергийы ахицæны иууыл сæйрагдæр аххосаг. Цæрджыты бахъæуы æнхъæлмæ кæсын, цалынмæ цалцæггæнджытæ цæгатæй кæнæ хуссарæй фæхæццæ вæййынц аварийы бынатмæ æмæ йæ аиуварс кæнынц, уæдмæ. Зымæгон бонты Дзомагъгомы æфцæгыл фæндаг нæ вæййы. Ацы бæрзонд хæххон бынат у зынвадат, тæссаг дзы у зæйтæ æрцæуынæй дæр. Уырдæм афæдзы 8 мæйы дæргъы бацæуæнтæ нæ вæййы. Афтæ зæгъæн нæй, ома, электрохызæджы кусджытæ æвзæр кусынц æмæ уымæн аскъуыйынц электротелтæ электроны хахх. Сæрдыгон мах бакæнæм профилактикон куыстытæ, бацæттæ йæ кæнæм, фæлæ уæззау, хуылыдз миты нæ бауромынц телтæ. Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй уæлæмхас электрохахх хъуамæ æнæмæнг уа, уæд цæрджытæ, авари æрцыд, уый хатгæ дæр нæ фæкæндзысты.

– Инвестпрограммæйы фæлгæтты нæ республикæйы районты цæуы электрохызæгты модернизаци. Уыцы мадзæлттæ куыд уагъд æрцыдысты 2018 азы?

– Уыцы мадзæлтты заказгæнæг у РХИ-йы Арæзтад æмæ архитектурæйы министрад. Мах та стæм генподрядон организаци, кæцы объекттæ ифтонг кæны энергетикæйæ. Ацы аз модернизаци цыдысты Дзау æмæ Ленингоры районтæ. Ацы куыстытæ арæзт цæуынц комплексонæй – электрохаххы зæронд цæджындзтæ баивын, электротрансформатортæ сæвæрын æмæ цæрджыты хæдзæртты электронымайæнтæ сæвæрын. Ленингоры поселочы æмткæй ивд æрцыдысты зæронд цæджындзтæ ног бетонæй цæджындзтæй. Сæвæрдтам 4 трансформаторон пункты. Дзауы районы дæр электроцæджындзтæ ивд æрцыдысты райцентр æмæ Къуайсайы горæты. Æмткæй ног электрохæххытæ арæзт æрцыд 33 километры. Абоны бон мах, зæгъæн ис, практикон æгъдауæй сæххæст кодтам, 2018 азы нын планмæ гæсгæ цы куыстытæ бакæнинаг уыд, уыдон.

2019 азы Инвестпрограммæйы фæлгæтты та арæзт æрцæудзысты, Знауыры районы ма нын цы бакæнинаг куыстытæ ис, уыдон. Бахъаты хъæу, Зиулет, Хундисубаны дæр хъавæм электроцæджындзтæ раивынмæ. Æнгæс куыстытæ бакæндзыстæм Цхинвалы районы Хелцуа, Сатихъар æмæ Наниаурийы хъæуты.

Электрохæххыты ивыны æмрæнхъ ацы аз горæты иуæй-иу уынгты баивтам газы хæтæлтæ дæр. Тæболты Сергейы, Коцты Грийы, Джыгкайты æмæ Коцы фырты уынгтыл газы хæтæлтæ уагъд æрцыдысты зæххыбынты.

– Рæхджы фидар æрцæудзæн 2020-22 азты Инвестпрограммæ дæр. Уæ фадыджы уырдæм цы мадзæлттæ хаст æрцæудзæн? Бирæ ма бахъæудзæн республикæйы æмткæй электрохæххытæ æххæст смодернизаци кæнынæн?

– Фæстаг дыууæ аз махæн бирæ бантыст энергетикæйы инфраструктурæ рæзын кæныны. Фæлæ, уæддæр нырма бирæ цæрæн пункттæ баззад, электрохæххытæ реконструкцикæнинаг кæм сты, ахæмтæ. Уыдон номхыгъд мах бавдыстам ног Инвестпрограммæмæ. Фæлæ нын кæцы мадзæлттæ айсдзысты, уый бæлвырд нæ зонæм. Куыд зонæм, афтæмæй Инвестпрограммæ æнæбын нæу. Уырдæм хаст æрцæуынц иууыл ахсджиагдæр объекттæ æмæ уыдон арæзт æрцæуынц.

Инвестпрограммæйы фæлгæттæй дарддæр «Энергоресурс»-ы фæрæзтæй кæнæм æндæр куыстытæ дæр. 2019 аз нæ зæрды ис Цхинвалы районы Залда æмæ Монастеры планон куыстытæ бакæнын. Уым цалдæр азы размæ æрæвнæлдтам трансформатор монтаж кæнынмæ, фæлæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ куыстытæ кæронмæ нæ фесты. Ныр ног азы уыдон дæр кæронмæ бакæндзыстæм. Нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийы хæслæвæрдмæ гæсгæ ног азы электрохахх арæзт æрцæудзæн Нагутнийы хъæумæ, санатори «Ныфс»-ы онг. Уым ныридæгæн æххæст æрцыд цæттæгæнæн куыстытæ.

– Хуссар Ирыстоны нырма ис ахæм хæххон хъæутæ, кæцыты цæрджытæ нырыккон царды хæрзиуджытæй нæма пайда кæнынц. Зæгъæм, Дзауы районы Къозы хъæуы цы цалдæр хæдзар ис, уыдонмæ электрохахх дæр уагъд нæма ис. Ис ма ахæм хъæутæ?

– Къозы хъæумæ электроны хахх бауадзыны проблемæ ис фæндаджы æдзæллаг уавæры тыххæй. Хъæумæ цы фæндаг цæуы, уый у уынгæг æмæ зынвадат. Суанг æм электроцæджындзтæ баласыны фадат, стæй техникæ кæм фезмæла, уый бынат дæр дæр дзы нæй. Ныртæккæ бæрзонд хæххон хъæутæй Къозæй дарддæр иннæтæ сты электрофикацигонд. Электроны рухс нæй æрмæстдæр ахæм хъæуты, кæцытæ сты бынтон æдзæрæг. Æцæг, ахæм хъæутæй алидзгæ æмбæстæгтæ, кæцытæ ныртæккæ цæрынц Цæгат Ирыстоны, ныууадзынц куырдиæттæ, ома, нын нæ хъæутæм дæр рухс æрбауадзут, цæмæй, дам, сæрдыгон бонты нæ бон уа æрыздæхын нæ фыдæлты уæзæгмæ.

– Рухс æмæ газы фиддонтæ куыд фыст цæуынц? Бæрæггæнæнтæ фаронмæ абаргæйæ фæхуыздæр сты?

– Фæстаг 11 мæйы цæрджыты фиддонты бæрæггæнæнтæ бæрæг хуыздæр сты. Мах арæх адæттæм тæрхондонмæ, электроэнерги æмæ газы стыр хæстæ кæуыл ис, ахæм æмбæстæгты. Тæрхондон уыдон фæивар кæны æмæ уымæй тæрсгæйæ хуыздæр райдыдтой адæм фидын. Тынг нын æххуыс кæнынц прокуратурæ æмæ тæрхондоны пъырыстъыфтæ дæр. Ныр РАО ЕЭС æмæ «Газпром»-ы раз нæ хæстæ бæрæг фæкъаддæр сты.

– Куыд бацæттæ кодта йæхи ГУП «Энергоресурс» хъармгæнæн сезонмæ?

– «Энергоресурс»-ы бæрны ис горæты 48 хъармдæттæны. Уырдæм хауынц бюджетон фадыджы уагдæттæ – иумиаг ахуыргæнæндæттæ, рæвдауæндæттæ, министрадтæ æмæ ведомствотæ. Уым хъармдæттæн иууылдæр кусынц штатон режимыл.

– Рухс æмæ газы тарифтæ фæфылдæр уыдзысты 2019 азы?

– Хицауад хъавы электроэнерги æмæ газы фиддонтæ фæфылдæр кæнынмæ. Æрмæст бюджетон æмæ коммерцион уагдæттæн. Цæрджытæн сæ тарифтæ баззайдзысты æнæивгæйæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.