Президент Гаглойты Алан бабæрæг кодта 4-æм ноябры Уæрæсейы Федерацийы Адæмон иудзинады бон нысан кæныны цытæн цытджын химæрайст. Химæрайст арæзт æрцыд РХИ-йы Россотрудничествойы минæварады.

РХИ-йы УФ-йы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов уазджытæн радзырдта Уæрæсейы бирæнацион адæмы къухтæй арæзт кадджын историйы тых-хæй.

«Не стыр бæстæйæн ис арф истори. Æнусты дæргъы уæрæсейæгты бирæ фæлтæр хъахъхъæдтой сæ Райгуырæн зæххы хæдбардзинад, тох кодтой æддагон æмæ мидæггагон знæгтимæ, эпидемитимæ. Уыцы фæндагыл рацыдыстæм æрмæстдæр нæ Райгуырæн зæххы æппæт адæмты иудзинады фæрцы», — загъта уый.

Æрæмбырдуæджытæн раарфæ кодта паддзахады сæргълæууæг Гаглойты Алан.

«Истори æвдисы, адæм æнгом куы уой, уæд зындзинæдтыл æнцонтæй фæтых уыдзыстæм. Уæрæсейы Федерацийыл бафтыдысты ног æрбаиугонд территоритæ — Луганскы æмæ Донецкы адæмон республикæтæ, Запарожы æмæ Херсоны областтæ. Уæрæсейаг æфсæддонтимæ Хуссар Ирыстоны хæстонтæ хъахъхъæнынц Донбассы адæмы, сæрибар сæ кæнынц фашизмæй.

Ныфс мæ ис, Уæрæсейы адæм æмæ бæстæйы арæнтæй æддейæ цы уæрæсейаг æмбæстæгтæ цæрынц, уыдон кæддæриддæр æнгом уыдзысты сæ хæстæ æнтыстджынæй скъуыддзаг кæныны хъуыддаджы», — загъта Гаглойты Алан.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.