Президент Гаглойты Алан Республикæ Цæгат-Ирыстон Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны парламентты сæргълæуджытимæ, дыууæ республикæйы хицауады уæнгтæ æмæ депутаттимæ дидинджытæ сæвæрдтой Бесланы мемориалон комплекс «Зæдты горæты».

Метрономы зæлты бын каст æрцыд фæмардуæвджыты мыггæгтæ æмæ нæмттæ, уый фæстæ скъоладзаутæ арвмæ суагътой 334 урс шары теракты фæмардуæвджыты нымæцмæ гæсгæ.

Делегацийы уæнгтæ ма æрымысыдысты æдасдзинады федералон службæйы специалон дæлхæйттæ «Альфа» æмæ «Вымпел»-ы фæмардуæвæг хæстонты рухс нæмттæ.

2004 азы 1-æм сентябры райсомæй террористтæ 30 адæймаджы онг бацахстой Бесланы №1 скъола, цыран уагъд цыд бæрæгбонон линейкæ.

Террористты амынæттæ систы 1128 адæймаджы, кæцыты дардтой скъолайы спортзалы æртæ боны дæргъы æнæдон æмæ æнæхæрдæй.

Трагедийы амæттæгтæ систы 334 адæймаджы, уыдонæй – 186 сывæллоны. Фæмард сты тыхон структурæты æмæ уæлвæткон министрады кусджытæ дæр. Алыгъуызон цæфтæ растой 810 адæймаджы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.