Нæ горæты Кады аллейы Æнусон арты раз уагъд æрцыд РХИ-йы Гарзджын тыхты уалдзыгон æрсидты æфсæддон ардбахæрды цытджын церемони. Хайад дзы райста РХИ-йы Гарзджын тыхты Уæлдæр сæйрагкомандæгæнæг, Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Ветеранты советы сæрдар Бестауты Вячеслав, æндæр бæрнон адæймæгтæ æмæ æрсиддонты хиуæттæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон гимны зæлтæ азæлыны фæстæ æрсиддонтæ цытджын ард бахордтой Фыдыбæстæйыл æнувыддзинады сæрвæлтау Цхинвалы гарнизоны афицертæ æмæ солдатты рæнхъæйлæуды раз. Аккагæй сæ æфсæддон хæс кæй æххæст кæндзысты, хъæбатыр, намысджынæй сæ Фыдыбæстæ хъахъхъæндзысты æмæ сæ адæмыл æнувыд уыдзысты.

Бибылты Анатолийы цæст æрсиддонтæн бауарзта намысджынæй сæ æфсæддон хæстæ æххæст кæнын.

«Абон сымах ард бахордтат бæстæйыл æнувыддзинады тыххæй. Ардбахæрды цы ныхæстæ загътат, уыдон сты нæ адæм æмæ нæ республикæйы но-мыл. Уæ алы къахдзæф, уæ алы хъуыды æмæ архайд хъуамæ уа нæ нæ бæстæйы ирд фидæны хæрзæбонæн. Цæмæй нæ зæххыл æлдариуæг кæна сабырдзинад, мауал уа хæст, уый тыххæй нын ис нæхи æфсад. Сымах аккаг службæ хъуамæ хæссат æмæ цæттæ уат кæдфæндыдæр знагæн аккаг ныхкъуырд радтынмæ», – загъта Президент.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, æфсæддон службæгæнæг ирæттæм кадджын уыд, æвзонг адæймæг æфсады куынæ баслужбæ кодаид, уæд ын нæ аргъ кодтой.

Ног æрсиддонтæн Бесаты Вячеславы цæст та бауарзта æнтыстытæ.

Ног æрсиддонты номæй Битеты Ар-тур бузныг загъта афицерон скондæн сæ фæразон куысты тыххæй.

«Бузныг уæ стæм, нæ зæрдæты нын намысджындзинад, лæджыхъæддзинад æмæ патриотизмы æнкъарæнтæ кæй ныффидар кодтат. Мах дзырд дæттæм, кæй уыдзыстæм нæ адæмы æдасдзинады гарант. Никуы ферох кæндзыстæм уыцы хъайтарты нæмттæ, кæцытæ сæ цард радтой нæ адæмы сæрибар царды сæрвæлтау æмæ сараздзыстæм æппæтдæр нæ фæрныг фыдæлты раздæры ном сæндидзын кæнынæн», – загъта Артур.

Мадзалы кæрон РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады æрсиддонтæ, афицертæ æмæ æфсæддон дæлхæйттæ цытджын караулы сæргълæудæй рацыдысты цытджын маршæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.