Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕст Ирыстоны æвыдæй нӕ ныууагъта. Бирӕ фӕссивӕд ацыд Рустауы хъӕуӕй дӕр, уыдон нымӕцы Гасситы цыппар ӕфсымӕры, фӕлӕ сӕ фӕстӕмӕ ничиуал æрыздӕхт. Хистӕр ӕфсымӕр Гасситы Ефим уӕд куыста Зары хъӕусоветы. Ефимы йедтӕмӕ ӕфсымӕртӕй бинонтӕ никӕмӕн уыд, йӕ лӕппу Гасситы Хазбийыл цыд дыууӕ азы, йӕ чызг Хадизӕт та уӕд уыд авдӕны. Гасситы Ефим уыд фронты раззаг хӕххыты, бӕргӕ ӕвдыста хъӕбатырдзинӕдтӕ, фӕлӕ иу ахӕмы уӕззау цӕф фӕцис ӕмӕ йӕ уарзон Ирыстонмӕ ӕрыхъуыст йӕ сау хабар. Нал ын бантыст йӕ уарзон ӕмкъай Гатыгкоты Тъерезӕ ӕмӕ йæ хъӕбултӕ Хазби ӕмӕ Хадизӕты фенын.

Ефимы кӕстӕр ӕфсымӕр Гиуӕргийӕн Ирыстоны хъуыстгонд уыд йӕ ном. Кӕд ыл 26 азы йедтӕмӕ нӕма цыд, уӕддӕр ын бирӕ бантыст ныффыссын. Педагогон институт фӕуыны фӕстӕ куыста йӕ райгуырӕн хъӕу Рустауы ахуыргӕнӕгӕй, фӕстӕдӕр та куыста астӕуккаг скъолайы. Фыста ӕмдзӕвгӕтӕ, радзырдтӕ, пьесӕтӕ. Йе сфӕлдыстады аивадон ӕгъдауӕй зӕрдӕмӕдзӕугӕдӕр у пьесæ «Фæдис». Йæ рæстæджы тынг популярон уыдис, ноджы ма йын къухфыстæй баззад дыууæ пьесæйы, радзырдтæ, æмдзæвгæтæ. Уыд хистæр лейтенант. Тох кодта фыдызнаджы ныхмæ Хъырымы æрдæг сакъадахыл. Иу хæсты уæззау цæф фæцис æмæ йæ зынг ахуыссыд. Æфсымæртæй Димитр райгуырд 1920-æм азты. 1939 азы йæ акодтой Советон Æфсады рæнхъытæм. Хæст æй æрæйæф-та службæгæнгæйæ. Уыд артиллерист, знаджы ныхмæ тох кодта Смоленскы, фæлæ 1941 азы фыдвæззæг фæцис. Æфсымæрты кæстæр Христофор дæсæм кълас куы фæ-цис, уæд 17-аздзыдæй ацыд хæстмæ. Райдиан ахуыр кодта Ереваны æфсæддон ахуыргæнæндоны. Ссис афицер. Тох кодта фронты раззаг хæххыты. 1944 азы уæззау цæф фæцис æмæ хуыссыд Цхинвалы госпиталы. Куы сдзæбæх, уæд аздæхт фæстæмæ хæстмæ, ныххæццæ суанг Берлинмæ. Стыр уæлахизмæ ма нымад бонтæ баззад, афтæмæй Берлин сисыныл тохы байсæфт Гасситы цыппæрæм æфсымæр Христофор дæр. Кæддæры нæргæ хæдзары ма ныр цæры Ефимы фырт Гасситы Хазби.

***

Дунейыл  уалдзӕг ӕрлӕууыд!

Райы дидинтӕй цӕст.

Ыстыр Уæлахиз ныннæрыд!

Банцади тугкалӕн хӕст.

Адӕмы тухӕнтӕ фесты:

Калынц цины цӕссыг…

Цыппар ӕфсымӕрӕн хӕсты,-

Баззад семӕ сӕ хъыг.

Фӕндзӕм ӕрыздӕхт фӕстӕмӕ:

Уыд йӕ риуы нӕмыг.

Акаст фӕлладӕй йӕ хъӕумӕ…

Цыд йӕ цӕстыты сыг.

Бафӕллад, нал кӕны хъарӕг, –

Фондз ӕфсымӕры мад.

Дзыллӕ, ыскодта сыл зарӕг.

Рох нӕ уыдзӕн сӕ кад!

Абон ам Рустауы хъӕуӕй…

Айзӕлыд уалдзӕджы зард!

Гасситы ‘фсымӕрты номӕй

 Хъуысы ‘рхӕндӕгӕй дард!

             ГАТЫГКОТЫ Эдуард

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.