10 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петр йæхимæ райста Цæгат Ирыстон-Аланийы фæсивæдон парламенты делегацийы. Делегацийы сæргъ лæууыд Цæгат Ирыстоны Парламенты Национ политикæ æмæ фæсивæдон хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Козаты Сослан. Делегацийы сконды уыдысты Цæгат Ирыстоны фæсивæдон парламенты сæрдар Гаглойты Азæмæт, фæсивæдон парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг Биджелаты Берта æмæ комитетты сæргълæуджытæ.

Хуссарирыстойнаг фарсы ‘рдыгæй фембæлды хайад райстой Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Коцты Игорь, Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон политикæйы фæдыл парламентон комитеты сæрдар Къозонты Алан æмæ РХИ-йы Парламенты депутат Бесаты Зитæ.

Цæгатирыстойнаг делегацийæн салам зæгъгæйæ, Гасситы Петр банысан кодта, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав сæ политикæйы сæйрагдæрыл нымайынц дихгонд Ирыстоны дыууæ хайы адæмы ‘хсæн максималон интеграци.

«Абоны фембæлд дзурæг у уыцы тенденцийыл. Ныфс мæ ис, уый æрмæстдæр райдайæн кæй у, уымæй. Мах дарддæр дæр кæрæдзиимæ æввахс æмархайд кæндзыстæм алы æмæ алы фадгуыты. Мах, парламентаритæ дæр нæхирдыгæй фарс уæзгæ хай хъуамæ бахæссæм Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны баввахс кæныны тыххæй.  Мах иууылдæр тырнæм иу нысанмæ, махæн æнæ баиу нæй гæнæн, уымæй историон рæстдзинад сæндидздзæн, уымæн æмæ дихгонд адæмæн фидæн нæй. Æрмæстдæр иумæ, иу паддзахады фæлгæтты мах бахъахъхъæндзыс-тæм æмæ размæ цæудзыстæм куыд этнос», – банысан кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар.

Гасситы Петр ныфс бавæрдта иумиаг фæсивæдон проектты фарс-хæцынад æмæ реализацийы тых-хæй, æвзонг кадртæ цæттæ кæныны хъуыддаджы фæсивæдон парламент тынг хорз формат схонгæйæ.

«Мах æнæмæнгæй, рахæцдзыстæм фæсивæдон фадыджы цыфæнды проекты фарс дæр. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны фæсивæдæй цас фылдæрæн уа кæрæдзиимæ контакттæ, уыйас нæ иумиаг нысанмæ æввахсдæр уыдзыстæм. Истори фенын кодта уæззау рæс-тæджыты Ирыстоны Цæгат æххуысмæ куыд æрцæуы Хуссармæ, афтæ Хуссар дæр æххуысмæ ацæуы Цæгатмæ. Проблемæтæ скъуыддзаг кæнын æмæ сæвзæргæ æртхъирæнтæн дзуапп дæттын нын иумæ æнцондæр у», – загъта Хуссар Ирыстоны Парламенты спикер Гасситы Петр.

Цæгатирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг Козаты Сослан дæр бузныджы ныхæстæ загъта РХИ-йы Парламенты Сæрдарæн, кæй сæ фæхуыдта æмæ сæ зæрдиагæй кæй райста, уый тыххæй.

«Мах æвæстиатæй сразы стæм дæ фæхуындыл. Мах иу адæм стæм æмæ нæ адих кæныны бар никæмæн ратдзыстæм,  æппæт нæ тыхтæ ратдзыстæм ирон адæмы баиу кæныны тыххæй, уымæй сраст кæндзыстæм историон æнæрастдзинад. Нæ фæсивæд хъуамæ архайой иумæ, кæрæдзийæн амоной сæ фæлтæрддзинад, иумæ рæзой æмæ размæ цæуой æмбæлон нысанмæ», – банысан кодта Цæгат Ирыстоны Парламенты депутат Козаты Сослан.

Йæ рады Цæгат Ирыстоны фæсивæдон парламенты сæрдар фæндон раразмæ кодта Хуссар Ирыстоны фæсивæдон парламент сæндидзын кæныны тыххæй, уымæн æмæ уый у эффективон модель фидæны кадртæ хъомыл æмæ цæттæ кæнынæн. «Фæндит мæ иумиаг проекттыл кусын æмæ сæ реализаци кæнын. Нæ нацийы хъæуы активондæрæй размæ цæуын æмæ баиу уæвын. Афтæ бирæ не стæм, цæмæй дихтæ уæм. Цы нæ иу кæны, ууыл хъуыды хъæуы, цæмæй куыд наци, афтæ нæхи бахъахъхъæнæм ацы тагъд ивæг дунейы», – загъта Гаглойты Азæмæт

Фæсивæдон фадыджы Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны æнгом æмгуысткæнынады фарсхæцыны нысанæн раныхас кодтой Коцты Игорь æмæ Бесаты Зитæ дæр.

Йæ рæстæджы, Хуссар Ирыстоны фæсивæдон парламенты сæргълæууæг Бесаты Зитæйы ныхæстæм гæсгæ, республикæйы фæсивæдон парламентаризм йæхи равдыста хорзæй æмæ ис фæндон, æнгæс структурæ саразыны тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.