17-æм июлы Мæскуыйы Республикæ Хуссар Ирыстоны минæварады Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауырæн фембæлд уыд дунейы  хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы комитеты Сæрдар Константин Косачев æмæ дунеон хъуыддæгты фæдыл Федерацийы Советы комитеты Сæрдары хæдивæг Тотоонты Александримæ.

Ныхасы рæстæджы уынаффæ кодтой, уый размæ Федерацийы Советы фембæлдтыты къухтыбафтгæ Мæскуыйы, имплементацийы контексты уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг æхсæнпарламентон æмгуыстады æмæ социалон-экономикон процессты рæзты фæлгæтты куысты интенсификацийы фарстытæ среализаци кæныны фæдыл сразыдзинæдтыл, кæцытæ æвзæрынц Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй 2015 азы 18-æм марты Бадзырдæй.

Афтæ ма минæвар Гасситы Знауыр фе-хъуысын кодта, Федерацийы Советы ирон культурæйы бонтæ ауадзыны фæдыл фæндæтты æвварс кæй рахæцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, æмæ кæй равдыста йæ цæттæдзинад ацы фарсты фæдыл æмархайдмæ.

Фембæлды хайад райста минæварады уынаффæгæнæг-минæвар Джиоты Æхсар.

УФ-йы РХИ-йы

минæварады сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.