Рæхджы Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр гастролон балцы ацæудзæн æмæ хайад райсдзæн антикон аивады XXIV дунеон фестиваль-конкурс «Боспорские агоны»-ы, зæгъгæ, кæцы уагъд цæудзæнис Хъырымы, горæт Керчы. Фестивалы бонтæ аххæсдзысты 9-æм июнæй 17-æм июнмæ.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры пресс-службæйы нын куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг труппæйы ацы фестивалмæ фæхуыдтой развæлгъау æмæ ныридæгæн сæхи цæттæ кæнынц сæ балцмæ. «Мах ацы фестивалмæ кæй фæхуыдтой, уыцы хъуыддагыл сæмбæлдыстæм стыр æхсызгонæй, уымæн æмæ та радон хатт нæ артисттæ сæ арæхстдзинад равдисдзысты æмæ ирон театры базонгæ кæндзысты Хъырымы сценæмæкæсджытæн. Фестивалы программæ у цымыдисон æмæ хъæздыг сфæлдыстадон мадзæлттæй, йæ хайадисджытæн ма уагъд цæудзысты мастер-класстæ дæр. Фестиваль «Боспорские агоны» йæхимæ æрбахоны тынг бирæ бæстæты, кæцыты æмрæнхъ сты Турк, Греци, Итали, Австри, Казахстан, Украинæ, Сомихстон, Уæрæсе æмæ бирæ æндæр бæстæты. Мах гастролон балцы немæ хæссæм французаг драматург æмæ сценарист Жан Ануйы пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Антигона», кæцы театры сценæйыл фыццаг хатт æвдыст æрцыд 2018 азы. Спектакль «Антигона»-йы режиссер-æвæрæг у нæ театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерлан. Ацы спектаклы Антигонайы роль сæххæст кæндзæн театры артисткæ Бекъойты Зæринæ, Гемоны ролы та –  Цоциты Андрей, æмæ Креоны ролы та хъазы Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон артист Бибылты Сослан. Спектакль «Антигона» у цымыдисон æмæ йын аккаг аргъ скæндзысты Хъырымы театрдзаутæ», – банысан кодтой пресс-службæйы.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.