Рæзгæ фæлтæры царды раст фæндагмæ здахын, семæ профилактикон куыст, фылдæр хатт — психологон куыст кæнын, кæмæ — хъæрныхасæй дзурын, кæуыл — баузæлын — афтæ райдайы, зынхъомылгæнæн æмæ фыдракæнддзинад аразынмæ йæ хъус чи дары, ахæм æнахъомтимæ йе ’рвылбоны куыст горæт Цхинвалы мидхъуыддæгты управленийы Æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы хайады сæргълæууæг булкъон Гатайты Лалийæн.

1935 азы 31 майы, сывæллæтты æнæркаст æмæ æнæхъусдарддзинад скуынæг кæныны фæдыл ист æрцыд уынаффæ, кæцыйы бындурыл арæзт æрцыд милицийы сывæллæтты хатæнтæ. Уæдæй фæстæмæ райдыдта æнахъомты хъуыддæгты дæлхæйтты фæдыл истори æмæ мидхъуыддæгты органтæ ацы бон нысан кæнынц бæрæгбонæй.

Гатайты Лали адæймагады уæздан хайы минæвар — сылгоймаг уæвгæйæ, егъау куыст бакодта æмæ кæны æнæрæстмæ бинонты зынхъомылгæнæн æнахъомты раст фæндагыл слæууын кæныны хъуыддаджы. Йе ‘взонгад снывонд кодта йæ уарзон куыстæн æмæ йæ сæрыстырæй æххæст кæны 27 азы дæргъы йæ уарзон Фыдыбæстæйæн аккаг фидæн хъомыл кæныны ахсджиаг хъуыддаджы. Абон дæр, ныр сæхæдæг хъомылгæнджытæ чи сты, ахæм бирæ æвзонг лæппутæ Лалийыл уынджы куы фембæлынц, уæд ын фæзæгъынц бузныг, æнæуаг фæндагæй сæ кæй фæиппæрд кодта, уый тыххæй.

Ацы ахсджиаг æмæ вазыгджын куысты райдиантæ мысгæйæ, лæджымсæр сылгоймаг дзуры, зæгъгæ, фæивтой царды æргъадтæ æмæ дунембарынад. Æмæ уыцы-иу рæстæг, бинонты æргъадтæ фæстæ куы аззайынц, уæд зынхъомылгæнæн æнахъомтæ фæфылдæр вæййынц. Проблемæтæ æцæгæлон нæ вæййынц, афтæ æнамонддзинæдтæ дæр. Нæ зæрдыл хъуамæ дарæм уый, æмæ гæнæн ис, уыцы пробле-мæтæ сомбон мах дæр бавзарæм.

Статистикæ æмæ управленийы архайд

Гатайты Лали нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ Æнахъомты хъуыддæгты фæдыл хайады хыгъды ныртæккæ ис 15 æнахъомы, 23 та — æнæуаг бинонтæ. Статистикæмæ гæсгæ æнæуаг бинонтæ фæфылдæр сты. Ныртæккæйы уавæр алкæуыл дæр бандæвта, фæлæ уый нæ нысан кæны, æмæ нæ царды уагмæ ма кæсæм. Хыгъды цы бинонтæ ис, уыдонæй бирæтæ нæ кусынц, сæ сывæллæттæ æххормаг сты кæнæ — дзаумайæ ифтонг, уымæ бынтондæр сæ хъус нæ дарынц. Уымæ гæсгæ Æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекци архайы, цæмæй сын сæ сывæллæтты интернатмæ, науæд сывæллæтты цæхæрадæттæм бакæна, уым рæстæгыл хæлцæй ифтонг кæй уыдзысты, уый тыххæй.

Уымæй дарддæр ма управлени амал кæны фæрæзтæ, кæцытæй æххуыс кæнынц æвæрæз бинонтæн.

Гатайты чызг нын куыд дзырдта, уымæ гæсгæ карантины рæстæджы бæрæг цыдысты ацы бинонты цардуагон уавæртæ: «Арæзт æрцыдысты номхыгъдтæ æмæ сæ бавдыстам министрадмæ. Æмæ сын Хицауады ‘рдыгæй æрцыд иттæг хорз æххуыс фыццаг æнæмæнгхъæуæг продуктты хуызы. Уыцы æххуыс фæлхатт æрцыд уый фæстæ дæр.

Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр царды домындзинæдтæ æмæ кæстæрты раз бæрндзинад хæсджын кæны алы æвзонг хъомылгæнæджы дæр, цæмæй йæ кæстæры хæрзиуæгон царды нысанæн æппæт дæр араза».

Æнахъом фыдгæнджытæ

Ныртæккæ инфекцион низ рапарахат кæнын ма бауадзыны нысанæн нæ республикæйы территорийыл нæ архайынц бирæ уагдæттæ, уыцы нымæцы ахуырадон æмæ скъолайы агъоммæ уагдæттæ. Сывæллон скъоламæ нæ цæуы, уый нæ нысан кæны, æмæ райсомæй изæрмæ уынгты дзæлгъæды рахау-бахау кæна. Уыцы бæрндзинадæй бирæ ныййарджытæ сæхи ссæрибар кодтой.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, ис нæм, фыдракæндтæ саразыны фæстиуæгæн хайадмæ кæй æрбакæнæм, ахæмтæ. Ацы ран стыр бæрндзинад ис ныййарджытыл.

Изæры 10-11 сахатыл дæ æнахъом сывæллон хæдзары куынæ уа, уæд уый хорз хъомылгæнæджы нысан нæу. Алы ныййарæг дæр хъуамæ архайа æмæ раст фæткойтыл цайдагъ кæна йæ кæстæры, нырма йæхи хæрзиуæгæн, стæй та йæ радтæг адæм æмæ Фыдыбæстæйы кадæн. „Уæгъдидон“ йæхи куы æнкъары æнахъом, уæд фыракæндтæ аразыны ’рдæм ахæцы æмæ бархалæн цаутæм дæр йæ хъус адары.

Ныртæккæ бæрæг фылдæр хынцыд цæуы чысыл фыдракæндон цаутæ, уымæн æмæ скъолайæ дæр сæрибар сты æмæ бинонтæй дæр. Ныййарджытимæ ныхасгæнгæйæ сæ ныхас вæййы: „Нæ мæм хъусы“. Ныййарæг йæхи дæлæмæ куыд хъуамæ æрныллæг кæна йæ сывæллоны раз æмæ ахæм æнгæс ныхæстæ дзура? Уымæй аразæн ис ахæм хатдзæг, æмæ хистæртæ сæхæдæг сæ кæстæртæй тыхджындæр рæдийынц — фылдæр интернеты тыгъдады æрвитынц сæ рæстæг, науæд искуы абадой, ууыл хъуыды кæнынц. Ахæм ныййарджыты куыдфæндыйы ахастæн хорз фæстиуæг нæй.

Ис ахæм цаутæ дæр æнахъомты ‘хсæн, æмæ амал кæнынц машинæтæ. Уый фæстиуæгæн арæзт æрцæуы бархалæн цаутæ. Ныййарджыты куы фæрсæм, уæд сæ дзуапп вæййы: „Æз ницы зыдтон“. Йæ хæдзары цы цæуы, уый чи нæ зоны, уымæй цы бадомæм. Науæд сæм уыйбæрц фæрæзтæ кæцæй ис, æмæ æнæ æнæмæнгхъæуæг документтæй машинæ куыд скъæрынц. Сывæллон куы ницы пайдайы хъуыддагмæ цымыдис кæна, уæд æндæр хъуыддæгтæм дары йæ хъус. Инспектортæ ма сæ куысты арæх æмбæлынц æнахъомтыл нозтджын дæр», — дзырдта Лали.

Къæрныхдзинады идеологийæн махмæ нæй бынат

Æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийæн ныртæккæ йæ бон нæу профилактикон мадзæлттæ ауадзын. Уый тынг æндавы дунейы къæрныхдзинады идеологи æмæ æмба-рынæдтыл дзурæг хъæзтытыл. Æнахъомты хъуыддæгты фæдыл хайады сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, тох кодтой æмæ кæндзысты ахæм фæзындты ныхмæ. Уымæн æмæ бафæлвæрдтытæ уыд ахæм хъæзтытæй нæ республикæйы дæр спайда кæнынмæ. Фæлæ уыцы идеологийæн бынат нæ уыдзæн нæ бæстæйы, фадат ын нæ ратдзысты йæ апарахат кæнынæн.

Проблемæтæ ис æмæ уыдзæнис

Æнахъомты хъуыддæгты фæдыл хайады куысты уавæртæ бонæй бонмæ хуыздæр кæнынц, ис сын сæхи транспорт æмæ уый руаджы сæ куыст никуы æрлæууыд. Хайады ис 6 адæймаджы. Куысты проблемæтæ дæр ис, æмæ уыдзæнис, фæлæ уыдонæн се ’ппæтæн дæр ис æрбæстонгæнæн. Хайады сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, бæстæйы къухдариуæгады ‘рдыгæй кæдфæндыдæр æнкъарынц æххуыс æмæ æмбаргæ ахаст.

«Æнахъомтимæ ныхас кæнын хъæуы, æмбарын кæнын сын хъæуы, хорз æмæ æвзæр цы у. Бинонты хъарм ахаст, æмбарындзинад сты сæйраг алы бинонты проблемæтæ бæстон кæнынмæ ахасты. Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ бирæ ныййарджытæ сæхи иуварс кæнынц уыцы хæрзиуæгон хъуыддагæй. Уымæ гæсгæ æнахъомты æппæт проблемæтæ, фыццаджыдæр, рацæуынц бинонты ‘хсæнæй», — банысан кодта Гатайты чызг.

Уавæрæй пайдагæнгæйæ, ноджыдæр æрсидт ныййарджытæм, куыдфæндыйы цæстæй æмæ æбæрнон ахаст ма дарой сæ сывæллæттæм, фæлæ сын сæ архайд бæрæг кæной æмæ фылдæр ныхас кæной семæ.

Арфæтæ — бæрæгбоны цытæн

Гатайты Лали сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн йæ коллегæтæн йæ цæст бауарзта тыхтæ, быхсындзинад æмæ æнæниздзинад.

“Сывæллæттæ æнкъарынц æмæ æмбарынц хъавгæ ахаст, æмбæлон хъусдард, аргъ кæнын. Уымæ гæсгæ махæй алчидæр хъуамæ уарза йæ куыст æмæ йын аргъ кæна”,- банысан кодта йæ ныхасы кæрон Лали.

Къæбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.