Абон Ирыстоны дзыллӕттӕ, ирон мыхуыры дзырд зынаргъ ӕмæ адджын кӕмӕн у, уыдонӕн се ‘ппӕтӕн дӕр у бӕрӕгбон. О, хъулон уарзтӕй уарзынц «Хурзӕрин»-ы газет ӕмӕ уый афтӕ дӕр хьуамӕ уа, уымӕн ӕмӕ ирон фӕллойгӕнӕг дзыллӕтӕм 90 азы хӕццӕ кӕны фарны хабӕрттӕ, тавы сын сӕ зӕрдӕтӕ, рухс сӕм дары ӕмӕ уынынц сӕ развӕндаг. «Хурзӕрин» йӕ фӕзындӕй фӕстӕмӕ ӕнгом ӕрбалӕууыд йӕ радтӕг адӕмы фарсмӕ ӕмӕ сын цӕстуарзонӕй ӕмӕ лӕмбынӕг ӕвдисы сӕ цинтӕ ӕмӕ мӕстытӕ, ӕнтыстытӕ ӕмӕ къуыхцытӕ. Фидар хӕцы ирондзинадыл ӕмӕ архайы, цӕмӕй рӕза ӕмӕ фидар кӕна нӕ фыдӕлты рӕсугъд ӕмӕ нӕргӕ ӕвзаг, уӕндон ӕмӕ ныфсджынӕй цӕуа размӕ ӕмӕ ӕнустӕм уырдыг лӕууа йӕ радтӕг адӕмӕн.

Сӕ ном мысинагӕй баззад, райдианы газет рауадзыныл чи батыхст, бафыдӕбон кодта, Ирыстоны уыцы номдзыд ӕмӕ куырыхон адӕймӕгтӕн. Уыдон ӕмбӕрстой, газет рухсмӕ рауадзын ӕнӕмӕнг хъуыддаг кӕй у, йе стыр  нысаниуӕг. Ӕмӕ нӕ фӕрӕдыдысты – газеткӕсджытӕ йыл сӕмбӕлдысты цины ӕнкъарӕнтимӕ, йӕ алы номыр дӕр сын цины бӕрӕгбоны хуызӕн уымӕн уыд. Кӕй зӕгьын ӕй хъӕуы, ӕнцонтӕй ницы рӕзы, уӕлдайдӕр та райдианы. Сӕ разы дзӕвгар ныхдуртӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕ уыд, фӕлӕ йӕ зыдтой, Ирыстон ӕмӕ сӕ иубӕстон адӕмӕн цы хорздзинад аразынмӕ хъавынц, уый ӕмӕ йыл бацархайдтой сӕ тыхтыл ӕнауӕрдгӕйӕ.

Ӕрӕджы мӕ цӕст хастон, ӕфснайдӕй мӕм чи сты, газетты уыцы ӕрмӕджытыл. 1968 азы 11 сентябрь! Номыр нысан кодта йӕ 10 мин номыры рацыды бӕрӕгбон. Ам газеткӕсджытӕ цымыдисӕй зонгӕ кӕнынц, «Хурзӕрин» цы зын ӕмӕ дӕрзӕг фӕндӕгтыл рацыд, стӕй йӕ редактортӕ ӕмӕ кусджыты хъӕппӕрисон архайдимӕ. Уый фӕдыл йӕ уацы фыссы Дзуццаты Д. «Хурзӕрин» фыццаг азты кӕд цыд къуыри иу хатт, уӕд 1930-ӕм азӕй та сси ӕртӕбонон, 1932 азӕй фӕстӕмӕ та къуыри цыд фондз хатты. 1924 азы газеты тираж уыд 200 экземпляры, 1928 азы -1000, 1930 азы -1500. 1932 азы-3000 ӕмӕ 1933 азы та – 3400 экземпляры. Йӕ уацхӕсджытӕ 1924  азы уыдысты 20,1927 азы -50,1929 азы -120,1932 азы – 240 ӕмӕ 1933 азы та -310. Къаддӕр цымыдис не ‘взӕрын кӕны поэт Харебаты Леониды уац «Куыд райгуыры газет», зӕгъгӕ, уый дӕр ӕмӕ дзы дзуры, уацтӕ цы хайадтыл æрзилынц, стæй газет типографы куыд райгуыры, уыдæтты фæдыл.

Ирон газеты нысаниуӕджы тыххӕй фыссы Гафез йӕ уац «Газет ӕмӕ фыссӕг», стӕй сӕ арфӕтӕ ӕрвитынц фысджытӕ Мӕргъиты Къоста, Цоциты Резо, Галуанты Нинӕ, Джиоты Дауыт, Гаглойты Владимир, Советон Цӕдисы дыууӕ хатты Хъайтар Плиты Иссӕ, аразӕг Къудухты Хъазбег, механикон заводы кусӕг Тедеты С. ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Газет уыд ӕмӕ у, Ирыстоны цы цаутӕ цӕуы, уыдон ӕв-дисӕг ӕмӕ азфыссӕг, бӕстон ӕвдыста ӕмӕ абон дӕр йӕ фӕрстыл цӕстуарзонӕй дзуры, хъӕууон хӕдзарад, культурӕ ӕмӕ аивады цы ӕнтыстытӕ вӕййы, уыдоныл. Зӕгъӕм, 1928 азы 8 марты фыста, зӕгъгӕ, «Холт» трактортӕй ныртӕккӕ махмӕ ис дыууӕ. Уавӕр хуыздӕрӕрдӕм фӕивта фӕстӕдӕр, уый бӕрӕг у, 1968 азы Хуссар Ирыстоны колхозтӕн кӕй уыд 257 тракторы. Уымӕ ма бафтауӕм областы ӕхсӕз совхозы трактортӕ, уӕд та сӕ иумӕйаг нымӕц уыд 392. Ӕндӕр уацы газет фыста, Хуссар Ирыстоны кӕй уыд 8 кӕсӕндоны, 7 радиойы, иу-къуырион газет «Хурзӕрин» ӕмӕ иу мӕйон журнал «Фидиуӕг». Нӕ газетӕн бирӕ кӕсджытӕ уыд, хӕццӕ кодта Мӕскуы, Ленинград, Горький, Белгород, Орджоникидзе, Ташкент, Ереван, Архангельск, Волгоград, Курган, Тбилис, Сухум, Бако, Минск, Киев, Фрунзе, Кишинев ӕмӕ Норильскмӕ.

Уӕдӕ дарддӕр дӕр йӕ фӕндӕгтӕ уӕрӕх уӕд ӕмӕ дзыллӕтӕм ӕдзухдӕр фарны хабӕрттӕ хӕссӕд!

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.