Газет «Хурзæрин»-ы коллектив зæрдæбынæй арфæ кæны нæ горæты 11-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæн сæ директор Собаты Юзæ Григорийы чызджы сæргълæудæй, хæрзаудæн акцийы активон хайад кæй райстой, уый фæдыл.

Афтæ ма газеты коллектив стыр райгондæй баззадысты газет «Республика»-йы коллегæтæй Коцты Андрейы сæргълæудæй, акцимæ зынгæ хайбавæрд кæй бахастой, уый тыххæй.

Иумæйагæй газет «Хурзæрин»-ы коллектив бузныг зæгъы, хæрзаудæн акцимæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ ракаст æмæ йæ хайбавæрд чи бахаста, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. Æххысхъом ут, алыхатт дæр æмæ æнæнизæй бирæ фæцæрут!

Уыимæ хъусын кæнæм: газет «Хурзæрин»-ы редакцийы хæрзаудæн акци дарддæр кæны, табуафси, Украинæйы уагъдцæуæг сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæг ирон хæстонтæн баххуыс кæнын кæй фæнды, уыдон се ‘ххуысы хай бакæнæд.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.