Фæзæгъынц, зæгъгæ, дæ сыхагæй дæр амонд хъуамæ уа. Раст у, хорз сыхагæй хуыздæр цы ис. Æмбисонд афтæ куы у, хорз хионæй хорз сыхаг хуыздæр у, зæгъгæ. Фæлæ цæмæдæр гæсгæ Стыр хуыцау ирон адæмæн куыд цæгаты, афтæ хуссары дæр схай кодта мæнгард, æлгъаг æмæ тугмондаг сыхæгты. Ау, цы ракодтой хуссарирыстойнаг адæм æмæ  сæ цъаммар сыхæгты аххосæй иу æнусы дæргъы цалдæр геноциды бавзарой?

Цымæ гуырдзиаг фыдгæнджытæ ирон адæмæн цас æбуалгъы фыдæбæттæ бавзарын кодтой, уыдон сын Стыр Хуыцау куыд ныппæрста. О, цас æнæаххос æмæ цардбæллон æвзонг удтæ бабын сты тугмондаг сыхæгты аххосæй. О, цас зиæнттæ æрхастой ирон адæмæн нæ цæрæнбонты цыфыддæр знæгтæ!

Æрмæст 20-азты геноциды рæстæджы цаутыл нæ цæст куы ахæссæм, уæд сæрыхъуынтæ барц слæууынц. Ау, мады гуыбы-нæй чи рацыд, уый сывæрджын сылгоймаджы гуыбын кардæй куыд  хъуамæ алыг кæна Ау, мады гуыбынæй чи рацыд, уый сабимæ йæ марæн кард куыд хъуамæ сиса?! Фæлæ уыдон дыкъахыг сырдтæй æвзæрдæр сты. 20 азы хуссарирыстойнаг цæрджыты гуырдзиаг фашисттæ Цæгат Ирыстонмæ куы фæсырдтой, уæд лигъдæттæ фæндæгтыл цы стыр зындзинæдтæ бавзæрстой, уыдон æнæбауырнинаг цауты хуызæн сты. Бирæ хатт адæймагмæ фантастикон тæссаг кинонывты цæуæг цауты хуызæн фæкæсынц. Хъæбулуарзаг мад фыртыхстæй йæ иннæ хъæбулты аирвæзыны сæраппонд йæ дзидзидай сабийы къутæрты бын цæмæй ныууадза, уымæн стыр аххосæгтæ уыд… Æмæ ахæм цаутæ та цъус нæ уыдысты. 20 азы ирон адæмы ныхмæ гуырдзыйы геноциды тыххæй факттæ агургæйæ, мын цалдæрæй радзырдтой сæ дадатæ æмæ нанатæ-иу сæ дзидзидай сабиты къутæрты бын кæй ныууагътой, уый тыххæй!

Абон уын мæ уацы цы дзæнæты бадинаг адæймаджы кой ракæнынмæ хъавын, уый йæ цæргæ-цæрæнбонтæ гуырдзыйы аххосæй арвыста инвалидæй. Багаты Тедойы нæ горæты  цæрджытæй  бирæтæ хъуыды кæндзысты, бирæтæ йемæ зонгæ дæр уыдаиккой. Фæлæ уал райдианы сæрæй. Багаты хъæуккæгтæ Багаты Иван æмæ йæ цардæмбал Цъæритты Сонайæн уыд 11 сывæллоны. Уыдонæй сын сæрæгасæй  баззадысты 4 сывæллоны – дыууæ чызджы æмæ дыууæ лæппуйы, иннæтæ чысылтæй фæхъуыдысты æндæр æмæ æндæр аххосæгтæм гæсгæ. 20 азы гуырдзы Хуссар Ирыстоны зæххыл туджы зæйтæ куы рауагътой, ирон хъæуты цъыбырттысыгъд куы бакодтой, уæд Иван æмæ йæ цардæмбал Сона дæр се ‘ртæ сывæллонимæ (уæд  сын  3 сывæллоны йеддæмæ нал уыд, цыппæрæм хъæбул сын райгуырд уый фæстæ) лидзинаг фесты цæгатмæ. Бинонтæ фæндагыл ахæм зындзинæдты бахаудтой хæхты сæрты цæугæйæ, æмæ сæ бахъуыд сæ кæстæр хъæбул, 9-10-мæйдзыд Тедойы хæцъилты тыхтæй къутæрты бын ныууадзыны сæр. Фæлæ иудзæвгар куы ауадысты, уæд сæ хистæр чызг Маруса йæ кæуынæй нал æнцад, нал сын куымдта цæуын, зæгъгæ, аздæхæм æмæ рахæссæм сывæллоны, науæд, зæгъ, æз дæр нал ацæудзынæн, мæ дзидзидай æфсымæры цур, дам, æрлæудзынæн æмæ нæ, уадз, æмæ бирæгътæ иумæ бахæрæт. Цы гæнæн ма сын уыд Иван æмæ Сонайæн. Раздæхтысты фæстæмæ æмæ сæ хъæбулы рахастой. Фæлæ хæхты цыфæнды тæвд бонты дæр уазал вæййы, сывæллон суазал æмæ тынг фæрынчын, йæ хъустæ бахъыгдард сты.

Багаты Иваны бинонтæ бирæ нæ бафæстиат сты цæгаты, фæстæмæ æрæздæхтысты сæ фыды уæзæгмæ, фæлæ сæ хæдзары æрæййæфтой æрдæгсыгъдтытæй, сæ мулк сын адавдтой. Дыууæ цардæмбалы амæлттæ кодтой æмæ сæ хъæбулты раст фæндагыл æфтыдтой. 11-мæйдзыд Тедойæн фæндагыл йæ хъустæ кæй суазал сты, уый фæстиуæгæн рæстмæ нал хъуыста, æппынæдзух рынчынтæ хаста. Бæргæ йæ рахæсс-бахæсс кодтой йæ ныййарджытæ алы рæттæм куыд сæ бон уыд, афтæ, фæлæ йын дохтырты бон дæр ницыуал бацис. Стæй уыцы рæстæджы адæмæн сæ авналæнтæ дæр цыбырдæр уыдысты æмæ афтæмæй цæрæнбонтæм баззад инвалидæй.

Тедо ахуырмæ разынд æвзыгъд. Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Дзæуджыхъæуы уæлдæр ахуыргæнæндæттæй сæ иумæ, фæлæ йын климат кæй нæ рабæззыд уымæ гæсгæ йæ бахъуыд фæстæмæ хуссармæ æрæздæхын. Бацыд ХИПИ-йы ирон-уырыссаг факультетмæ æмæ йæ каст фæцис æнтыстджынæй. Йæхицæн цардæмбалæн æркодта Дыгъуызты Мерийы, кæцы бирæ азты дæргъы куыста Облæххæсткомы юстицийы хайады ревизорбухгалтерæй. Зæнæгæй сын рацыд иу чызг – Багаты Лианæ, кæцы кусы нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы математикæйы ахуыргæнæгæй. Уый дæр йæ ныййарджытау у цæсгомджын æмæ хорз адæймаг. Уæлдæр ахуырад райсыны фæстæ Багаты Тедо куыста алыгъуызон бæрнон бынæтты. Куыста Хуссар Ирыстоны партийы райкомы организацион хайады инструкторæй. Уыцы иу-рæстæджы ма уыд Тамарашены совхозы парткомы секретарь дæр.

Багаты Тедойы хорз хъуыды кæны ацы уацы автор дæр. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ Тедо уыд ирон мыхуыры хæлар. Уыимæ-иу æй партийы райкомы кусгæйæ, арæх бахъуыд йæ куысты фæдыл газет «Советон Ирыстон»-ы уацтæ ныммыхуыр кæнын. Бахъуыды йæ кодтон уæздан æмæ хиуылхæцгæ адæймагæй. Абоны онг дæр йæ фæлгондз мæ цæстыты раз слæууы. Бæрзонд нæлгоймаг цыд костюмты, дардта цилиндр. Редакцийы коллективæн-иу йæ фенд уыд тынг æхсызгон, алчидæр-иу ыл бацин кодта æввахс хионау. Газеты кусджытæ-иу йемæ ныхас кæнгæйæ, дзырдтой хъæрæй, рæстмæ кæй нæ хъуыста, уымæ гæсгæ. Фæлæ уæд  æнхъæлдтон, зæгъын, гуырцæй рахаста сахъатдзинад æмæ-иу ын мæхимидæг батæригъæд кодтон. Уæд  хъуыды дæр нæ акодтаин гуырдзыйы аххосæй кæй баззад инвалидæй, ууыл. Стæй дæр уæд, ома, Советон Цæдисы рæстæджы геноциды цаутыл фыссыны нæ, фæлæ дзуырыны бар  дæр никæмæн уыд.

Тедойы чи зыдта, уыдон æй иууылдæр бахъуыды кодтой зæрдæхæлар æмæ куырыхон адæймагæй. Уыцы рæстæджы партийы райкомы 3-аг секретарæй куыста Остъаты Мадинæ, кæцы хорз зонгæ уыд Багайы фыртимæ. «Тедо Иваны фырт уыд диссаджы хæларзæрдæ æмæ уæздан адæймаг. Гуымир ныхас дзы никуы ничи фехъуыста. Кæстæртæн уыд зондамонæг, хистæртæн хорз хæлар æмæ коллегæ. Æз æй партийы райкомы кусгæйæ баййæфтон. Уый уайтагъд мæ фарсмæ æрбалæууыд æмæ-иу мын  цæстуарзонæй бацамыдта йæ куысты фæлтæрддзинады сусæгдзинæдтæ. Цæвиттойнаг æмæ хиуылхæцгæ адæймаг уыд, йæ коллегæтæ йын иууылдæр тынг кад кодтой», – радзырдта Остъаты Мадинæ.

Мадинæйы ныхæстæм гæсгæ кæд уый Тедоимæ цалдæр азы иумæ фæкуыстой, уæддæр æй нæ зыдта, уæсхъус  гуырдзыйы аххосæй кæй уыд, уый тыххæй. Афтæ, зæгъ,  уыцы хабары тыххæй ничи зыдта коллективæй дæр.

Багаты Тедо цардæй ахицæн 1999 азы августы мæйы.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.