Царды цалх, дам, тæригъæд никæмæн  фæкæны фæзæгъынц, бирæтыл, раст уа æви зылын, æппæт йæ уæзæй атулы æмæ сæ æнауæрдонæй йæ быны аууæрды. Гъе, ахæм хъысмæты азар басыгъта  Хуссар Иры адæмы дæр уыцы  уæззау æмæ тугкалæн 20-æм азты. Цы аххосджын уыдысты  ирон адæм  гуырдзиаг  фашистты раз, æви гыццыл наци кæй уыдысты уый тыххæй сын æрхъавыдысты сæ уидаг сыскъуынынмæ. Фæлæ,  æвæццæгæн, йæ сæйраг аххосаг  уый мидæг уыд æмæ Хуссар Иры кæй бафæндыд  Уырысимæ æнгомæй цæрын.

Гуырдзы ирон адæмыл куы рахæтыдысты, геноцид сын куы расидтысты  уæд мæ фыды мад Медойты Верæ Бæдийы (Иван)  чызгыл цыдаид 8-9 азы, фæлæ уыцы уæззау  æмæ фыдæбойнаг бонтæ тынг хорз бахъуыды кодта, арæх-иу сæ радзырдта.

Медойты  Бæди (Иван) æмæ Кокойты Настийæн уыд фондз сывæллоны. Медойтæ фыдæй фыртмæ кодтой куырды куыст.  Уый фæстæ Бæдийæн ацы куыст тынг фæпайда йæ революцион архайды, арæзта нæмгуытæ, цалцæг кодта хæцæнгæрзтæ. Бæди 1905 азæй фæстæмæ уыд растадонтимæ, бинонты цардмæ йæ кæд æвдæлд. Сывæллæттæ  уыдысты сæ мад Кокион æмæ зæрæдты  æвджид.

 Ӕрбабырстой гуырдзыйы меньшевиктæ Ирыстоны зæххмæ, ницæуыл ауæрстой,  куыд цыдысты афтæ хъæутыл æндзæрстой арт,  мардтой кæй æййæфтой уыдон, ластой сын сæ фæллæйттæ. Сæ чъизи, тугæйдзаг къухтæй  басыгътой Дзауы комы дæр. Сыстадысты ирон адæм сæ хъарм артдзæсттæй æмæ лыгъдысты  Цæгат Ирыстонмæ.  Уыцы уæззау æмæ дард фæндæгтыл дæр дзы бирæ фæмард. Чи дзы ныххæццæ, уыдоныл дæр хуыздæр бон нæ уыд уым дæр.

Дзриайы хъæумæ дæр æрбайхъуыстысты  гуырдзыйы меньшевикты сырдон миты хабар.  “Фæди-и -ис! Фæди-и-ис!” –  хъæргæнгæ уæлбæхæй алы хæдзармæ дæр сиды дзриайаг лæппу Котолиты Андо, хъæр кæны йæ хъæлæсы дзаг, – Ирыстон цъæх арты бын судзы… Рæвдздæр ут, лидзгæ  ут! Сабиты, зæрæдты тагъд акæнут ардыгæй. Джугъелийы гвардионтæ алырдыгæй арт æфтауынц Ирыстоныл, цæгъдынц адæмы.  «Сæ ныхмæ бæргæ тохы æрлæууыдысты  Санахъоты Матейы сæргълæудæй  фæлæ, дам, уыцы Джугъелийы æфсад хæцæнгарзæй тынг цæттæ сты,  æфсад дæр сæм  бирæ ис.  «Хъæу уыд тыхст уавæры. Тагъд бæргæ кæнынц фæлæ сыл цыма  ризæг бахæцыд,  уыйау сæ къухмæ цы мигæнæн райсынц  уый та зæхмæ асхъиуы, йæ гуыпп фæцæуы. Зæрæдты богъ-богъ, сывæллæтты цъæххаст, фосы æмбу, æмтгæй нæ хъæуы зæрдæхалæн  хъыллист хуыцаумæ хъуыст. Мæ бинонтæ дæр лидзынвæнд скодтой, фæлæ кæдæм, чи дæм æнхъæлмæ кæсы, уымæн ницы æмбаргæйæ, фæлæ дыл æндæр бон куы нæ уа, уæд цы фæуай, –  дзырдта Вера. 

“Мæ фыд хæдзары никуы уыд, кæддæр-иу иу хатт фæзынд  йе  ̀мбæлттимæ, тагъд-тагъд-иу сæхицæн хæринаг авæрдтой сæ дзæкъулты æмæ та – цæугæ. Хæдзары мæ фыды фыд Никъо  галтæ ифтындзы,  мæ фыдыхотæ бæхтыл сæргътæ æвæрынц.  Цы хæссинæгты муртæ нæм уыд, уыдон бæхтыл сывæрдтой.  Мæ дадайы фыд  Джибо зæронд лæг уыд,  йæ бон цæуын нал уыд, æмæ йæ уæрдоныл æрхуыссын кодтой. Мах дæр нæ мадимæ  фондзæй уым сбадтыстæм. Нæ кæстæр хо Марусайыл  мæйтæ цыд æмæ мæ  мады хъæбысы уыд.  Хъæу растадысты æмæ кæмæн куыд йæ бон уыд,  афтæ архайдтой рæвдз цæуыныл.  Дзырдтой, зæгъгæ,  нæ хъæуы хæцынхъом  чи уыд – мæ фыд дæр семæ –  уыдон растадонтимæ  гуырдзыйы гвардионты ныхмæ тох кæнынц. Рараст стæм хъæуæй. Лигъдæттимæ чи цыд растадонтæй, уыдон адæмы тагъд тагъд кæнынц цæмæй нæ гуырдзыйы лæгмартæ ма æрбаййафой. Уыцы дард æмæ уæззау фæндагыл куыд цыдыстæм, уый бирæ дзуринаг у. Æфцæгыл куы цыдыстæм уæд мæ мад афынæй æви уæрдон дуртыл сгæпп кодта,  уый нал хъуыды кæнын, фæлæ сывæллон мæ мады хъæбысæй рахауд æмæ уæрдоны бын фæци. Мæ мад нырдиаг кодта, мæ сывæллон фесæфт, зæгъгæ. Галты æрурæдтой æмæ  мæ фыды фыд æмæ мæ фыды хотæ бæхтæй æргæппытæ кодтой, балыгъдысты, æмæ мæнæ диссаг. Хуыцау дæ куынæ сафа, уæд дурты бын дæр аирвæздзынæ. Маруса дурты  ̀хсæн ныххауд, дуртыл уæрдон атылд æмæ йын ницы разиан кодта. Нæ цинæн  ма кæрон кæм уыд.  Нæ цыды кой та кæнæм  дарддæр.

Бынатмæ куы ныццыдыстæм, уæд алы рæтты – лигъдон адæмæй йедзаг. Мах дæр нæ хъæуккæгтимæ сæ фарсмæ æрбынат кодтам. Уазал, æххормаг лигъдон адæм фыдæбонæй мардысты æцæгæлон бæстæйы. Чи нæ мæт кодта. Мæ дадайæн цы дыууæ  галы уыд, уыдонæй фыццаг сæ иуы аргæвста,  стæй та – иннæйы æмæ цалынмæ уыдон хордтам, уæдмæ нын ницы уыд. Тынг уæззау уавæрты цардыстæм Цæгат Ирыстоны. Дадайæн йæ фыд дæр фæзиан, ахæм бон нæ уыд æмæ дзы мачи амардаид.

Нæ мæгуырдзинæдтæ нын фаг нæ уыдысты æмæ ма нæм абырджытæ дæр сахуыр сты, саууынгæджы сæ уыдыстæм. Цы бæхтæ нæм  уыд, уыдон нын раджы адавтой. Иу æхсæв та нæм фæзындысты, мах, сывæллæттæ, уæрдоны бын бамбæхстыстæм æмæ æнхъæлмæ кастыстæм, цы уыдзæн дарддæр.  Абырджытæ зылдысты, æмæ сæ зæрдæмæ цы цыд, уыдон тагъд-тагъд уыгътой.

Уæд партизантæм чидæр фæбæрæг кодта, æмæ уайтагъд æрбацыдысты гæрæхтæгæнгæ. Мæ фыд Бæди дæр – семæ. Асырдтой сæ фæстейæ  æмæ сæ æрцахстой, талынджы дзы чидæртæ аирвæзт, фæлæ иннæты æрбакодтой. Цы адавтой, уыдон  растадонтæ  фæстæмæ семæ æрбахастой, æмæ сæ сæ хицæуттæн радтой. Махæн дæр нæ хордзенты æрбахаста нæ фыд.  Тынг нæ фæндыд, искуы нæ фыд иу æхсæв немæ куы сбон кодтаид, фæлæ, дам, мын уыцы уавæр нæй, горæтæй, хъæуæй абырджытæй йедзаг у æмæ семæ тох хъæуы, зæгъгæ, æмæ уайтагъд ацыдысты.  Уæд ма йæ федтам фæстаг хатт.

Уæд Дзæуджыхъæуы хицауад уынаффæ рахаста, цæмæй Хуссар Иры лигъдон адæмы хъæдгæрæттæм арвитой æмæ сæ уым æрцæрын кæной – Сунжæмæ, Къодахджынмæ, Бирæгъзæнгмæ  æмæ æндæр рæттæм. Ацы бынæтты адæм æрвыстой тæригъæддаг бонтæ,  скъуыдысты æххормæгтæй, низтæй. Ахæм тугтæригъæддаг бонтæ æрвыстам  ницы аххосагæй, æгæрыстæмæй ма ныл тиф дæр сыстад. Адæм бындзыты цагъд кодтой.  Мæрдты стыр уæрмытæ къахтой, æмæ сæ уым ныгæдтой. Бирæтæ дзы æнæхъæн бинонты дæр фесæфтой. Иу бинонтæй ма баззад фыд – фарастæй сæ бавæрдта иу ингæны йæхи къухæй, æмæ мæгуырæг уыцы  ингæны цур дзынæзта æхсæвæй-бонæй.

Мах дæр фæрынчынтæ стæм, кæй зæгъын æй хъæуы, æрмæст мæныл нæ бахæцыд. Мæ дада Никъо-иу цыдæр кæрдæджытæ гом фæрсаггондæй æрбаппæрста æмæ-иу мæм фæдзырдта,  цæмæй сын-иу ацы кæрдæджытæй бахæрын кодтаин нæ рынчынтæн. Ӕз сывæллон уыдтæн æмæ цы ‘мбæрстон, ацы кæрдæджытæ  нын цæмæн хæрын кодта дада, æмæ-иу æм æз дæр ахъæр кодтон: “Мæн кæрдæджытæ нæ хъæуы, мæн кæрдзын хъæуы”. 

Фæззæг æрбалæууыд. Чи ма дзы аирвæзт лигъдон адæмæй, уыдон фæстæмæ хуссармæ лидзынвæнд скодтой, цалынмæ ма хъарм бонтæ кодта, уæдмæ. Цыдысты улæфгæ-улæфгæ, кæрæдзи фæрцы, фæлæ сæм цы æнхъæлмæ каст ам дæр, райгуырæн бынат адджын у, куыд фæнды ма уа. 

Нæ фыд  Бæди  зынæг нæ уыд. Мæ дада  куыд дзырдта, уымæ гæсгæ растадонтæн сæ фылдæр хай æрвыст æрцыд Бургъустаны тохмæ. Нæ зонын, удæгас дæр ма у мæ лæппу.  Мæн тых нал ис, цæмæй уæ дардзынæн? Зымæджы къæсæрыл – фондз æнахъом сывæллоны… Фæлæ  зæххыл æвзæр адæм куыд ис, афтæ дзы хорз адæмтæ дæр разыны.  Иу бон нæ  иу дыгурон лæг йæ уæрдоныл сывæрдта æмæ нæ хæхты ‘рдæм аласта. Ӕнæхъæн зымæг сæм баззадыстæм. Ницы нын хæлæг кодта, сæхæдæг цы хордтой, мах дæр – уый. Уалдзæг дæр æрбалæууыд, дадайæн йæ ныфс нæ саст æмæ-иу афтæ фæкодта, кæд мæ лæппу удæгас у, уæд нæ ссардзæн. Дада-иу хъарм бонты  рахызт æдтæмæ, бырцы сæрмæ-иу æрбадт, æмæ-иу нымдзаст ис, цы къæдз-мæдз фæндаг нæм цыд, уырдæм.

Мæ фыд уый фæстæ дзырдта, зæгъгæ, мæ бинонтæ иугæр лигъдон адæмимæ нæ разындысты, уæд  мæ сæрыл дыууæ къухæй балæууыдтæн. «Ӕррайы хуызæн фæдæн. Мæ зæронд мад æмæ фыды æвджид ныууагътон ме ‘нахъом сабиты æмæ, зæгъгæ, æвæццæгæн, сæ иу дæр нал аирвæзти. Аздæхтæн фæстæмæ цæгатмæ Зикъарайы æфцæгыл, кæд ма сын сæ мæрдтæ уæддæр ссарин. Мæйы дæргъы фæрахау-бахау кодтон, цы бынæтты уыдысты, уым фæрсгæ-фæрсгæ фæцыдтæн æмæ cæ  иу бон ссардтон  дард  Дыгургомы иу фæрныг дыгурон лæджы хæдзары. Диссаг у адæймаджы цард, кæддæр мæ фыдæлтæ ацы кæмтты, ацы хæхтыл  цардысты, фæлæ Тугъантимæ фæтуджджын сты æмæ сусæгæй алыгъдысты Хуссармæ. Ныр мæ бинонты дарæг, æцæг ирон лæгæй йæхи кæм равдыста, уым ын ныллæг мæ сæрæй акуывтон. Мæ бинонты сæрæгасæй ссардтон æмæ сæ нæхимæ хуссармæ æркодтон нæ сыгъд бынæттæм. Адæймаг удæгас æмæ æнæниз уа, уый йедтæмæ та истытæ кæндзæн. Ӕндидзын райдыдта сындæггай нæ цард. Мæ фыд дæр та йæ куырдадз срæвдз кодта æмæ та йæ дыстæ арф басчъил-гæнгæйæ, æрлæууыд йæ куысты раз. Дардыл та айхъуыст  йе ‘фсæйнæгты дзæнгдзæнг».

Фæлæ кæд ирон адæмæн сæндидзыдта ногæй  сæ цард,  рæстæг сын айрох кæнын кодта  уыцы уæззау бонтæ, уæддæр сын сæ зæрдæты ныууагъта арф фæд. Рацыд рæстæг æмæ та нын ногæй XX æнусы кæрон нæ тугмондаг сыхæгтæ расидтысты геноцид… 

ÆЛБОРТЫ Агуындæ     

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.