Нырма Советон Цæдисы, стæй та Уæрæсейы Федерацийы хæцæнгæрзтæн арæх лæвæрдтой зайæгойты нæмттæ. Зæгъæм, минææхсæнтæн радтой ахæм нæмттæ – «Василек», «Тюльпан», «Астра». Сæ хæдтулгæ сармадзантæ та хуыйнынц – «Пион», «Гвоздика», «Гиацинт», «Акация», «Фиалка». Кæнæ танкты ныхмæ хæдтулгæ ракетæуадзæн комплексы та схуыдтой «Хризантема». Фæстаг бонты информацион тыгъдады арæх фехъусæн вæййы дзырд «герань». Ацы дзырд «сургæнæн» кæрдæгмæ ницы бар дары, фæлæ у æнæпилотон авиацион тæхæн аппарат, дрон-камикадзе.

Сентябры мæйы Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы уæрæсейаг æфсæддонтæ пайда кæнын райдыдтой ног æхсæнгарзæй – æнæпилотон тæхæн аппарат-камикадзе «Герань-2»-йæ. Йæ фыццаг хæстон атахтæй фæстæмæ стыр тасы бафтыдта украинаг æфсæддонты æмæ сæ фæсарæйнаг инструкторты, уымæн æмæ йæ ныхмæ тох кæнын сæ бон нæу. Афтæмæй та сын хæссы стыр зиæнттæ – пырх сын кæны сæ инфраструктурæ, сæ згъæрварс хæстон транспорт, се ‘фсæддон объекттæ. Уымæй уæлдай ма æййафынц стыр уды зиæнттæ дæр æмæ Зеленский цъиувæдис кæны æгас дунейыл, ома Уæрæсейы æфсад хуымæтæг цæрджыты куынæг кæны.

Ӕнæпилотон тæхæн аппараттæй уæрæсейæгтæ дæр æмæ Украинæйы æфсад дæр ныры онг арæх пайда кодтой. Ӕрмæст туркаг «Байрактар»-ты кой дæр бирæ фæкодтой – райдианы ма сæ «æмбисонды» æхсæнгарзыл дæр нымадтой. Фæлæ сын сæ цалдæр мæйы æмгъуыдмæ уæрæсейаг уæлдæфон хъахъхъæнынады дæлхæйттæ скуынæг кодтой. Хæсты рай-дианы Украинæйы æфсады уыд æрмæстдæр 36 æнæпилотон тæхæн аппараты, фæлæ сын абоны онг та куынæг æрцыдис 2 минæй фылдæр аппараты. Уый ууыл дзурæг у, æмæ сын стыр æххуыс кæнынц сæ «хицæуттæ», æппынæдзух сæ ифтонг кæнынц æхсæнгарзæй.

Сбæлвырд ма сты уæрæсейаг æфсæддонты ныхмæ фæсарæйнаг æнæпилотон тæхæн аппараттæ «Puma», «Quantix Recon», «Switchblade», «MQ-9 Reaper», «FlyEye», «H10 Poseidon II» спайда кæныны цаутæ.

УФ-йы æфсадæн дæр ис, хæстон уавæрты йæхи хорз чи равдыста, ахæм æнæпилотон тæхæн аппараттæ. Уыдонæй дыууæ – «Орлан-10 æмæ «Элерон» сты иттæг хорз сгарæн тæхæн аппараттæ. Къаддæр сæ не сты «Иноходец» æмæ «Форпост-Р» дæр, кæцытæ ма сгарæн функцитæй дарддæр сæрибарæй хæссынц ракетæтæ æмæ бомбæтæ дæр, æмæ эффективонæй куынæг кæнынц знаджы объектты. Фæлæ дзы хæстон архæйдтыты рæстæджы иууыл эффективондæр разындысты дрон-камикадзетæ «Ланцет» æмæ «КУБ». Фæстаг рæстæджы та æрмæстдæр «Герань-2»-йы кой ис.

Уæдæ цавæр «диссаджы» æхсæнгарз у «Герань-2» æмæ дзы знæгтæ цæмæн афтæ тынг тæрсынц?

Æфсæддон эксперттæй иутæ афтæ дзурынц, ома «Герань-2» сарæзтой ирайнаг æнæпилотон тæхæн аппарат «Shahed-136»-æй. Сæ эксплуатацийы бæрæггæнæнтæ сты æмхуызон æмæ æдде бакæсгæйæ дæр сты æнгæс. Фæлæ æфсæддон фадыджы дæснытæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй ацы аппарат арæзт у иумæйаг тыхтæй, йæ саразыны хъуыддагмæ хайбавæрд бахастой куыд ирайнаг, афтæ уæрæсейаг специалисттæ дæр. Стæй куы ахъуыды кæнæм, уæд Иран ныр 40 азы дæргъы санкциты бын цæры, технологитæ йын ничи уæнды дæттын æмæ ахæм «къуылымпы» бæстæйæн йæ бон нæ бауыдаид æнæ искæй æххуысæй, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм æх-сæнгарз саразын.

Чидæртæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй «Герань-2» æвдыст æрцыд 2016 азы Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады видеоæрмæджыты. Фæлæ йæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ басусæг кодтой. Уый та уымæн, æмæ фæсарæйнаг развæдсгарджытæ цырддзастæй лæууынц ахæм информацимæ æмæ йæ фæстаг азты хабæрттæ куыд æвдисынц, афтæмæй зынтæй басусæг вæййы ног фæзынгæ хæцæнгæрзты фæдыл информаци. Ам банысан кæнын хъæуы уый, æмæ НАТО-йы развæдсгарæн уагдонæн йæ тыхты 80 проценты здæхт сты Уæрæсемæ. Уымæ гæсгæ УФ-йы къухдариуæгад агуырдта фæн-дæгтæ æмæ уавæртæ, цæмæй сæ ног хæцæнгæрзты бæрæггæнæнтæ исты амæлттæй басусæг кодтаиккой. Бирæ хæттыты-иу рауад афтæ, æмæ-иу исты ногæй куы æрымысыдысты уæрæсейаг ахуыргæндтæ, уæд-иу æвиппайды не знæгты къухтæм бафтыдис уый тыххæй информаци. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ ныр дæр уæйгæнджытæй цух не стæм.

Специалисттæ куыд æнхъæл сты, афтæмæй Уæрæсейы «Герань-2»-йы хуызæн æнæпилотон тæхæн аппарат саразыныл кусын райдыдтой 2011 азы. Фæлæ йын фæстæдæр йæ документаци æмæ йæ арæзтад ахастой Иранмæ æмæ йыл уым иумæйагæй бынæттон специалисттимæ куыстой цалдæр азы дæргъы. Иран рагæй фæстæмæ хурныгуылæйнаг спецслужбæтæн «æхгæд» бæстæйыл нымад у, сæ авналæнтæ дзы къуындæг сты æмæ сын исты хъæугæ информаци базонын зындæр вæййы. «Герань-2», æвæццæгæн, Уæрæсейы территорийыл куы сарæзтаиккой, уæд ын абоны бон хурныгуылæйнаг бæстæтæ бæстонæй зыдтаиккой йе сконд, йæ техникон характеристикæтæ.

Ахæм хуызы ма 1999 азы Уæрæсе бадзырдта Индиимæ æмæ иумæ сарæзтой денджызон науты ныхмæ ракетæ «Брамос». Ацы ракетæйы бындур дæр уыдис уæрæсейаг ракетæ «Оникс», фæлæ йын цæмæй йæ техникон характеристикæтæ бамбæхстаиккой, уый тыххæй индиаг партнертимæ ахæм маневр сарæзтой. Фæстæдæр ацы ракетæйы бындурыл уæрæсейæгтæ сарæзтой денджызон науты ныхмæ донбылон комплекс «Бастион», кæцыйæн ныридæгæн фæсарæнты аналогтæ нæй.

«Герань-2»-йæн йæ дæргъ у 3,5 метры бæрц, йæ уæз та 200 килограммы. Йемæ хæссы 50 килограммы бæрц уæз æмæ йæ бон у атæхын 2 мин километры дæрддзæфмæ 150-180 километр сахаты мидæг тагъдадæй. Афтæмæй ма йæ бон у стæхын 7,5 километры бæрзæндмæ дæр, цыранмæ «не ‘ххæссынц» Украинæйы уæлдæфон хъахъхъæнынады системæтæ. Стæй ма егъау кæй нæу, уый тыххæй нæ фæзыны радартыл дæр. Цы чысыл моторы фæрцы тæхы, уый арвыл нæ уадзы хъарм фæд æмæ йæ сæрмагонд уæлдæфон аппараттæ нæ бæлвырд кæнынц. Интернеты тыгъдады ис бирæ видеоæрмæджытæ, цыран хæстонтæ хъавынц «Герань-2» æхсæнгарзæй æрæппарынмæ, фæлæ сын иу стæм хатты йеддæмæ никуы бантысы. Ӕмæ уымæй дæр æрцыдис цалдæр хатты фыдбылызтæ – æрæппæрстой-иу æй хæдзæртты сæрмæ æмæ-иу разиан кодта сабыр цæрджытæн.

Цалдæр хатты сын сæ ныхмæ стæхын кодтой хæдтæхджытæ дæр, цæмæй сæ уыдоны фæрцы скуынæг кæной. Фæлæ æрæджы æрцыдис ахæм цау – украинæйаг хæдтæхæг æгæр æввахс батахт дронмæ æмæ срæмыгъды рæстæджы хæдтæхæг дæр ныппырх ис.

Ацы аппаратæн йæ хорздзинад уый мидæг ис, æмæ у аслам. Хæстон рæстæджы та уый сæйраг у. НАТО-мæ ис ахæм уæлдæфон системæтæ, кæцытæ  «Герань-2»-йы сæрибарæй æрæппардзысты. Фæлæ уыдонæн сæ ракетæтæ зынаргъ лæууынц. Ахæм ракетæйы аргъæй 10 кæнæ фылдæр «Герань-2»-йы сараздзынæ. Уымæ гæсгæ Украинæйæн нæ дæттынц хъæугæ æхсæнгарз ацы дронты ныхмæ, æгæр зынаргъ сын кæй слæудзæнис, уый тыххæй. Стæй ма тæрсгæ дæр кæнынц, ома, миййаг ацы дронты ныхмæ аккагæй куы нæ равдисой сæхи сæ нырыккон системæтæ, уæд худинаджы бын фæуыдзысты.

Статистикæмæ гæсгæ Украинæйы æфсæддонтæ ныридæгæн æрæппарынц 10 проценты бæрц ацы зианхæссæг дронтæй. Уый та бынтон цъус у хæстон архæйдтыты рæстæджы. Зеленский æртхъирæнтæ кæны Иранмæ, Уæрæсейæн хæцæнгæрзтæ кæй дæтты, уый тыххæй. Афтæмæй та йæхæдæг «мæгуыргур» ныллæууыдис хæцæнгарз кургæйæ. «Герань-2» эффективон у, Украинæйы æфсады куынæгмæ дронтæ стыр хайбавæрд хæссынц æмæ тагъд рæстæджы фашистон режим кæд æппæрст æрцæуид æмæ хуымæтæг цæрджытæ сæрибарæй сулæфиккой.

Джиоты Алыксандр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.