Уæрæсейы Федерацийы Конституцийы нырма дæр бирæ зианхæссæг нормæтæ ис, кæцытæ 90-æм азтæй фæстæмæ къуылымпы кæнынц бæстæйы размæцыд. Советон Цæдисы ныппырхимæ УФ-йы бахъуыд ног Конституци фыссыны сæр æмæ 1993 азы америкæйаг «демократты» æххуысæй фыст æрцыд æмæ ист. Уæдæй фæстæмæ Уæрæсейы æмæ постсоветон республикæты хурныгуылæйнаг политиктæ «пырыстъыфтæй» æрбадтысты.

Советон Цæдис фæсарæйнаг спецслужбæты æндæвдадæй кæй ныппырх ис, уый дызæрдыггаг нæу. Æниу паддзахадæн йæхи мидæг дæр бирæ хъуагдзинæдтæ ныттымбыл ис. Дзæвгар азты дæргъы сæ не скъуыддзаг кодтой æмæ хъомысджын бæстæ раууатмæ æрцыд. Компартийы лидертæ сæхи паддзæхтæ фенхъæлдтой, «уæлæрвты тæхын» райдыдтой, нал уыдтой реалон уавæр æмæ сæм хуымæтæг адæмы «хъæр» нал хъуыст. Цæрджытæ æнæразыдзинад æвдисын райдыдтой ахæм æнæраст политикæйы фæдыл. Хурныгуылæйнаг бæстæтæ та уыцы уавæрæй спайда кодтой.

90-æм азты фæсарæйнаг шпионтæ уыдис алкæцы министрады дæр. Уыдон активон хайад истой алыхуызон вазыгджын фарстытæ скъуыддзаг кæныны. Уæлдай-дæр та приватизацийы хъуыддæгты — егъау куыстуæттæ, æрдзон газ, нефть æмæ бæрзондтехнологон заводтæ, фабриктæ приватизацигонд цыдысты сæ комкоммæ архайдæй. Кæд æмæ сын искæцы къабазы шпион нæ уыд, уæд-иу дзы æнæмæнг разындис уæйгæнæг. Ӕгæрыстæмæй тыхон структурæты дæр контрол кодтой. Уæрæсе уæды рæстæджы фактон æгъдауæй сси АИШ-ы штат, æрмæст æнæбартæй.

Ныридæгæн æргом кæнынц 90-æм азты зианхæссæг архайдтыты цаутæ. Зæгъæм, 1996 азы президентон æвзæрстыты Ельцин фембылд, фæлæ америкаг куратортæ фальсификацийы руаджы президентæй ныууадзын кодтой «сæхи» адæймаг Ельцины. Уæрæсейы хуызæн егъау æмæ хъомысджын паддзахады цæмæй фæсарæйнаг агентурæ æлдариуæг кæна, уымæн бирæ тых æмæ æхцайы фæрæзтæ хъæуы…

Цæмæн фæсайды ис Горбачев?

1980-æм азты æгас дунейы уыд экономикон кризис æмæ уый фæстиуæгæн стыр зындзинæдтимæ сæмбæлд Советон Цæдис дæр. 80-æм азты кæрон Горбачев бахатыд Ӕппæтдунеон валютон фондмæ кредит райсыны фæдыл. Фæлæ фонд не сразы ис — радта рекомендаци, ома, кæд пъланон экономикæйæ базарадон экономикæмæ рахизат, уæд ахъуыды кæндзыстæм. Базарадон экономикæмæ рахизыны тыххæй та æнæмæнг хъуыдис паддзахадон компаниты приватизаци саразын, фæсарæйнаг товартæ æнæкъуылымпыйæ Советон Цæдисмæ бауадзын æмæ, сæйраджы та, хъæууон хæдзарады æмæ сæудæджерады къабæзты æхцайæ фæлыст зынгæ фæкъаддæр кæнын. Ома, бындурон реформæ саразут. Горбачевмæ афтæ каст, зæгъгæ, хурныгуылæйнаг демократтæм куы байхъусæм, уæд адæм хуыздæр цæрын райдайдзысты æмæ ма семæ хæларадон ахастытæ дæр сæндидзын кæндзыстæм.

Ацы кредитон системæ иттæг хорз у капиталистон бæстæтæн — сæхæдæг хъæздыгдæр кæнынц, иннæтæ та — мæгуырдæр. Хъыгагæн, Горбачев уый нæ бамбæрста. Йæ алыварс цы разамонджытæ уыдис, уыдоны фылдæр хай та уæйгæнджытæ разындысты æмæ ныффæлгæрон кодтой паддзахады. Уæрæсейаг либералтæ абон сæхи раст кæнынц, ома, реформæтæ кæронмæ арæзт не ‘рцыдысты æмæ сын уымæн мæгуырау фæстиуджытæ уыд. Фæлæ ма цахæм зындзинæдтæ хъуамæ бавзæрстаиккой Советон Цæдисы цæрджытæ, цал республикæйыл ма ныддихтæ уыдаид æмæ ма цал ран æрцыдаид тугкалд, цæмæй реформæтæ «æххæстыл» нымад æрцыдаиккой?

Анатоли Чубайс иу ахæмы йæ раныхасы хуымæтæг цæрджыты рахуыдта магусатæ æмæ æввонгхортæ. Советон Цæдисы кусаг æмæ æхсарджын адæм, кæцытæ скуынæг кодтой фашизм, сарæзтой дунейы иууыл тыхджындæр экономикæ, æмризæджы кæмæй рызтысты хурныгуылæйнаг бæстæтæ, уыдоны ныр цыдæр фидиссаг дæлдзиныг кæны. Чи у Чубайс — хуымæтæджы аферист, уæйгæнæг æмæ фыдгæнæг. Чубайс, Ельцин, Кудрин æмæ ма æндæр ахæм фæлитойты аххосæй миллуангай адæймæгтæ бабын сты, фæмард сты, рахау-бахауаг фесты æмæ фыдгæнджыты та абоны онг æрфæрсæг нæй.

Рæстæг æй куыд равдыста, афтæмæй Уæрæсейæн либералон политиктæ æрмæстдæр хæссынц зиан. Сæ зондыл куы ацæуай, уæд барвæндонæй разы кæныс цагъайраджы къæлæт скæныныл. Уымæн æмæ либералон курсæн йæ бындур арæзт у хъæздыджыты интерестæ хъахъхъæныныл æмæ дзы хуымæтæг адæмы бартæн бынат нæй. Цæмæй адæм æнцондæрæй сайды кæной æмæ сын сæ гæдыныхæстыл æууæндой, уый тыххæй ацы системæ хонын райдыдтой «демократи».

Уæрæсейаг либералтæ мæнгард политикæ кæй уадзынц æмæ хурныгуылæйнаг бæстæтæ сæ хицæуттæ кæй сты, уый ирдæй рабæрæг ис сæ архайдæй. Зæгъæм, хурныгуылæйнаг бæстæты экономикон кризис куы вæййы, уæд банктæн процентон ставкæтæ фылдæр кæныны бар нæ вæййы, цæмæй экономикæ йæ къæхтыл тагъддæр слæууа. Фæлæ Уæрæсейæн та рекомендацитæ дæттой, цæмæй цас гæнæн ис, уыйбæрц схæцой процентон ставкæтыл. Уыцы къахдзæф та реалон экономикæйы кодта раууатмæ, мæгуырдзинадмæ. Ӕмæ 90-æм азты нæ либералтæ Уæрæсейы хуызæн хъæздыг паддзахады фæсарæйнаг кредитты бын фæкодтой. Уыцы бирæмиллиардон кредитты 2005 азмæ фыст нæ фесты. Æгасæй та Советон Цæдисы бирæнымæц хæстæ проценттимæ бафыстой æрмæстдæр 2017 азы. Уымæй уæлдай ма хъæууон хæдзарад, сæудæджерад, бæрзондтехнологон рауагъдад æмæ æндæр ахæм размæцыд экономикæйы къабазтæ та куынæг æрцыдысты.

Кæд æмæ цæй тыххæй æрцыдысты арæзт Ӕппæтдунеон валютон фонд (МВФ) æмæ Ӕппæтдунеон банк (ВБ)?

Дыккаг дунеон хæсты фæстæ тынг бирæ бæстæтæ æрцыдысты раууатмæ, æнæхъæн горæттæ бындуронæй пырх æрцыдысты æмæ хъуыд æхцайы фæрæзтæ сæ райрæзтæн. Уый фæдыл экономистты фæндонмæ гæсгæ арæзт æрцыдысты ацы организацитæ æмæ нысанмæздæхт хъуамæ уыдаиккой æххуысхъуаг бæстæты инфраструктурæ æмæ экономикæ сæндидзын кæнынмæ. Фæлæ æцæгæй та англосакстæ ацы «аферайы» фæрцы сæ дæлбар бакодтой æнæбон, гæвзыкк бæстæты, æмæ сæ абоны онг дæр эксплуатаци кæнынц кредитты хуызы.

Æппæтдунеон валютон фонды ма хонынц Бреттон-Вудсаг системæ дæр. АИШ-ы президент Рузвельты хъæппæрисæй 1944 азы америкæйаг курорт Бреттон-Вудсы æрæмбырд сты хъомысджын паддзахадты минæвæрттæ конференцимæ æмæ бафыстой бадзырд, кæцы бындуронæй хъуамæ фæивтаид дунейы финансон системæ. Политикты æмæ экономистты хъуыдыйы уыд, цæмæй дунейы хъæздыгдзинæдтæ мауал барстаиккой сыгъзæринæй, фæлæ исты иумæйагæй равзаргæ валютæйæ. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы валютæ хъуамæ суыдаид «доллар». Фæстæдæр ацы бадзырдты бындурыл арæзт æрцыдис ног финансон системæ æмæ 1947 азы Æппæтдунеон валютон фонд райдыдта йæ архайд.

Дыккаг дунеон хæст нырма нæ фæцис, афтæмæй америкæйаг элитæтæ сæхи цæттæ кæнын райдыдтой мæгуыр бæстæты «стъигъынмæ», Европæйы хæствæллад адæмы фæллойы муртæ сæхи бакæнынмæ. Уый тыххæй сæ фæндыд дунейы æхцайы ресурстæ иу ран æрæмбырд кæнын, цæмæй сæ æнцондæртæй контроль кæной æмæ сæ хъæздыгдзинад фылдæр кæна. Æмæ сын æнтысгæ дæр бакодта — ныридæгæн дæр дунейы финансты 70% контроль кæны АИШ-ы Федералон резервон системæ, кæцыйы дæлбар сты Æппæтдунеон валютон фонд, Æппæтдунеон банк æмæ Æппæтдунеон базарадон организаци (ВТО). Сталин сын сæ фæндыл кæй не сразы ис, уый тыххæй йæ ныхмæ расидтысты сусæг хæст æмæ йыл сæвæрдтой «тиран» æмæ «деспот»-ы нæмттæ, Советон Цæдисы та хонын райдыдтой «Империя зла» — «Фыдгæнæг импери».

Советон Цæдис дæр Бреттон-Вудсаг бадзырд бафыста, фæлæ йын ратификаци нæ сарæзта æмæ уый фæстиуæгæн йæ тыхы нæ бацыд. Сталин хурныгуылæйнаг политикты хинæйдзаг пълан бамбæрста æмæ сын нæ бакуымдта сайын.

Абоны бон МВФ-ы сконды ис 185 бæстæйы. Нæ дзы сты Кубæ, Цæгат Корей, Андорра, Лихтейнштейн, Монако, Науру æмæ Тувалу. 1997-1999 азты МВФ 15,6 — 22 миллиард доллартæй кредиты хуызы радта Уæрæсейæн æмæ йын сæ радтыны тыххæй сæвæрдтой сæрмагонд домæнтæ. Зæгъæм, æппæт паддзахадон куыстуæттæн приватизаци саразын, цæрджытæн социалон æххуыс фæкъаддæр кæнын, ахуырады Болонаг системæ æмæ ЕГЭ-тæ бакæнын, егъау кредитон ставкæтæ саразын æмæ афтæ дарддæр. Уымæй уæлдай ма МВФ хъуамæ хайад истаид уæрæсейаг конституцимæ ивындзинæдтæ, закъæттæ, кодекстæ æмæ программæтæ исыны рæстæджы. Ӕмæ ма æхцайы фæрæзтæ хардз кæныны хъуыддаг дæр хъуамæ контрол кодтаиккой фæсарæйнаг куратортæ. Реалон æгъдауæй МВФ-ы кредиттæн сæ 80-90% цыдысты фæсарæйнаг «эксперты» дзыппытæм, цы æхцайы муртæ ма-иу дзы аззадис, уыдоны та-иу уæрæсейаг чиновниктæ адавтой. Афтæмæй хуымæтæг адæммæ ницы æххуыс хæццæ кодта æмæ кредит та æгасæй фыст цыд паддзахадыл. Ӕппæт ацы нормæтæ ба-фидар кодтой Уæрæсейы Конституцийы 15-æм статьяйы 4-æм пункты. МВФ-æн цы домæнтæ уыд, уыцы фыстæг нырма дæр сусæг кæнынц — æгæрыстæмæй йæ Путинæн дæр никуы равдыстой.

Иууыл ахъаззагдæр цæф ныккодтой финансон системæйы — ликвидаци æрцыдис Паддзахадон банк. Йæ бæсты йын сарæзтой Уæрæсейы Централон банк, кæцы Консти-туцийы 75 статьямæ гæсгæ кусы хæдбарæй, Уæрæсейы хицауад æм ницы бар дары. Æцæгæй та йæ контроль кæны МВФ. Централон банк мыхуыр кæны сомтæ æмæ сæ æрвиты Уæрæсейы экономикæмæ. Фæлæ ацы æхцайы фæрæзтæ вæййынц бæрцыл — уæрæсейаг экспортертæ цас товартæ ауæй кæной æмæ уый фæстиуæгæн цæйбæрц фæсарæйнаг валютæ райсой, уыййас сомы сын радтынц. Комкоммæ сисгæйæ Централон банкы æхцайы мыхуыр баст у долларимæ æмæ Уæрæсейы экономикæйы хъуагдзинадæн ницы æххуыс у. Ома, фылдæр æхцайы фæрæзтæ куы æрдома Хицауад, уæддæр нæ ратдзæнис æмæ экономикæ размæ нæ ацæудзæнис. Фактон æгъдауæй Централон банк ссис АИШ-ы Федералон резервон системæйы филиал — нæдæр Президентмæ коммæ кæсы, нæдæр Хицауадмæ.

Уæрæсейы экономикæ зындзинæдтимæ куы сæмбæлы, уæд Централон банк кредитты процентон ставкæтыл ноджы схæцы, цæмæй амалиуæггæнджытæн сæ бон кредиттæ райсын ма бауа æмæ экономикон кризис фæарфдæр уа. Уый фæстиуæгæн сомы курс свæййы æнæстабилон, æрхауынц куыстуæтты бæрæггæнæнтæ, фæтæрсынц инвестортæ. Централон банк комкоммæ ахайы, цæмæй уæрæсейаг экономикæ æппынæдзух уа кризисы. Зæгъæм, ныридæгæн Уæрæсейы кредитты проценты ставкæ у астæуккаг нымадæй 75% бæрц. Уый бирæ у. Ахæм процентимæ бизнес никуы райрæз-дзæнис. Хурныгуылæйнаг бæстæты та ахæм кредиты процент астæуккаг нымадæй у 2,5% бæрц, Британы — 0,5%, АИШ-ы — 0,25%.

Абоны бон МВФ æмæ æндæр ахæм дунеон финансон институттæ Уæрæсейы бынтондæр ницæмæн хъæуынц — хæстæ никæмæй дара, йæ экономикæ размæ цæуы, йæ цæрджыты фæрныгад фылдæр кæны. Афтæмæй та хурныгуылæйнаг спекулянттæ тынг æвзæр æндавынц паддзахадыл, стыр зиæнттæ хæссынц экономикæйæн, æмæ ма ноджы æрвылаз дæр МВФ-ы фондмæ Уæрæсе бахæссы 1,2 миллиард доллары бæрц.

Ныридæгæн Уæрæсейы разамонджыты сæйраг хæс у Централон банкы контрол кæнын райдайын. Уымæн æмæ кредитты процент 2-3% фылдæр куы уа, уæд экономикæ размæ никуы ацæудзæнис, амалиуæггæнджытæн сæ бон нæ уыдзæнис сæ бизнес райтынг кæнын. Дарддæр дæр тох кæнын хъæуы, цæмæй фæсарæйнаг «аферисттæй» æмæ бынæттон уæйгæнджытæй ссæрибар уæм.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.