25-æм октябры йе 70 азы юбилей банысан кодта зындгонд ирон хуыйæг-дизайнер-модельер Годжыцаты Изольдæ. Уый у Республикæ Цæгат Ирыстон-Алани æмæ Уæрæсейы Федерацийы культурæйы сгуыхт кусæг, афтæ ма æндæр æмæ æндæр конкурсты лауреат дæр. Годжыцаты чызджы куыстытæн æмæ йæ курдиатæн стыр аргъ скодтой Вячеслав Зайцев æмæ Валентин Юдашкин. Абон зындгонд мастерæн традицион ирон уæлæдарæс бахуыйыны тыххæй ис йæхи сæрмагонд куыстуат æмæ дзы фæрнæй кусы йæхи хуызæн хæларзæрдæ æмæ йæ куыстыл æнувыд чи у, ахæм профессионалон коллективимæ.

Изольдæ цы бирæ диссаджы уæлæдарæсы хуызтæ бахуыдта, уыцы коллекцитимæ бирæ адæм базонгæ вæййынц Уæрæсейы Федерацийы æппæт регионты хайад цы равдыстыты райсы, уым. Йæ коллекцийы ис Цæгат Кавказы адæмты националон къабатæ æмæ сæ бахуыдтой фынддæс азмæ. Ирон кутюрье йæ интервьютæй сæ иуы куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ йæ фæнды ис, цæмæй йæ диссаджы коллекци фæхъæздыгдæр кæна Азербайджан, Гуырдзыстон, Сомихстон æмæ æндæр адæмты националон уæлæдарæстæй.

Годжыцаты Изольдæ цы бирæ æзты кусы ацы фæрнджын хъуыддаджы, уым иунæг хатт дæр æххуысагур никуы бацыд хицауадмæ. Изольдæ ирон культурæ æмæ йæ рагфыдæлты уæлæдарæсæн стыр аргъ кæны. Алкæцы ирон адæймаг дæр æм табуйаг ахаст кæй хъуамæ дара, æмæ йæ сомбоны фæлтæр дæр кæй хъуамæ зоной, уый кæддæриддæр лæууыд йæ зæрдыл, æмæ уæд сфæнд кодта йæ фæндон сæххæст кæнын. Уый йæ фыццаг цех бакодтауæззау 90-æм азты горæт Дзæуджыхъæуы æмæ дзы райдыдта хуыйын национ уæ-лæдарæс. Йæхи тыхтæ æмæ амæлттæй, йæ диссаджы курдиаты руаджы дардыл айхъуыст йæ ном æмæ йæ ныр арæх æрцагурынц фæсарæнтæй дæр. Зæгъæм, Турчы ирæттæ се сфæлдыстадон къордтæн ирон национ уæлæдарæс бахуыйын кодтой Изольдæйæн. Мариинаг театры артисттæн дæр цалдæр спектаклæн уæлæдарæс хуыд æрцыдис Изольдæйы цехы.

Адæймаг æрдзæй цы курдиат рахæссы, уымæй нысанмæздæхтæй куы фæпайда кæны, уæд æхцондзинад фæхæссы нырма йæхицæн, стæй та йæ адæмæн. Ныртæккæ кæд ирон традицион уæлæдарæс æрвылбон нал дарæм, уæддæр æй стыр зæрдиагæй фæагурæм нæ бæ-рæгбонтæ æмæ чындзæхсæвты рæстæджы, афтæ ма æнæмæнгхъуыддаг у нæ ансамблтæн, сфæлдыстадон коллективтæн.

Абон куыд Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, афтæ æндæр сыхаг кавказаг республикæты чындздзон чызджытæ сæ чындзæхсæвтæм стыр æхсызгонæй æрцагурынц Годжыцаты Изольдæйы къабатæ. Уымæн æмæ йын кæддæриддæр вæййынц оригиналон æмæ кæмæ батæхуды кæнай, ахæм хуызджын, хæрзарæзт, дæ иу къухæй де ‘ннæ къухмæ кæй райсай, ахæм хъуымæцтæй хуыд къабатæ.

Зынаргъ  юбилярæн  арфæ  кæнынц газет «Хурзæрин»-ы коллектив дæр æмæ йын нæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад æмæ йæ фæрнджын куысты бирæ æнтыстытæ.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.