500 делегатæй фылдæр хайад райстой Уæрæсе, Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæтæй, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæй, Мæскуыйы 9-10 ноябры уагъдцæуæг гом æхсæнадæмон форумы «25 лет СНГ: взаимопонимание, сотрудничество, развитие». Форумы организатортæ уыдысты Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады, фæсарæнты цæрæг æмбæстæгты æмæ æхсæнадæмон гуманитарон æмгуыстады хъуыддæгты фæдыл Федералон агентад  “Россотрудничество”.

Форумы куысты хайад райстой бæстæты минæвæрттæ æмæ “Россотрудничество”-йы кусджытæ, УФ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады, ХПÆ-йы Æххæстгæнæг комитеты, ХПÆ-ы хайадисæг бæстæты гуманитарон æмгуыстады æхсæнпаддзахадон фонды, закъондæттынадон æмæ æххæстгæнæг федералон æмæ регионалон органты минæвæрттæ, парламентаритæ, дипломаттæ, иуцалдæр æхсæнадон, дины æмæ, æнæхицауадон организацийы, бизнес структурæтæ, культурæйы, зонады, ахуырады, зонады æмæ Дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттæ.

Форум байгом кодта «Россотрудничество»-йы къухдариуæггæнæг Любовь Глебова. Уый банысан кодта æхсæнадæмон конъюнктурæйы уавæрты гуманитарон куысты стыр нысаниуæг, афтæ ма уагъдцæуæг мадзалы ахсджиагдзинад дæр, уымæн æмæ уыцы ран ис рахæссæн ахæм фæндæттæ, ХПÆ-йы фæлгæтты æмгуыстады рæзтæн пайда чи уа. «ХПÆ у уникалон фæзуат, географион, геополитикон, экономикон бастдзинæдтæй æмбаст чи у, уыцы бæстæты иудзинадæн. Мах æнгом кæнынц бирææнусон хæларадон, хæларсыхагон æмæ, æгæрыстæмæй, тугхæстæгдзинады æмахастытæ. Нæ адæмтæ иугонд сты иумæйаг культурон æмхуызондзинад æмæ фыдæлты æмхæларадæй», – загъта “Россотрудничество”-йы сæргълæууæг.

Афтæ ма Л. Глебова банысан кодта, зæгъгæ, ХПÆ-йы зонадон æмæ культурон центртæ кæддæриддæр гом уыдзысты, йæ культурон, ахуырадон, зонадон æмæ бизнес хъæппæристæ сæххæст кæнын кæй фæнды, уыдонæн. Йæ рады æхсæнадæмон культурон æмгуыстады фæдыл УФ-йы сæрмагонд минæвар Михаил Швыдкой банысан кодта, зæгъгæ Æмгуыстады хайадисджытæн «канд иумæйаг ивгъуыд нæй, фæлæ сын ис иумæйаг фидæн дæр». «Фæсивæдæн ис ног фадæттæ Æмхæларады, уæлдайдæр та уымæн, æмæ абон ЕАЭС дæтты ног фадæттæ стыр зонадон проекттæ æххæст кæнынæн. Æмæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, ХПÆ-йæн ис канд иумæйаг ивгъуыд нæ, фæлæ иумæйаг фидæн дæр», – загъта Швыдкой.

Форум байгом кæныны мадзалы ныхасы рацæугæйæ, Паддзахадон Думæйы депутат, ХПÆ-йы бæстæты хъуыддæгты фæдыл, евразиаг интеграцийы æмæ æмбæстæгтимæ бастдзинады фæдыл комитеты сæрдар Леонид Калашников раарфæ кодта форумы хайадисджытæн æмæ рæгъмæ рахаста Паддзахадон Думæйы хъæппæрис ХПÆ-йы 25 азы бонмæ парламентон байхъуыстытæ ауадзыны тыххæй.

Форумы алыварс ма ацыдысты тематикон конференцитæ æмæ тымбыл фынгтæ, цыран делегаттæ æруынаффæ кодтой алывæрсыг гуманитарон æмгуыстады рæзтыл, уыцы нымæцы гуманитарон фадыджы ног вектортæ æмæ инновацитæй пайда кæнын, паддзахадон, зонадон æмæ бизнес структурæты æмгуыстады рæзты фидæныл ахуырадон проекттæ æххæст кæнын, иумæйаг информацион тыгъдад саразын, фæсивæдон политикæ æмæ æхсæндинон диалог æрбиноныг кæныныл.

Республикæ Хуссар Ирыстонæй мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны АПРЯЛ-ы æххæстгæнæг директор Джыккайты Бэллæ æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæнадон фæсивæдон организаци «Иууон Алани»-йы сæрдары хæдивæг Бежанты Æхсар.

 

РХИ-йы “Россотрудничество”-йы минæварады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.