Цыфæнды цæрæнбынат дæр, фæнды чысыл уæд йæ арæнтæм гæсгæ, фæнды – цæстыахадгæ, дардыл, уæддæр ын ис йæхирдыгон хуыз, йæхирдыгон мидис æмæ ахадæн историон нысаниуæг, кæцы нын нæ разы æвæры ахæм фарстатæ, хæрзæгъдауы бæрндзинад æмæ нæ нæ адæмы номдзыд фырттæн кад кæнын чи домы.

Кæд æрдз адæймагæн æнæмæнгхъæуæг у йæ биологон цардæн, уæд ын культурон тыгъдад дæр афтæ æнæмæнгхъæуæг у йæ духовон, хæрзæгъдауон цардæн, йæ мидæгъдау æмæ социалон хæрзæгъдауæн. Растæндæр уый тыххæй у афтæ тынг ахсджиаг райгуырæн зæххмæ, фыдæлты культурæмæ, райгуырæн горæтмæ уарзондзинад – кæцыйæн схонæн ис хæрзæгъдауон кæнæ культурон экологи.

Уæлдæр цы загътон, уыдон мын цæвиттонæн æрхæссын кодтой бирæ фарстатæ æмæ иуæй-иуты негативон уæлæнгай ахастыл (зæгъæн ын ис карздæрæй) дисдзинад, кæцытæ бæрндзинад хæссынц (æмæ хæсджын сты нæ райгуырæн горæты хуызы тыххæй), æмæ фыццаграды та архитектурæйы хайады кусджытæ (цас æй зонын, уый бæрц?!). Дзырд цæуы, ныртæккæ модæйы чи бацыд, уыцы хъуыддагыл – хæдзæртты кхултæ æмæ алыгъуызон арæзтадтыл граффиттæ, нывтæ кæнын. Æз нæ дæн уыцы ногдзинады ныхмæ. Уый нæ, фæлæ раст зæгъгæйæ, уыдонæй бирæты зыны профессионалон æрмдзæф дæр. Æндæр хъуыддаг у сæ тематикæ, æмæ сæ равзæрст бынат. Æвзæры ахæм фарст: уыцы граффиттæн скæнæн ис, кæй кæм бафæнда, уым? Уый тыххæй горæт Цхинвалы администрацийы разыдзинад нæ хъæуы? Æви вæййы, бамбарæн кæмæн нæй, ахæм разыдзинад?

Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ мæ кæй фæнды уæ зæрдыл уын æрлæууын кæнон, чи æрæввахс кæны, уыцы 120 азы юбилей, кæцы баст у не стыр ахуыргонд, ирон адæмы кадджын минæвар, дунеон æмвæзадыл нымад зонадон архайæг Абайты Васойы номимæ, уыцы адæймаджы номимæ, кæцы хауы афтæхуыйнæг æртывæр номмæ Къоста-Васо-Нафи (кæй зæгъын æй хъæуы æндæр стыр гоймæгты ном дæлæмæ нæ кæнгæйæ!).

Стыр гоймæгты дунемæ чи хауы, уыдонмæ афтæ æвналгæйæ нæу, фæлæ кæмæндæрты (чизоны уыдон ууыл хъуыды дæр нæ кæнынц) уый сæ къухы æгæр дæр бафты.

Уæдæ æндæр куыд бамбарæн ис, афтæхуыйнæг Пионерты паркы электро-трасформаторы къултæй иуыл, афтæ ма Тасойы фырты æмæ Октябры уынг кæм иу кæнынц, уым цы универмаг ис, уый скæсæн къулыл граффиты хуызы нывтæ скæнын? Мæн, æнæдызæрдыгæй, уырны, уыдон чи кодта, уыдонæй зыгъуыммæ кæнæ фыдаудæн кæныны хъуыды бынтондæр кæй никæмæ уыдис, фæлæ… хъуамæ хъуыды кæнай, цы æмæ кæй ныв кæныс, ууыл. Уымæй дæр – кæй!

Ау, æппæт адæттæ ницы бар дарынц Паддзахад Аланийы æмбæстæгтæм? Куыд ис гæнæн нæ горæты фæлындзынадмæ ахæм æбæрнон ахаст дарынæн?

Æз сидын горæт Цхинвалы администрацимæ, номхуындæй архитектурæйы хайадмæ ахæм фарстимæ, цас рæстæгмæ æрцæудзысты хаст банысангонд граффиттæ æмбæлон бынæттæм, цæмæй кæрон скæнæм нæ хъайтар, æндидзæг, стыр историон ивгъуыдимæ рæсугъд (иууыл рагондæр цæрæн бынæттæй сæ иу) горæты æнæраны бынæтты «фæлындзынæн»?..

Нæ уарзон горæт æрмæст Кавказы нæ цæуы нымад рагоныл – суанг н.э. III æнусæй у (бындурæвæрæг – Сасанидаг Аршакидты династийæ паддзах Аспагур, кæцы ныгæд дæр у Цхинвалы), абарæн кæмæн никæимæ æмæ ницæимæ ис, артæн, донластæн, зæххæнкъуыстæн чи бафæрæзта, æмæ нырыккон уавæрты XXI æнусы фыдбылыз, коронавирус COVID -19 имæ тохгæнæг, нæ райгуырæн Чъреба-Сталинир-Цхинвал.

Фадатæй пайда кæнгæйæ мæ фæнды, кæмæйдæриддæр кæнгæ у, уыдонæй  алкæмæ дæр бахатын, нæ цытджын Президент Бибылты Анатолийæ райдайгæйæ Республикæ Хуссар Ирыстоны алы æмбæстаджы онг, нæ горæты ном Цхинвал Аланирæй баивыны тыххæй. Уый уаид стыр историон цау, кæцы дзуапп радтид Аланийы хуссайраг хайы бирæ фæлтæрты домæнæн, æмæ æрмæст уыдонæн нæ…

Мæхицæн ратдзынæн уый банысан кæныны бар, æз бынтондæр кæй нæ ныллæг кæнын, ацы граффиттæ чи æрхъуыды кæны æмæ сæ сныв кæны, уыцы лæппутæ æмæ чызджыты арæхстдзинад, фæлæ… Ахъуыды кæнын хъæуы уууыл дæр, кæм куыд цы разындзæн, цахæм нывтæ сфидаудзысты иу кæнæ иннæ ран, уæлдайдæр та ахæм адæймæгты фæлгæнцтæ, кæцытæй мах стæм сæрыстыр, кæцыты нæмттæ фæдзурæм сæрыстырæй, нæ удварнимæ æмбастæй.

Мæн фидарæй уырны, нæ зынаргъ Абайты Васойы фæлгонц аккагæй кæй хъуамæ фæлгæса аккаг бынæттæй.

Æз афтæ нымайын æмæ Горæт Цхинвалмæ цыдæриддæр хауы æмæ арæзт цæуы, уыдон иууылдæр хъуамæ æмразыгонд цæуой горæты адмистрациимæ.

Дызæрдыг нæ кæнын ууыл, горæт Цхинвалы адиминистрацийы сæргълæууæг Коцты Алан кæй равзардзæн уæлдæр æрхæсгæ фактты, кæй райсдзæн æмбæлон барæнтæ æмæ нывтæ-граффиттæ, уæлдайдæр та не стыр гоймæгты – конд кæй цæудзысты, цахæм бынæттæ сæм æмбæлы, ахæм бынæтты.

Махæн уый тыххæй ис бæлвырд уавæртæ, æмæ сæйраджы та уыдæтты тыххæй хъуамæ дзуапп дæттой специалисттæ, нæ горæты хуызы тыххæй бæрндзинад чи хæссы, уыдон, архитектортæ.

P.S. Нæ мæ фæнды, цæмæй мæ ацы чысыл фиппаинаг уа афтæхуыйнæг тыгъд быдыры фæдисхъæры хуызæн.

Гаглойты Роберт,

Æхсæндунеон æхсæнадон змæлд

«Иры Стыр Ныхас»-ы

Хуссар Ирыстоны хайады Советы сæрдар

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.