Ацы бонты Къуыдаргомы цæрджытæ банысан кодтой горæт Къуайсайыл 15 азы сæххæсты юбилей. Бæрæгбонон мадзæлттæ æргъæвд æрцыдысты фæстæдæр рæстæгмæ, уымæн æмæ Украинæйы æфсæддон операцийы рæстæджы мæлæтдзаг цæф фæцис ацы горæты æвзонг цæрæг, хъайтар Зассеты Ахмæт. Къуыдаргомы цæрджытæ æмæ администрацийы фæндонмæ гæсгæ бæрæгбонон программæ ивд æрцыд — уагъд нал æрцыдысты хиирхæфсæн мадзæлттæ.

Къуайсайы цæрджытимæ бæрæгбон нысан кæнынмæ æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан, Парламенты Сæрдар Æлборты Алан, горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Кадзты Гено, Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæ æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

Къуайсайы цæрджытæ цæрæнбонты сæ уазæгуарзондзинад æмæ нæртондзинадæй сты зындгонд — цытджын уазджытыл сæмбæлдысты ирон æгъдаумæ гæсгæ — æртæ уæлибых æмæ бæгæныйы куыссиимæ.

Бæрæгбонон мадзæлтты райдиан цытджын уавæры схæ-цыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырысайыл.

 

Байгом цырт шахтæты бындурæвæрæджы номыл

Къуайса цы шахтæтæй зындгонд уыд, уыдон бындурæвæрæг уыдис Чиаты Иосиф. Ацы гоймаг куынæ уыдаид йæ рæстæджы, уæд Къуайса дæр нæ сырæзтаид. Къуайсайы бирæ нысаниуæгджын объекттæ арæзт æрцыд уый рæстæджы. Чи йæ хъуыды кæны, уыдоны ныхæстæм гæсгæ-иу зымæджы стыр митуарды рæстæджы сорганизаци кодта зиу æмæ сыгъдæг кодтой Цъоны рагъыл фæндаг. Ацы зындгонд адæймаджы тыххæй бирæ ис дзурæн æмæ фыссæн, абоны онг дæр æй Къуыдаргомы цæрджытæ мысынц æмæ йын нæ рох кæнынц йæ бакæнгæ стыр хъуыддæгтæ.

Шахтæты бындурæвæрæг, зынгæ советон политикон архайæг Чиаты Иосифæн Къуайсайы горæты астæу цы бюст æвæрд æрцыд, уый уыцы бон байгом цытджын уавæрты. Уыцы хæрзиуæгон мисси сæххæст кодтой Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан æмæ Къуайсайы администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Алан.

Бæстæйы разамонæг мадзалы рæстæджы куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Чиаты Иосиф йæ хъазуатон куыст æмæ организаторон миниуджыты руаджы Къуайсайы ракодта цар-ды ног æмвæзадмæ. Уымæн æмæ уый ныфс уыд Фыдыбæстæйы хорз фидæнæй.

«Абон уымæ гæсгæ сæнусон кодтам зындгонд адæймаджы ном. Уый уыд Къуайсайы æрзænкъахæн управленийы фыццаг директор, бындур æрæвæрдта шахтерты поселокæн», — банысан кодта Президент.

Гаглойты Алан куыд загъта, уымæ гæсгæ бæстæйы къухдариуæгад æппæт дæр араздзæн, цæмæй Къуайсайы цæрджыты цардуагон уавæртæ хуыздæрæй-хуыздæр кæной. Арæзт цæудзæн æппæт дæр, цæмæй куысты бынæттæй ифтонг цæуой цæрджытæ, уымæн æмæ уый фæахъаз уыдзæн, цæмæй цæрджытæ ма лидзой хуыздæр цардагур æндæр бынæттæм.

Куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ проблемæтæ уадид нæ бæстон кæнынц, «фæлæ нæ нысанмæздæхт æмæ иумиаг куыст æнæмæнгдæр æркæндзæн нæ разы æрæвæргæ нысанмæ».

 

Махæн Къуайса нæ кад у, махæн Къуайса бæркад у

Æвзонг горæты юбилейы цытæн Культурæйы хæдзары уагъд æрцыд цытджын æмбырд.

Къуайсайы горæты администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Алан арфæ ракодта Къуыдаргомы цæрджытæн ацы нысаниуæгджын бæрæгбоны тыххæй. Банысан кодта, фæстаг рæстæджы æрцæугæ цауты тыххæй ивд кæй æрцыдысты бæрæгбонон мадзæлтты иу хай.

«Хæрзæрæджы Къуыдаргом фæстаг хæрзбон загъта не ’мзæххон Зассеты Ахмæтæн, кæцы активон хайад иста Украинæйы æфсæддон спецоперацийы. Уый йæ цард снывонд кодта Фыдыбæстæйæн службæ кæнын æмæ æфсымæрон адæмты интерестæ хъахъхъæнынæн» — дзырдта уый.

Бæстæйы разамонæг Гаглойты Алан йæ раныхасы хæдразмæ бахатыд мадзалы хайадисджытæм, цæмæй æмырæй алæугæйæ ссарой ацы хъæбатыр лæппуйы рухс ном.

Банысан кодта, нæ хæстонтæ активон хайад кæй исынц Украинæйы демилитаризаци æмæ денацификацийы фæдыл цы сæрмагонд æфсæддон операци уагъд цæуы, уым. Загъта, ахæм ныфс, æввахс рæстæджы рæстдзинад кæй фæуæлахиз уыдзæн æмæ нæ æфсæддонтæ кæй æрæздæхдзысты сæ Райгуырæн зæхмæ æмæ сæ бинонты æхсæнмæ уæлахизимæ.

Мах та, зæгъгæ, нæ хъайтартыл æмбæлдзыстæм стыр кадимæ.

«Зындзинæдты ныхмæ иунæгæй фæлæууын æнцон нæу, махæн нæ тых иудзинады ис æмæ иумæ скъуыддзаг кæндзыстæм æппæт проблемон фарстатæ. Уымæн æмæ махæн не ппæтæн дæр ис иу нысан — хъуамæ саразæм тыхджын æмæ дининæфтауæг Ирыстон!», — дзырдта уый.

Бæрæгбонон арфæтæ ракодта бæстæйы разамонæг ноджыдæр къуыдаргомæн Къуайсайы горæты боны цытæн.

Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ горæт Къуайсайы цæрджытæ бæстæйы разамонæгмæ раздæр хатыдысты, цæмæй сын рахицæн æрцæуа ног транспортон фæрæз.

Ацы фарст ныр бæстон æрцыд æмæ цытджын уавæры Гаглойты Алан ног машинæйы дæгъæлтæ радта администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Аланмæ. Уый горæты цæрджыты æмæ йæхи номæй бузныджы ныхæстæ загъта бæстæйы къухдариуæгадæн сæ æмбаргæ ахасты тыххæй.

1989-2008 азты хæстон архайдтыты, медицинæ æмæ ахуырады къабазмæ æмæ горæты райрæзтмæ сæ нысаниуæгджын хайбавæрды тыххæй Хæлардзинады орден, «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы» майдантæ æмæ Кады грамотæтæй Президент схорзæхджын кодта къорд æмбæстаджы.

Къуыдаргомы цæрджытæ бузныг сты бæстæйы разамонæг Гаглойты Аланæй, йæ хъарм æмæ аудгæ ахасты тыххæй, се мзæххон Хуыгаты Ростикæй, æвзонг æмæ арæхстджын разамонæг Хуыгаты Аланæй. Уадз ноджыдæр бирæ юбилейтæ нысан кæнæт æвзонг горæты æмæ йæ алфæмблай хъæуты цæрджытæ.

Къуайсайы гимны зæлтæ ноджыдæр арæхдæр æмæ парахатæй хъуысæт æгас Ирыстоны сæрмæ — махæн Къуайса нæ кад у æмæ нын ноджы бæркадджындæр суæт.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.