Нæ горæты цады цур канд сæрдыгон бонты нæ, фæлæ афæдзы алы афон дæр сæ рæстæг фервитынц цæрджытæ, уæлдайдæр та сывæллæттæ. Цады былыл ис, куыд сабитæн хиирхæфсæн бынат, афтæ ма æвзонг фæсивæд спортæй кæм архайой, ахæм тренажертæ дæр.

Цады былыл ма ис бирæ фæхсбадæнтæ, кæцы бынæттæм раздæр æдæрсгæ цыдысты автомашинæтæ æмæ-иу дзы шофыртæ сæ машинæтæ æхсадтой. Уымæ гæсгæ-иу, кæй зæгъын æй хъæуы, цад дæр чъизи кодтой. Ныр уым æвæрд æрцыдысты шлагбаумтæ æмæ бетонтæ, æмæ дзы ныридæгæн бацæуæн ис æрмæстдæр фистæгæй.

Æрвылаз дæр зымæгырдæм цады дон ауадзынц. Уалдзæджы æрбалæудимæ та æрæвналынц йæ сыгъдæг кæнынмæ, уымæн æмæ куыд цады дзыхъхъы, афтæ ма йæ алыварс дæр байдзаг вæййы бронæй. Уый фæстæ йæм дон куы рауадзынц, уæд ын йæ гъæд æнæмæнг басгарынц санэпидстанцийы кусджытæ. Хъарм бонты æрлæудимæ сывæллæттæ сæхи найын куы райдайынц цады, уæд дзы слæууынц Уæлвæткон уавæрты министрады ирвæзынгæнджыты къорд дæр.

Ацы аз цады сыгъдæггæнæн куыстытæ кæнынц горæты администраци.

Йæ алфæмблай схъуына, цъмара доны тæф дардмæ калд. Æрвылаз дæр афтæ вæййы. Сæрды бонты ам бирæ адæм фæнайы, стæй хурмæ дон æнæуый дæр æвзæр кæны. Цадæн йæ быны бирæ брон æрæмбырд вæййы – цыргъдуртæ æмæ æфсæн æрмæджытæ. Уыдонæй сыгъдæг цæуы бæстонæй. Куыддæр цад ныссыгъдæг кæнæм, афтæ йæм  уагъд æрцæудзæн дон æмæ та тæвд бонты рухс кæндзæн горæты цæрджыты зæрдæтæ. Ам кусгæйæ нæм бирæтæ æрбацæуынц, цымыдис фæкæнынц, ома, æцæг у, цадмæ кæцæйдæр канализацийы дон кæй ивæрзы. Фæлæ уый раст нæу. Уымæн æмæ цады донæй æрвылаз дæр санэпидстанцийы кусджытæ сисынц анализтæ», – зæгъы кусджытæй сæ иу.

Куыд зонæм, афтæмæй-иу раздæр азты цады цыд æнамонд цаутæ. Ныр ам урæд æрцæудзæн хъусдарджытæ, Уæлвæткон уавæрты министрады ирвæзынгæнджытæй. Йæ алыварс территоримæ хъус чи дара æппынæдзух, ахæм адæймаг дæр ын баурæдтой, уый алы райсом дæр раджы, цалынмæ адæм не сызмæлынц уæдмæ, ныссыгъдæг кæны цады алфæмблай алыгъуызон пластик мигæнæнтæ æмæ брæттæй.

Раст у, цад ацафон йедзаг вæййы донæй, фæлæ йæм дон цæуы донхæры каналæй, уым та мелиорацийы кусджытæ кодтой цалцæггæнæн куыстытæ. Куыддæр уыдон фæуой афтæ цадмæ рацæудзæнис дон.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.