ЭКСПОНАТТÆН – ХИЦÆН ЭКСПОЗИЦИ

 

Æрæджы, УФ-йы Президент Владимир Путин æмæ РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийæн официалон фембæлд куы уыд, уæд ын Уæрæсейы Президент балæвар кодта инæлар-лейтенант Хæбæлаты Сергейы æхсаргард. Уыцы æхсаргардæн историонсимволикон нысаниуæг кæй ис, уый бахынцыдта Бибылты Анатоли æмæ æхсаргард стыр райгондæй балæвар кодта РХИ-йы Национ музейæн. Владимир Путин ма æн-дæр лæвæрттæ балæвар кодта нæ республикæйы раздæры Президенттæн дæр æмæ уыдон дæр лæвæрд æрцыдысты Национ музеймæ. Йæ директор Зассеты Мераб ныфс бавæрдта, иу къуырийы æмгъуыдмæ Национ музейы хицæн къуым кæй рахицæн кæндзысты Президентты экспонаттæн. Æмæ, æцæгæйдæр, йæ дзырдæн разындис хицау, къуырийы æмгъуыдмæ ам арæзт æрцыд хицæн къуым æмæ экспонатты канд æмбæлон уагыл, æппæт зонæнтимæ аив нæ равæрдтой, фæлæ ма сын сахуыр кодтой сæ истори дæр. Зассейы фырт куыд загъта, афтæмæй музеймæ чи бацæуа æмæ экспонатты истори кæй цымыдис кæна, уыдонæн фадат уыдзæн, канд хи цæстæй сæ фенынæн нæ, фæлæ ма сæ музейы кусджытæ зонгæ кæндзысты экспонатты историимæ дæр.

«Мах хъуамæ зонæм нæ хъайтарты æмæ сын аргъ æмæ кад кæнæм», – загъта музейы директор Зассеты Мераб æмæ журналисттæн лæмбынæг радзырдта Тускъаты Александры 18-æм æнусы кремнийæ хæцæнгарзы, стæй æмæ инæлар-лейтенант Хæбæлаты Сергейы 19-æм æнусы æхсаргардты тыххæй. Тускъаты Александры æхсаргард æлхæд æрцыд йæ цотæй æмæ йæ 2015 азы Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин та балæвар кодта Тыбылты Леонидæн.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Хæбæлаты Сергей 1877-1878 азты кæй уыдис уырыссаг-туркаг хæсты хайадисæг, Мæскуыйы æмæ Павловскы æфсæддон ахуыргæнæндæтты хистæр, æфсæддон хъуыддаджы фæдыл къорд ахуыргæнæн чиныджы автор, Петрограды æфсæддон округыл командæгæнæг, бирæ уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг орденты кавалер.

Тускъаты Александр та уыдис булкъон, Сунжæ-Дзæуджыхъæуы дыккаг хъазахъхъаг полчы командир. Уый дæр хорзæхджын уыд бирæ хорзæхтæй.

Экспозицийы йæ бынат ссардта, Донецкы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæг нæ республикæйы Президент Бибылты Анатолийæн цы æхсаргард балæвар кодта, уый дæр.

Ам ма æвæрд æрцыдысты, республикæйы иннæ Президенттæн дæр цы лæвæрттæ бакодтой, уыдон. Цæвиттон, ам æвæрд æрцыдысты, республикæйы фыццаг Президент Цыбырты Людвигæн Приднестроваг-Молдоваг Республикæ цы лæвæрттæ бакодта, уыдон, афтæ ма дзы ис æндæр лæвæрттæ дæр.

Экспозици рауад цымыдисон, æрбацæуджыты хъусдард йæхимæ здахы æмæ æвдисæн сты ирон æмæ уырыссаг адæмты хæларадон ахастытæн.

 

ХÆСТЫ ВЕТЕРАН НОГ АЗЫЛ СÆМБÆЛДЗÆН ЙÆ НОГ ХÆДЗАРЫ

Азтæ кæрæдзийы фæстæ ивгъуыдмæ куыд цæуынц, афтæ нæ дарддæр кæны Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Рæстæджы цыдимæ къаддæрæй-къаддæр кæнынц Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæ дæр.

Ирыстон дæр йæ равзаргæ хъæбулты фервыста уыцы уæззау фæндагыл. Уыдонæй бирæтæ фæцыдысты ацу æмæ ма ‘рцуйы фæндагыл. Бирæтæ цæфтæ æмæ инвалидтæй æрыздæхтысты, бирæтæ та йæ судзгæ цæхæрыл кæд рацыдысты, уæддæр æвыдæй æрыздæхтысты хæсты быдырæй. Уыдонæй сæ иу у нæ горæты цæрæг Гатыгкоты Захар. Уый йæ сæдæазон юбилей банысан кодта ацы аз июны мæйы. Уый цытæн ветеранмæ æрбацыд Президент Бибылты Анатоли æмæ йын ракодта зæрдæбын арфæтæ.

Президент куы федта, Гатыгкоты Захар æд бинонтæ,  раджы йæхæдæг кæй сарæзта, уыцы къуындæг æмæ зæронд хæдзары кæй цæры, уæд ветеранæн ныфс бавæрдта ног хæдзар саразынæй. Æмæ йæ ныхас сæххæст кодта. Хæдзар аразы арæзтадон подрядон организаци «Шанс». Подрядон организацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь куыд зæгъы, афтæмæй ам арæзтадон куыстытæ цæуынц æнæрлæугæйæ. Хæдзар агъуысты бын фæцис æмæ ныртæккæ кусджытæ кæнынц мидæггагон куыстытæ. Къултæ æддейæ-мидæгæй сæрст фесты, куыст цæуы хъæрмадон системæ аразыныл, кусджытæ архайынц астæрдтæ слæгъз кæныныл.

Уæдæ, куыстытæ цырд темтæй кæй цæуынц, уымæ гæсгæ, зæгъæн ис, хæсты ветеран ногарæзт хæдзары кæй банысан кæндзæн йæ Ног аз.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.