ДЗУЛЫ ФÆЗЫНАРГЪ УЫД ÆНÆМÆНГ ХЪУЫДДАГ

Нæ горæты рагондæр куыстуæттæй сæ иу – Цхинвалы дзулфыцæн куыстуатæн йæ хъысмæт нæ адæмы хъысмæтимæ æнгæс разынд. Йæ сырæзтæй фæстæмæ уый æнæрлæугæйæ, кондадон процесс æнæаскъуыйгæйæ æрвылбон дæр лæггад кæны æмæ адæмы размæ хæссы йæ руадзгæ продукци. Сабыр рæстæджы уыдаид, æви – фыдзаманты, уæддæр йæ цехтæй хъуыст сæ куысты уæлхъус лæуд кусджыты хъæлæба æмæ нæ ифтонг кодтой царды иууыл æнæмæнгхъæуæгдæр хæлцадон продукци – дзулæй. Æгæрыстæмæй, гуырдзыйы агрессийы рæстæджы дæр уый йæ куыстæй никуы æрлæууыд, кæд-иу хатт ссадæй цух кодта, уæддæр. Ныр уыцы рæстæджытæ фæстейæ баззадысты æмæ куыд нæ адæмы цард, иумиагæй сисгæйæ, афтæ ацы куыстуат дæр ногæй слæууыд рæзты фæндагыл. Йæ царды ахсджиаг цау ссис йæ территорийыл ног корпусы сырæзт, кæцы фадат радта рауадзгæ продукцийы гъæд но-джы фæхуыздæр кæнын æмæ йын йæ ассортимент рауæрæх кæнынæн.

Ныртæккæ ам уадзынц 70 хуызы бæрц продукци. Æмæ сæ гъæд цахæм вæййы, уымæн та аргъгæнæг стæм мах, – фæлхасгæнджытæ. Сæйраг продукци дзулæй дарддæр ам кæнынц уæливыхтæ, кекстæ, торттæ, алыгъуызон булкæтæ, æмæ æндæр æмæ æндæр кондитерон хæринæгтæ.

Фæлæ, уæддæр, куыд ма загътам, афтæмæй йæ сæйраг продукт у дзул, æмæ уый дæр уагъд цæуы цалдæр хуызы.

Ацы бонты фæлхасгæнджытæ сæхиуыл банкъардтой, дзулы аргъ, кæд бирæ нæ, уæддæр кæй фæзынаргъдæр. Раздæр æй кæд æлхæдтам 16 сомæй, уæд ныр та ссис 18 сомы. Уый тыххæй уынаффæ райста республикæйы хицауад æмæ йын уыдис уæзгæ аххосæгтæ.  Заводы директор Цхуырбаты Вадим куыд зæгъы, афтæмæй ахæм къахдзæф саразын баст уыдис хомыс, æртаг-сæрдæн æрмæджытæ, газ æмæ электроэнергийы аргъ кæй зынаргъдæр кæнынц, уыимæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, дзулы аргъ нæ фæфылдæр 2015 азы апрелы мæйæ æмæ уæдæй фæстæмæ та ссады иу килограммы аргъ 13 сомæй схызт 19 сом æмæ 50 къапеччы онг. Уый æрмæст ссады аргъ. Афтæмæй та дзулы аргъ æнæуый дæр йæ хиаргъæй у бирæ къаддæр – йæ хиаргъ та у 23 сомы æмæ 30 къапеччы. Афтæмæй куыстуаты хæрдзтæ зынгæ сырæзтысты æмæ сæ дзулы аргъ фæфылдæр кæнынæй бирæбæрцæй баххæст кæндзæн.

Директор куыд зæгъы, афтæмæй Хицауад ныфс бавæрдта, цæмæй ма сын 1 сом æмæ 20 къапеччы фидой компенсаци иу дзулы хиаргъæй.

Куыстуаты сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ дзулы хиаргъ фæкъаддæр кæныныл бандавæн ис заводы хицæн цехты среконструкци кæнгæйæ, фæлæ, зæгъгæ, ахæм финансон фадæттæ махæн нæй.

Уавæр кæд афтæ у, уæддæр директор куыд зæгъы, афтæмæй кусджыты нымæц фæкъаддæр кæныныл дзырд дæр нæ цæуы. Уый нæ, фæлæ йæ фæнды сæ мыздтæ сын фæфылдæр кæна,  уымæн  æмæ комбинаты кусджыты куыстмызд фæстаг æртæ азы нæ фæфылдæр. Кусджыты куыстмызд астæуккаг нымадæй ныр дæр у 20 мин сомы. Уый та цъус нæу. Фæлæ директоры хъуыдымæ гæсгæ, фыдæбон дæр бирæ кæнынц.

 Ныры дудджы, хæлцадон продукттæ чи уадзы, уыдон тырнынц, цæмæй сæм æфтауой, нæрсын сæ чи кæны, сæ адыл сын хорзæрдæм чи æндавы, фæлæ адæймаджы æнæниздзинадæн зианæй дарддæр пайда чи не сты, ахæм буарадтæ. Ацы куыстуаты та сæхи хизынц уыдонæй.

«Нæ кондады мах, æгæрыстæмæй, маргаринæй дæр нæ пайда кæнæм хæрзчысыл йеддæмæ æмæ уый дæр у, паддзахадон стандарт бар цас дæтты, уый бæрц. Адджинæгты цы кремтæ æмæ змæстытæй пайда кæнæм, уыдон та вæййынц беларусаг сойæ арæзт. Мах нæ пайда кæнæм æрласгæ æмæ салд фыдызгъæлæй дæр. Мæ хъуыды мæнæн у ахæм: мæ сы-вæллæттæн цы хæринаг нæ радтон, уый æндæртæн дæр нæ ратдзынæн. Афтæ, уæдæ, нæ куыстуаты уагъд продукци хæрынц мæ сывæллæттæ æмæ мæ адæм дæр», – зæгъы Цхуырбайы фырт.

Директор куыд зæгъы, афтæмæй сæм бирæ фæндтæ ис æмæ архайдзысты цадæггай сæ аскъуыддзаг кæныныл. Сæ зæрды ис сæхи куырой саразын. Уымæй дарддæр ма бадзырд-той нæ республикæйы районты фермертимæ, цæмæй байтауой мæнæу æмæ кæрдзын кæна нæхи æркæнгæ мæнæуæй.

Куыстуаты  кусынц,  сæ  хъуыддаг хорз чи зонынц, ахæм кусджытæ æмæ уымæн та æндæр гæнæн нæй. Дæ куыстмæ куынæ арæхсай, дæ уд дзы куынæ æвæрай, уæд иуæй-иу æфсинтæн сæ хæринаг æнæад куыд рауайы, афтæ рауайдзæн ацы куыстуаты продукцийы гъæд дæр. Уымæн та æруадзæн нæй, уæд куыстуаты кад дæлæмæ хауы. Директор та райгонд у йæ кусджытæй. Райгонд сæ стæм мах – æрвылбон сын сæ продукци чи æлхæнынц, уыцы фæлхасгæнджытæ дæр.

ФЫЛДÆРÆЙ  ФЫЛДÆР  КÆНЫНЦ ÆНХЪÆЛМÆКÆСÆН  БЫНÆТТÆ

Рагæй дзырд цыдис нæ горæты автобусмæ æнхъæлмæкæсæн бынæттæ саразыныл, фæлæ уынгтæ хæрзарæзт кæй нæ уыдысты æмæ сæ уыцы куыстытæ бакæныны фæстæ аразын кæй хъуыд, уымæ гæсгæ горæты разамынад нæ тагъд кодта сæ аразыныл. Ныр сæйраг уынгтæ хæрзарæзт æрцыдысты, скалдтой сæ хуыз æмæ æрбалæууыд æрлæууæн бынæттæ саразыны рæстæг дæр. Сæ аразынмæ æрывнæлдтой дыууæ къуырийы размæ. Ныридæгæн уал 7 ахæм бынаты арæзт æрцыд Джиоты Аланы проспекты. Уыдон сты базарадон центр «Солнечный», 2, 5, 6-æм скъолаты, Ногдзауты парчы, æмæ Чысыл базары размæ. Æрлæууæн бынæттæ арæзт цæуынц, чи нæ сæтты, ахæм авгæй. Цы бынæтты æвæрд цæуынц, уый горæты администраци сбæлвырд кæны паддзахадон автоинспекци æмæ паддзахадон унитарон куыстуат «Авто-мобилон транспорты управлени»-имæ иумæ.

Горæты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады управленийы хистæр Лалыты Сосланы ныхæстæм гæсгæ, ацы куыстытæ нырма æххæст цæуынц центры, уый фæстæ та – фылдæр адæм кæм змæлынц, ахæм бынæтты.

Афтæ æмæ æхсæнадон транспортмæ чи фенхъæлмæ кæсы, уыдонæн сæ бон уыдзæн æвзæр боныгъæдты ахæм транспортмæ æдыхстæй банхъæлмæ кæсын.

УЫДЗÆН МУЗЫКАЛОН ФОНТАН ТЕАТРАЛОН ФÆЗУАТЫ

Нæ горæты Театралон фæзуаты пырх чи æрцыд, уыцы фонтаны бынаты ног фонтан арæзт кæй æрцæудзæн, уый нæ горæттæгтæ базыдтой театры бæстыхай аразын куы райдыдтой, уæд. Театр раджы сырæзт æмæ уыимæ хъуа-мæ сырæзтаид фонтан дæр, фæлæ уый нырма дæр никуы æмæ никæцæй зыны. Ныр скъуыддзаг æрцыд азы кæронмæ ацы бынаты кæй сырæздзæн фонтан – егъау музыкалон фонтан. Республикæйы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гаглойты Сергей куыд зæгъы, афтæмæй уый уыдзæн нырыккон музыкалон фонтан. Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестиционпрограммæйы нысангонд фæрæзтæй уымæн рахицæн æрцыд 23 милуан сомы.  Уый  эксплуатацимæ  лæвæрд хъуамæ æрцыдаид ивгъуыд азы, фæлæ йæ цы подрядон организаци арæзта, уый йæ куыстытæ æмбæлон уагыл нæ кодта æмæ иуварс æрцыдис ацы куыстæй. «Уый нæ уыдис, техникон æмæ аивадон æгъдауæй дæр, горæты сæйраг фæзуаты чи рафидауын кодтаид, ахæм фонтан. Ныр мах æрхуыдтам цæгатирыстойнаг компани «Промикс»-ы, кæцымæ ацы хъуыддаджы ис стыр фæлтæрддзинад», – зæгъы Гаглойы фырт.

Ног фонтанæн закъаз æрцыдысты гермайнаг нырыккон ифтонггæрзтæ. Уый уыдзæн рæсугъд фонтан, кæцыйы синхронизаци цæудзысты рухс, музыкæ æмæ фонтанæй цæуæг дæттæ. Ныртæккæ ам аразджытæ демонтаж кæнынц, раздæр дзы цы ифтонггæрзтæ æвæрд æр-цыдысты, уыдон. Уый фæстæ та æрывналдзысты арæзтадон-монтажгæнæн куыстытæм.

ЛИФТТÆ – БИРÆУÆЛАДЗЫГОН ХÆДЗÆРТТЫ

Æхсызгон цау у нæ горæты бирæуæладзыгон хæдзæртты лифттæ кæй сырæздзысты, уый. Ныр фарастуæладзыгон хæдзæртты уæллаг уæладзгуыты цæрджытæн сæ уавæр бирæ фенцондæр уыдзæн, уæлдайдæр та ацæргæ адæмæн. Ныртæккæ кусджытæ дыууæ лифты æвæрынц Ленины уынджы 132-æм бирæуæладзыгон хæдзары.

Горæты администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады управленийы хистæр Хъотайты Алан куыд зæгъы, афтæмæй азы фæудмæ уыдон фæнд кæнынц нæ горæты ахæм бирæуæладзыгон хæдзæртты 14 лифты сæвæрын. Æвæргæ та сæ кæнынц Уæрæсейæ æр-хонгæ специалисттæ.

Хъотайы фырт куыд зæгъы, афтæмæй сын финанскæнынады нæй проблемæтæ, куыстытæ дæр цæуынц æмбæлон уагыл. Лифттæ дæр сты гъæдджын æрмæгæй.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй сæхæдæг дæр бацархайдзысты ацы хаххыл ахуырмæ арвитыныл, цæмæй нæхимæ бынаты уа ахæм специалисттæ æмæ  сæ  хъус  дарой  лифтты  куыстмæ.

Республикæйы Президент Бибылты Анатолийы бахæсмæ гæсгæ горæты бирæуæладзыгон хæдзæртты лифттæ æвæрд хъуамæ æрцæуой азы кæронмæ.

Лифттæ саразыны тыххæй, уыдонæн рахицæн æрцыд 36 милуан сомы бæрц.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.