ПРЕЗИДЕНТ БАБÆРÆГ КОДТА АВАРИОН ХÆДЗÆРТТЫ

Цæрæнуатон фарст раздæрау нырма актуалон у нæ горæты бирæ цæрджытæн, кæд бирæ цæрæн хæдзæрттæ арæзт цæуы фæстаг азты, уæддæр. Ирæтты уынджы дæр нырма ис бирæ зæронд, аварион хæдзæрттæ, кæцыты цæрджытæн хъæуы сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæнын. Ацы  хæдзæрттæ ист æрцыдысты Цхинвалы администрацийы балансмæ. Банысан кæнын хъæуы, сæ цæрджытæй иутæ кæй ралыгъдысты Маяковскийы уынгмæ æмæ кæй баисты ног цæрæн бынæтты хицæуттæ.

Аварион хæдзæртты бабæрæг кодта РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. Цæрджытæ сæ тыхст уавæр дзырдтой Президентæн. Сæ иу куыд загъта, афтæмæй йæхæдæг цæры хъæуы æмæ зымæджы æрцæуы горæтмæ, йæ чызджы бинонтæм. Фæлæ сæхицæн дæр нæй æмбæлон царды уавæртæ, сæ хæдзар кæлæтдзаг кæй у æмæ дзы стыр митуардты цæрынæн тæссаг кæй у, уый аххосæй. Президент банысангонд хæдзæртты цæрджытимæ ныхас кæнгæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, сæ цæрæнуатон уавæртæ чи фæхуыздæр кодтой сæ сыхæгтæй, уыдонау уыдон дæр, æввахс рæстæджы сæ бон у  бауой фатерты хицæуттæ, уымæн æмæ сæ бирæтæ лæууынц ног цæрæнуат райсынмæ рады.

ЦÆРДЖЫТÆ РАЙГОНД СТЫ НОГАРÆЗТ УЫНГТÆЙ

Хæрзарæзт æрцыдысты нæ горæты Гуыбаты æфсымæрты æмæ Сомихæгты уынг. Ацы уынгты арæзтадыл кусджытæ куыстой райсомæй изæрдалынгтæм, æгæрыстæмæй, улæфт бонты дæр. Сæ куыстмæ сын сæ хъус дардтой цæрджытæ сæхæдæг дæр. Уыдтой кусджыты æнæзæрдæхудт куыст æмæ уымæ гæсгæ уыдысты тынг райгонд, дзырдтой сын бузныджы ныхæстæ.

“Райсом куы рахизæм нæ хæдзæрттæй æмæ уынджы сыгъдæгдзинадыл нæ цæст куы ахæссæм, уæд нæ цинæн кæрон нал вæййы. Никуы нæ бауырныдтаид, базармæ æдзæллаг уавæры уæвæг уынгыл нал цæу-дзыстæм, уый. Бузныг аразджы-тæн æмæ нæ республикæйы разамынадæн, ахæм стыр хорздзинад нын кæй сарæзтой нæ ног азы къæсæрыл, уый тыххæй. Адæймагæн æмбæлон царды уавæртæ куы вæййы, уæд рухс вæййы йæ зæрдæ, йæ цард та фæкæны дæргъвæтиндæр”, – дзырдтой уынджы цæрджытæ.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.