2015-2017 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны фæлгæтты 2017 азмæ хаст æрцыдысты Цхинвалы 13 уынджы схæрзарæзт кæнын. Уыдон сты Герцены, Калинины, Кутузовы, Кировы, Дзауы, Скъолайы, Джиоты Дауыты, Фæсивæды, Колыты Аксойы, Сомихы, Комаровы, Заводы уынгтæ, афтæ ма Аргъуаны раз фæзуат дæр.

РХИ-йы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гаглойты Сергейы ныхæстæм гæсгæ ныртæккæ æппæт уæлдæрранымад уынгты куыстытæ æххæст цæуынц донифтонгады æмæ канализацийы хæххытæ уадзыны фæдыл. Уыдон ивд нæ цыдысты 70 азæй фылдæр æмæ раууатмæ æрцыдысты. Алы уынджы дæр, йæ дæргъ цас у, уымæ гæсгæ кусынц цалдæргай бригадæтæ, алы бригадæйы дæр кусынц 6 адæймагæй фылдæр æмæ æртæ иуæджы та уæззау техникæ.

«Горæты уынгты хæрзарæзтады фæдыл æппæт куыстытæ дæр хъуамæ фæуой ацы азы кæронмæ. Банысангонд уынгты арæзтадыл Инвестпрограммæмæ гæсгæ хъуамæ бахардз уа 467 милуан 66 мин сомы», – банысан кодта Гаглойты Сергей.

Ацы аз у фæстаг æмæ скъуыддзаггæнæг аз æртæ азæн – 2015-2017 азтæн Инвестпрограммæ реализаци кæныны. Абоны бонмæ проекттæн сæ фылдæр реализаци æрцыдысты æмæ фидарæй зæгъæн ис программæ æххæст кæй æрцæудзæнис.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.