Бæрæг куыд у, афтæмæй Гуырдзыстон йæ тых, йæ бонæй архайы, цæмæй бацæуа НАТО-йы скондмæ. Уый тыххæй та йе ‘фсад хъуамæ цæттæ уой НАТО-йы стандарттæм гæсгæ. Цæмæй Гуырдзыстонæн ацы хъуыддаг йæ къухы бафта, уый тыххæй йын ма хъуамæ уа территориалон проблемæ дæр. Фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ, сæ ныфс нæ сæттынц гуырдзиæгтæ.

Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны территорийæ сыгъдæг быдыр аразынвæнд куы скодта æмæ йæм уый нысанæн æрбабырсгæйæ, сæрсæттæн цæф куы райста Хуссар Ирыстоны хъæбатыр хъахъхъæнджыты æмæ Уæрæсейы æфсады ‘рдыгæй, ууыл дæс азæй фылдæр рацыд, фæлæ абон дæр нæ уадзы йæ милитаристон хъуыддаг. Уый йæхи гæрзифтонг кæны, растдæр зæгъгæйæ та йæ хотыхтæй ифтонг кæнынц Европæйы бæстæтæ æмæ НАТО-йы сконды уæвæг бæстæтæ, æрвитынц æм се ‘фсæддон инструкторты æмæ сæ уыдон ахуыр кæнынц НАТО-йы стандарттæм гæсгæ хæстон хъуыддагыл, йæ территорийыл ын НАТО-йы гарзджын тыхтæ уадзынц алыгъуызон хæстон ахуыртæ. Уыдон Гуырдзыстоны гарзджын тыхты цæттæ кæнынц НАТО-йы скондмæ ба-цæуынмæ. Уыцы нысанæн 2008 азæй фæстæмæ Гуырдзыстоны территорийыл ауагъд æрцыд 45 хæстон ахуыры, цыран хайад райстой, Уæрæсейы ныхмæ цы бæстæтæ сты, уыдон гарзджын тыхтæ. Ахуыртæ уагъд цæуынц æрвыл аз дæр, уымæй дæр афæдз цалдæр хатты. Кæд ахуыртыл сæвæрынц алыгъуызон нæмттæ, уæддæр сæ нысан у иу – Гуырдзыстон цы территоритæ фесæфта, уыдон тыхы руаджы фæстæмæ раздахын æмæ афтæмæй НАТО-йы скондмæ бацæуын.

НАТО Гуырдзыстоны территорийыл цы ахуыртæ уадзы, уыдонæн ис æдзухон характер. Азæй азмæ ацы ахуырты хайадисæг бæстæты нымæц фылдæрæй фылдæр кæны. Фылдæр кæнынц хæстон техникæйы хъомысад æмæ бæрц дæр.

Зæгъæм, 2009 азы Вазианийы хæстон базæйы НАТО ауагъта масштабон ахуыртæ, цыран хайад райстой 1000 хæстоны 14 фæсарæйнаг бæстæйæ. Уыцы аз ма Орфолойы æфсæддон полигоны дæр ауагъд æрцыд æфсæддон ахуыртæ «Щит-2009» номимæ. Ацы ахуырты хайад райстой 1100 гуырдзиаг хæстоны алы æмæ алыгъуызон дæлхæйттæй.

2010 азы НАТО Гуырдзыстоны территорийыл денджызгæрон хъахъхъæнынады ахуырты йед-тæмæ æндæр ахуыртæ нæ ауагъта. Ацы хатт та йæ «хъазæн фæз-уат» уыд Украинæ. Хæстон ахуыртæ ауагъта Львовы областы. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ уыцы ахуыртæ дæр нæ ацыдысты æнæ Гуырдзыстоны хайадистæй.

2011 азы та Швецийы хъæппæрисæй ауагъдæуыд виртуалон ахуыртæ «Викинг» номимæ, хайад дзы райстой НАТО-йы уæнгтæй 24 бæстæйы гарзджын тыхтæ. Уыцы аз ма «Вазиани»-йы ауагъд æрцыд хæстон ахуыртæ дæр. Гуырдзыстоны Хъахъхъæнынады министры информацимæ гæсгæ, ацы ахуырты хайад райстой 678 гуырдзиаг хæстоны, спайда дзы чындæуыд 79  хæстон техникæйæ – авиаци, артиллери, танктæ. Спайда ма дзы кодтой æнæпилотон тæхæн аппараттæ «Гермес»-æй дæр. Уыцы азы июны мæйы та Гуырдзыстоны «Иумиаг горизонттæ-2011»,  ахæм номимæ хæстон ахуыртæ ауагъта Америкæйы Иугонд Штатты сурзæххон æфсæдтимæ.

Хæстон ахуырты хъуыддаджы «тыллæгджын» уыдысты 2012, 2013, 2014 азтæ дæр, фæлæ 2015 азы цы ахуыртæ ауагъдæуыд, уыдоны нысан уыд Гуырдзыстон æвæстиат ныхкъуырд дæттыны ротæйы æмæ НАТО-йы хæстонты бангомдæр кæнын. Ацы ахуырты архайдтой æхсæг десантты ротæ æмæ Европæйы дислокацигонд гуырдзиаг уæлдæфон-десантон бригадæйы хæстонтæ. Æдæппæт ацы ахуырты хайад райстой 600 америкæйаг æмæ гуырдзиаг хæстоны, алыгъуызон хæстон техникæ, фистæг æфсады 14 хæстон машинæ «Бредли». Уыцы аз ма ауагъдæуыд Agile Spirit æмæ Noble Partner-ы ахуыртæ дæр.

НАТО-йы инструктортæ гуырдзиаг фарсы хæстонты ахуыр кæнынц æфсадыл командæ кæнын дæр. 2016 азы Гуырдзыстоны цы хæстон ахуыртæ ауагъдæуыд, уыдон фыццаг хатт ацыдысты гуырдзыстойнаг фарсы коман-дæкæнынады бын.

2017 азы ахуыртæ ауагъдæуыд Сачхерейы, хайад дзы райстой Гуырдзыстон, Азербайджан, Украинæ, Венгри, Литвæ, Сомихстон æмæ Белоруссийы хæстонтæ. Уыцы аз ма хæстон ахуыртæ ауагъдæуыд Гуырдзыстон, Азербайджан æмæ Турцийы гарзджын тыхты хайадистæй дæр. Уый размæ ацы ахуыртæ цыдысты Турчы территорийыл.

2019 азы хæстон ахуыртæ цæудзысты Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрады æппæт æмвæзадыл дæр, куыд командæкæнынад æмæ бригадæты, афтæ – батальонтæ, ротæты æмæ взводты æмвæзадыл.

Кæд Гуырдзыстонæн нæй йæхи хæстон-денджызон тыхтæ, уæддæр ацы фадыджы дæр НАТО-йы наутимæ регулярон ахуыртæ уадзы. Ахуырты нысан у гом денджызы денджызбылгæрон хъахъхъæнынады науты экипажты æмархайды æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын.

Хæстон ахуыртæй дарддæр ма НАТО Гуырдзыстоны территорийыл аразы æфсæддон базæтæ æмæ ахуыргæнæн центртæ. Уыимæ иумæ америкæйæгтæ инвентаризаци ауагътой Гуырдзыстоны аэродромтæ æмæ портты. Уымæй дарддæр Америкæйы хъахъхъæнынады министрад фæнд кæны Гуырдзыстоны территорийыл æфсæддон арæзтадтæ саразын, уыцы нымæцы административон бæстыхæйттæ, тренингты центртæ, хæдтæхджыты ангартæ, зынгхуыссынгæнæн станцтæ, офистæ, лабораторитæ, хæстон техникæ цалцæггæнæн æмæ æвæрæн арæзтадтæ.

Æппæт ацы хъуыддæгтæ бахынцгæйæ, зæгъæн ис, Гуырдзыстон та НАТО-йы фарсхæцынадæй, 2008 азы августы хæсты фæстиуджытыл нæ ахъуыды кæнгæйæ, гæнæн ис, йæ ныфс бахæсса Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы раздахынмæ. Фæлæ, куыд фæзæгъынц, мæгуыр, дам, фынтæй хъал.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.