Хорз хабæрттæ хъуысы РХИ-йы статистикон службæйæ. Паддзахадон статисткæйы управленийы хистæр Тыбылты Инал куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ æппынфæстагмæ, фыццаг хатт бирæ азты дæргъы къухты бафтыд æвæрццаг фæстиуджытæ бæстæйы демографион бæрæггæнæнты.
«Ивгъуыд азы хатдзæгтæм гæсгæ Хуссар Ирыстоны гуырынад фæбæрзонддæр мæлынадæй. Нымæцмæ гæсгæ цæрджытæм бафтыд 22 адæймаджы. Уый нысаниуæгджын цау у нæ бæстæйы царды. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ гуырынад фылдæр кæныны æвæрццаг тенденци кæй райдыдта 2012 азы. Уæд бæстæйы регистраци æрцыд 390 ноггуырды, 2013 азы — 461, 2014 азы — 495 æмæ ивгъуыд аз та Хуссар Ирыстоны адунемæ фæзынд ноггуырдты рекордон нымæц — 542 сывæллоны. Дызæрдыггæнæн нæй ууыл, æмæ фидæны ацы статистикон бæрæггæнæнтæ дарддæр кæй рæздзысты», — загъта Тыбылты Инал.
Уый ма æхсызгонæй куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ мæлынад азæй азмæ къаддæр кæны. «Фæнды мæ банысан кæнын уый, æмæ бæстæйы фæстаг цалдæр азы мæлынад бæрæг кæй фæкъаддæр. 2012 азы уыд 583 адæймаджы, 2013 азы — 557, 2014 азы — 548, 2015 азы — 520 адæймаджы. Уый у оптимизмы тенденци», — радзырдта РХИ-йы статуправленийы хистæр Тыбылты Инал.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.