Хæст карз æмæ æгъатыр у. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы советон салдатты сæрыл куырой нæ разылд, уый йедтæмæ цынæ фыдæбæттæ бавзæрстой, цынæ тыхæвзарæнты бахаудтой. Хæсты тызмæг уадтымыгъ ахаста Цхинвалы районы Дменисы хъæуккаг æрыгон лæппу Икъаты Ильяйы дæр дард Кемеровойы областы Ленинск-Кузнецкы горæты госпиталмæ мæлæтдзаг цæфæй. Хъæбатыр хæстон уæззау операцийы фæстæ йæхи æрæгмæ æрæмбæрста. Медицинон хо йæм цал æмæ цал хатты æрбацыд! Цал хатты йын асгæрста йæ зæрдæйы куыст, фæлæ-иу ын мæлæтæй нæ фæтарст. Йæ зæрдæ куыста йæ танкæйы моторау æнæкъуыхцы æмæ ныфсджынæй. Æркаст-иу хæстоны тохвæллад, хурсыгъд цæсгоммæ.

…Æрбабон. Саулагъз танкист Икъайы фырт йæ фарсыл æрзылд æмæ йæ сау цæстытæ цадæггай байгом кодта. Чысыл, цыма æрæмбæрста кæм ис, уый. Цыма рæдзæ-мæдзæ кæны, афтæ йæхи хаты. Йæ цæстытыл ауадысты йæ райгуырæн чысыл хæххон хъæу Суацхуры рæсугъд суадон, йæ сабибонтæ. Йæ мæгуыр мад Болатон раджы амард. Йæ фыд Никъала уыд мидхæсты азты сæрибары сæрыл хъæбатыр архайæг. Илья каст фæцис Джеры райдиан скъола æмæ йæ уый фæстæ йæ фыд æмæ дыккаг мад афæндараст кодтой Цхинвалы астæуккаг скъоламæ.  Æвзонг лæппу æнæхъæнæй дæр аныгъуылд ахуыры æмæ æнтыстджынæй каст фæцис астæуккаг скъола. Сфæнд кодта институтмæ бацæуын, фæлæ… 1939 азы йæм æрсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм. Уый рагæй дæр йæ бæллиц уыдис, фæлæ йæ уæлдæр ахуырмæ бацæуыны фæнд дæр рох нæ уыд.

Фидæрттæконд, арæхстджын, æнæзивæг лæппуйыл уайтагъд сæ цæст æрæвæрдтой командиртæ æмæ йæ снысан кодтой танкæйон æфсæдтæм. Барвыстой йæ полчы кæстæр командирты скъоламæ. 1940 азы йæ каст  фæцис æнтыстджынæй. Радтой йын сержанты ном æмæ ссис танчы экипажы командир. Цыфæнды зынвадæтты, цыфæнды маневрты дæр Ильяйы экипаж уыд цæвиттойнаг. Икъайы фырты Стыр Фыдыбæстæйон хæст æрæййæфта Румыны арæнгæрон. Бахъуыд æй Райгуырæн бæстæйы раз стыр бæрндзинады фæлварæн равдисын. Ильяйæн йæ зæрдыл æрлæууыдысты йæ дадайы æфсымæр Икъаты Михел, кæцы 1905 азы уыд сæрибары сæрыл æхсарджын тохгæнæг, йæ фыд Никъала æмæ йæ фыды æфсымæр Дауыт та удуæлдай тох кодтой 1919-1920 азты гуырдзиаг меньшевикты ныхмæ. Æмæ мæнæ ныр йæхдæг дæр йæ экипажы хъæбатырæй кодта тохмæ лæгмар фашистты ныхмæ. Фырт хъуамæ йæ фыдæй хуыздæр уа æмæ бырсы, тох кæны фыдызнаджы ныхмæ. … Йæ царды ацы нывтæ йæ цæстытыл куы уадысты, афтæ йæм дохтыр æрбацыд. Йæ цуры æрлæууыд æмæ йæм дзуры: – Мæнæ, гъе, æмбал сержант фашисты судзгæ нæмыг, дæ чъылыдымæй дын кæй систон, уый. Цыма дæуыл нæ, фæлæ раст дæ танкæйыл сæмбæлд, уыйау дæ уæхскы стæгыл нытъæпæн. Æркæс ма йæм, æмæ йын æй йæ цуры тумбочкæйыл æрæвæрдта, йæхæдæг ацыд. Илья мæлæтхæссæг нæмыгмæ бакаст æмæ йæ тохвæндаг æнæхъæнæй дæр ногæй йæ цæстыты раз сыстад.

…Йæ экипаж ын арвыстой развæдсгарæг. Хъуамæ æрбакодтаиккой «æвзаг». Знаджы позицитæм хæстæг бацыд æмæ уым пыхсыты йæ танк бааууон кодта. Йæ хæстонтимæ лæмбынæг сæ хъус дарынц. Сæрдыгон хур тынг æндавы, сæ хид сæрфынц. Уалынмæ дæлæ æрбацæуынц æртæ немыцаг салдаты. Куыддæр сæм хæрзæввахс æрбахæццæ уой, афтæ сыл æвиппайды сæхи ныццæвдзысты æнæхъæн экипажæй æмæ «æвзаг» цæттæ. Фæлæ афтæ нæ рауад. Чысыл фæстæдæр æрбазынд æнæхъæн æхсæг взвод. Уый размæ цы æртæ салдаты æрбацæйцыд, уыдон танкы нæ федтой, афтæмæй ацыдысты.

Икъаты Илья айтæ-уйтæ нал фæкодта, фæлæ знаджы взводмæ  ныхъавыд æмæ сын сæ тæккæ астæумæ сармадзаны хæлæн нæмыг фехста. Фашисттæ æрæзгъæлдысты. Чи ма дзы баззад, уыдоныл та пулемет ауагътой. Æнæхъæн взводæй иу дæр нал аирвæзт… Æрмæст ма дзы баззад иу цæф салдат æмæ йæ семæ аластой штабмæ. Уый радта иттæг ахсджиаг зонæнтæ немыцаг æфсæдты равæрд æмæ сæ хæцæнгæрзты уавæры фæдыл. Ацы сгуыхтдзинады тыххæй Ильяйы схорзæхджын кодтой Сырх Стъалыйы орденæй æмæ йæ экипажы хæстонты та – майдантæй. Икъайы фырт ма уый фæстæ хорзæхджын æрцыд «За оборону Москвы», «За победу над Германией в Великой Отечественной войны»-йы майдантæй, афтæ ма Фыдыбæстæйон хæсты 1-аг къæпхæны орденæй.  О, ацы тох ын бæргæ хорз рауад, фæлæ 1941 азы советон æфсад фæстæмæ куы лæууыд, уыцы рæстæджы Илья кæм службæ кодта, уыцыц æфсæддон хайы танкæтæ дæрæн æрцыдысты знаджы ныхмæ æнæмсæр хъæбатыр тохты. Сæ хæстонтæй ма чи баззад, уыдоны Харьковæй арвыстой горæт Горькимæ æмæ уырдыгæй та – Мæскуымæ. Икъайы фырт уым хайад райста 1941 азы Октябры номдзыд парады, байхъуыста Сталины ныфсдæттæг раныхасмæ. Стæй раст уыцы бон комкоммæ парадæй ацыд æввахс фронтмæ. Ногæй та йын радтой танк, ногæй та уыд экипажы командир.

Знаг Советон Цæдисы зæрдæ – Мæскуымæ куы бырста, уыцы хъызт зымæджы карз тохты дæр та Икъайы фырты экипаж хъæбатырæй æххæст кодта йæ хæс. Иуахæмы фыдгулы нæмыг сæмбæлд йæ танкыл æмæ ссыгъд. Илья æмæ йе ‘мбæлттæ  рагæппытæ кодтой. Фæлæ механикæн фадат нал фæцис. Илья йæм февнæлдта, раскъæфта йæ судзгæйæ, миты йæ ауурæста, стæй се ‘ппæт дæр сæхи бааууон кодтой. Фæстæдæр Илья нысан æрцыд танкæйон æфсæдты развæдсгарæг взводы командирæй. Иу æмæ дыууæ хатты нæ бахаудта æнæнхъæлæджы тохты, иу æмæ дыууæ хатты не ‘рбакодта «æвзаг», куы салдат, куы афицеры. Фæлæ хæст хæст у! Салдатæн мæлæт йæ фæскъæбуты лæууы. 1942 азы марты мæйы Орловы областы Икъайы фырт цы ротæйы уыд, уый та иуахæмы æрцахста хæстон позици. Знаг сæ бафиппайдта. Бацайдагъ сын карз тох. Ильяйæн фыццаг йæ син уæлæнгай фæцæф. Ницæмæ йæ æрдардта, разамынд кодта йе взводæн. Чысыл фæстæдæр хæлæн нæмыг сæмбæлд йæ рахиз цонджы бын æмæ чъылдыммæ æввахс уæхсчы банцад, ныр мæнæ йæ цуры тумбочкæйы сæр цы æлгъыстаджы нæмыг ис, уый.

Цалдæр мæйы фæхуыссыд Илья горæт Ленинск-Кузнецкы  госпиталы. Байгас йæ уæззау цæф, фæлæ хæстонæн нал сбæззыд, йæ рахиз цонг йæ бар нал уыд. Знагы нæмыджы схъис фæхаста йæ уæхскы йæ амæлæты бонмæ. Æрæздæхт Илья йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Куыста æндæр æмæ æндæр бæрнон бынæтты. Цалдæр азы куыста партийы обкомы инструкторæй. Фæстæдæр Тбилисы каст фæцис нырма иуазон æмæ стæй та æртæазон партион скъола. Парти колхозтæ фидар кæнынмæ хъæутæм коммунистты куы æрвыста, уæд Илья дæр ацыд фæстæзад колхозы сæрдарæй. Колхозонтæ уайтагъд бауарзтой хæларзæрдæ куыстуарзаг лæджы. Сæ ног сæрдары разамындæй сæ колхоз цыбыр æмгъуыдмæ ссис раззагон хæдзарад. Икъайы фырт йæ фæллойадон архайды фæстаг дæс азы  разамынд кодта областы Мыхуыры цæдисæн. 1968 азы декабры мæйы Ильяйæн Советон Цæдисы бастдзинады министрад йæ хорз куысты тыххæй æрæрвыста арфæйы фыстæг æмæ йæ схорзæхджын кодта «Советон Цæдисы бастдзинады министрады Социалистон ерысы иттæг хорз кусæджы риуылдарæн нысанæй».

Икъаты Илья цард нæ горæты Руставелийы уынджы. Хорз зонгæ уыдтæн Илья, йæ цардæмбал Тамарæ æмæ йе ‘ртæ чызгимæ. Æмæ Ильяйы бахъуыды кодтон уæздан æмæ æгъдауджын адæймагæй. Абоны онг дæр мæ цæстыты раз сысты йæ рухс фæлгондз. Илья Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг кæй уыд, уый тыххæй раджы базыдтон, фæлæ мын йæ хæстон фæндаджы тыххæй бæстондæрæй радзырдта йæ чызг Ангелинæ. Илья цардæй ахицæн 1987 азы.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.