Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы æмдзæрæндоны цæры 13 бинойнаджы. Уыдонæй алкæмæн дæр ис сывæллæттæ. Сæ иуæй-иутæ сты кусынхъом. Ис дзы ахæмтæ дæр, кæцытæн аздæхæн ис сæ раздæры цæрæнуæттæм. Фæлæ (æз нæ фæтæрсдзынæн уыцы ныхасæй) алкæмæн дæр йе скаст у, цæмæй йын раттой фатер. Уæдæ æндæр куыд бамбарæн ис, ацы уынгыл растдæр фæндаджы иннæ фарс 1992 азы раздæры сабиты рæвдауæндоны цы адæм æрцард, уыдон куы бахатыдысты горæты администрацийы сæргълæууæг Гасситы Махармæ, цæмæй сын горæты балансыл сæвæрой сæ цæрæнуат. Раздæры сабидон куыддæр горæты балансыл сæвæрдæуыд, афтæ ам цы 11 бинонтæ æрцард, уыдон сабыргай, кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ сæ хатæнтæ сцалцæг кодтой, бауагътой сæм сантехникон хæтæлтæ дæр. Ныр уыдон цæрджытæн сты приватизацигонд.

Ацы бонты Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти цы æмбырд уагъта, уым иу фарст уыд, раздæры ведомствæйон æмдзæрæндæтты цы æмбæстæгтæ цæры, уыдоны цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй Президент хæслæвæрдтæ радта, цæмæй ма цы æмдзæрæндæттæ баззад, уыдон дæр горæты балансыл æвæрд æрцæуой.

Ацы æмбырды хæслæвæрдтæ радтæуыд æмбæлон инстанцитæн. Ацы фарст æвиппайды нæ сæвзæрд, уымæн æмæ 17 июны РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид æмæ Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти фембæлдысты æмдзæрæндоны цæрджытимæ. Уæд цæрджытæ хъаст кодтой, кæм цæрынц, уыцы æмдзæрæндоны техникон æмæ санитарон уавæрæй. Фæлæ цæрджытæн бамбарынчындæуыд: цæмæй æмдзæрæндоны горæты цæрæнуатон-коммуналон хайад коммуникацион куыстытæ бакæна, уый тыххæй йæ хъæуы балансыл сæвæрын.

Ацы хъуыддагыл цыд ахсджиаг куыст æмæ мæнæ ныр горæты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады сæргълæууæг Тыбылты Геннади куыд загъта, афтæмæй: «Нæ къухы ис хицауады уынаффæйы гæххæтт, цыран дзырдæуы, цæмæй администрацийы хыгъдмæ лæвæрд æрцæуа канд 131-æм профтехахуыргæнæндоны æмдзæрæндон нæ, фæлæ ма æндæртæ дæр. Куыддæр ацы гæххæттыл къухтæ æрфыссæм, афтæ бавналдзыстæм электроны хæххытæм, донифтонгад æмæ канализацион куыстытæм. Уый размæ та нын нæ хыгъдмæ радæттой БАМ-ы районы æмæ турбазæ «Осетия»-йы æмдзæрæндæттæ. Уым дæр бакодтам ахæм куыстытæ», – зæгъы горæты администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хайады сæргълæууæг.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй цæрджытимæ ныхас кодтой ацы темæйыл, фæлæ уыдон домынц, цæмæй сын раттæм фатертæ. Чидæртæ дзы лæу-уынц, æнæхæдзар чи сты, уыцы цæрджыты номхыгъды. «Цæрæнуат куыд арæзт цæуа, афтæ уыдон дæр исдзысты фатертæ, фæлæ уал абон махæн нæ бон у, куыддæр уагдон балансыл æвæрд æрцæуа, афтæ уым цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæныны нысанæн æрцæудзæн арæзт мониторинг», – загъта Тыбылты Геннади.

131-æм профтехахуыргæнæндоны æмдзæрæндоны цæрджытимæ æмбæлгæйæ, мах уыдонæн фехъусын кодтам æхсызгонæй, тагъд сæ фыдæ-бæттæн кæй æрцæудзæн кæрон. Фæлæ уыдон цæхгæр равдыстой æнæразыдзинад: «Мах хъæуы фатертæ! Балансыл æвæрд куы æрцæуæм, уæд уый махæн хорзæй цы æрхæсдзæн?! Æрдомдзысты нæ коммуналон фиддонтæ!», – зæгъынц амы цæрджытæ Туаты Гуло, Джиоты Ляля, Сабанты Серги æмæ Къæбысты Валя.

  1. S. Ирон æмбисонд афтæ зæгъы: «Бирæгъæн, дам, æмбисæндтæ хастой, уый та: «Уæлæ сæгъ фæлидзы».

Хатдзæгтæ аразут уæхæдæг…

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.