Хуссар Ирыстоны Информацион фæрæзты минæвæртты абоны уавæр, сæ проблемæты, сæ авналæнты, æмгуыстады фадæтты фæдыл нæ ныхас у РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Марияимæ.

Абоны бон нæ республикæйы информацион фæрæзтæн ис æппæт фадæттæ дæр, цæмæй сæ куыст æххæст кæной профессионалон, намысджынæй.

«Дыууæ азы размæ къухтæ фыст æрцыдысты Цæгат Ирыстоны æнгæс комитетимæ сразыдзинадыл. Дзырд цыд æмгуыстадыл, кæрæдзийæн æххуыс кæнын æмæ профессионалон фæлтæрддзинад кæрæдзийæн дæттыныл. Уыцы сразыдзинады фæлгæтты нæ цæгаттаг коллегæтæ ивгъуыд аз æрцыдысты мах-мæ. Уыдонæй бирæтæ Хуссар Ирыстонмæ фыццаг хатт æрцыдысты æмæ æхсызгонæй банысан кодтой нæ бæстæйы размæцыды нысæнттæ. Уымæн æмæ бирæтæн сæ хъуыдыйы нырма ис, цыма Хуссар Ирыстон баззад фæсхæст тыгъдады, ис социалон æгъдауæй мæгуыр уавæры. Фæлæ уыцы миф нал уæвынад кæны, уымæн æмæ нæ горæт, республикæ рæзы цырд къахдзæфтæй æмæ дидин æфтауы», – дзырдта комитеты сæрдар.

Марияйы ныхæстæм гæсгæ хуссарирыстойнаг информацион фæрæзты минæвæрттæ дæр  хайад райсынц Цæгат Ирыстоны сæ коллегæты организацигонд мадзæлтты – тымбыл фынгты, конференциты, мыхуыры фæрæзты юбилейон мадзæлтты.

Комитет йæ дæлбаруæвæг уагдæтты куысты фарсмæ куыд балæууы, куыд сын æххуыс кæны, уый фæдыл йæ сæрдар радзырдта, зæгъгæ, кæд финансон æгъдауæй цыбыркъух сты, уæддæр фадæттæ куыд амонынц, афтæ балæууынц сæ фарсмæ æмæ сын баххуыс кæнынц.

Куыд зонæм, афтæмæй журналисты куыст у ахсджиаг, вазыгджын. Сæ куысты рæстæджы хатт сæмбæлынц куыд паддзахадон бæрнон кусджыты, афтæ хуымæтæг респондентты гуымир ахастыл дæр. Уымæ гæсгæ Информаци æмæ мыхуыры комитет æрвылхатт дæр балæууы йæ журналистты фарсмæ, бахъахъхъæны сæ, кæд æмæ уый раст вæййы, уæд. Уыдон сæ куыст аразынц «Информацион фæрæзты тыххæй закъон»-мæ гæсгæ æмæ уыцы закъон алы журналист дæр  хъуамæ зона. Уый нæ зонгæйæ  гæнæн ис  дæлдзиныг цæуой йæ бартæ.

Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитет æдзух организаци кæны æрвылаз дæр бынæттон информацион фæрæзты минæвæрттæн мастер-къластæ куыд мыхуыры фæрæзты, афтæ телеуынынады кусджытæн. Уымæн æмæ дуне ивы, ивынц нæ куысты фадæттæ, фæзынд куысты ног амæлттæ æмæ уыдонимæ æмдзу хъуамæ кæнæм. Бынæттон информацион фæрæзты минæвæрттæн сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæнынæн фадат вæййы  зынгæ уæрæсейаг журналистты ауадзгæ мастер-къласты, цыран уыдон райсынц бæрзонд зонындзинæдтæ, ахъаз сын вæййынц сæ дарддæры куысты, уæлдайдæр æвзонг журналисттæн.

Хъотайты Мария ма куыд радзырдта, афтæмæй бынæттон журналисттæ хайад фæисынц Уæрæсейы территорийыл уагъдцæуæг бирæ мадзæлтты. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы мадзæлтты руаджы бæрзонддæр кæны журналисттæн йæ профессионалондзинад. Йæ ныхæстæм гæсгæ йæ фæнды рауæрæх кæнын уыцы фадæттæ, цæмæй информацион фæрæзты минæвæрттæн фадат уа Уæрæсейы территорийæ дарддæр мадзæлтты хайад райсынæн.

Комитеты сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ дарддæр сæ разы æвæрынц бирæ хæстæ æрбæстон кæнын. Хорз уаид æмæ нæ паддзахадон информацион фæрæзты минæвæрттæ хайад куы исиккой Уæрæсейы Федерацийы президенты æрвылазон пресс-конференциты. Уыцы хъуыддагæн бæстонгæнæн ис, хъæуы дзы æрмæст юридикон фарстытæ æрбæстон кæнын. Куыст цæуы ууыл дæр, цæмæй паддзахадон мыхуыры фæрæзтæ бахауой Уæрæсейы мыхуыры фæрæзты реестрмæ, уымæн æмæ нæ паддзахад Уæрæсейы субъект нæу. Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ Уæрæсейы «Роспечать»-ы нæй нæ паддзахады мыхуыры фæрæзты тарифтæ. Ацы фарстатæ домынц егъау куыст, фæлæ æппæт дæр арæзт цæуы се ‘рбæстон кæныныл æмæ уый уыдзæн стыр къахдзæф размæ. Уымæй æххæст æрцæуид, не ‘мбæстæгтæй бирæтæн, сæ райгуырæн бæстæйæн æддейæ чи цæры, уыдоны домæн.

Нырыккон æхсæнады дзырды сæрибардзинад ахсджиаг у канд журналистæн æмæ кæсæгæн нæ, фæлæ паддзахаддзинады æппæт арæзтады системæйæн. Проблемæ рæгъмæ хаст куынæ цæуа, объективондзинадыл дзырд куынæ цæуа, уæд кæцыфæнды паддзахады дæр уыдзысты проблемæтæ.

«Журналисттæ, информацион фæрæзты минæвæрттæ фадат дæттынц проблемæ уынынæн ахæм хуызы, цахæм хуызы сты æцæгæйдæр. Æмæ цас ирддæрæй æвдыст æрцæ-уа проблемæ, уыйас æнцонвадатдæр у йе ‘рбæстон кæнын дæр. Журналисты хæс ма у, цæмæй æвдиса æхсæнадон проблемæтæ паддзахиуæгадæн», – дзырдта Мария.

Комитеты сæрдар бæрæгбоны цытæн арфæ ракодта йæ дæлбар уæвæг информацион фæрæзты минæвæрттæн. Йæ цæст сын бауарзта бирæ сфæлдыстадон æнтыстытæ нæ бæстæйы хæрзæбонæн, йæ размæцыдæн.

Куыд зонæм, афтæмæй абон, 23 июлы, Республикæ Хуссар Ирыстон нысан кæны информацион фæрæзты кусджыты бон. Ацы бон баст у фыццаг ирон газеты фыццаг номыры рацыдимæ. Уый уыд 1906 азы. Ацы бон 1996 азы хаст æрцыд зæрдылдарæн бонтæм æмæ уæдæй нырмæ нымад цæуы Хуссар Ирыстоны информацион фæрæзты минæвæртты профессионалон бæрæгбоныл.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ,

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.