2016 азы 4 июлы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн къухтæ бафыст æрцыдысты мидхъуыддæгты органты иумиаг æмархайды фæдыл сразыдзинадыл Информацион-координацион центр саразыны фæдыл. Уыцы нысаниуæгджын цауы фæдыл ацы центры административон бæстыхайы уагъд æрцыд цытджын мадзал бæстæйы Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь, тыхон структурæты минæвæртты хайадистæй.

Цытджын æмбырды хæдразмæ йæ хайадисджыты видеоæрмæджы руаджы базонгæ кодтой, центр куыд арæзт цыд, æдзух уæрæсейаг бæрнон минæвæртты, афтæ ма нæ республикæйы къухдариуæгады хъусдарды бын кæй уыд стæй æмæ йæ дарддæры рæзты перспективæтимæ.

Информацион-координацион центры къухдариуæггæнæг, милицийы булкъон Болататы Алан куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ центр у æхсæнпаддзахадон æдзухархайæг орган, кæцы координаци кæны организацион фыдракæнддзинад æмæ æндæр тæссаг хуызы фыдракæндты ныхмæ архайд æмæ ма уыимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл бархалæн цаутæ профилактикæ кæнын. Ацы структурæйы йæ къухдариуæггæнæг банымадта уникалоныл, уый фæлгæтты дыууæ паддзахадты барадхъахъхъæнынады фадыджы æмразы скодтой иумиаг хæстæ скъуыддзаг кæныны куыст.

Уымæй дарддæр, центры æдзухон хъусдарды бын ис регионы территорийыл криминогенон уавæр, информацийы æргом гуырæнты мониторинг, организацигонд фыдракæндты хайадисты нысан сбæлвырд кæнын, кæцытæ ноджы дæр бæлвырд кæнынц Хуссар Ирыстоны социалон  экономикон æмæ политикон рæзт.

«Центры сырæзты райдианы йæ фыццаг сæйраг хæстæ уыдысты организацийы реконструкци æмæ бæстыхайы комплексы арæзтад, æнæмæнгхъæуæг ифтонггæрзтæ амал æмæ бæстон кæнын æмæ кадртæй сифтонг кæнын уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг специалистты нымæцæй.

Йæ  раныхасы  ма уый банысан кодта уæрæсейаг коллегæтимæ  иумиаг куыст, зæгъгæ, центр æдзух æмархайд кæны Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрадтимæ мадзæлттæ уадзыны хъуыддаджы, кæцытæ здæхт сты фыдракæндтæ ма æруадзын, фæдзæхсын, бæрæг æмæ æргом кæнынмæ, афтæ фæдагуырд æмæ рæсттæрхонæй чи æмбæхсы, уыдон, æмæ æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты агурын.

«Ацы аз 9 февралы центры æмархайды руаджы Джæуджыхъæуы территорийыл урæд æрцыд не’мбæстаг, кæцы зæрдæхсайгæ уыд фыдракæнд саразыны хъуыддаджы горæт Сочийы», – дзырдта Болататы Алан. Уый ма æрхаста конкретон цæвиттонтæ иумиаг куысты фæстиу-джыты фæдыл. Бузныджы ныхæстæ загъта нæ бæстæйы къухдариуæгады номыл, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Мидхъуыддæгты ми-нистрадты къухдариуæгæнджытæ æмæ æндæр барадхъахъхъæнæг органтæн центры раз цы сæйраг хæстæ ис, уыдон аскъуыддзаг кæныны, стæй се ‘ххуыс æмæ сæ хъусдарды тыххæй.

Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли арфæ ракодта центры кусджытæн ацы нысаниуæгджын боны цытæн. Банысан кодта, æртæ азы стыр æнтыстытæн фаг кæд нæу, уæддæр ныридæгæн сæ къухты цы бафтыд, куыст æрнывыл кæныны – уый кады аккаг кæй у.

«Информацион-координацион центр саразын рагæй хъуыд æмæ йæ байгом дæр ныры дуджы домæн у – уый у алыварсон экспертизæтæ уадзын æмæ кæрæдзийæн информаци дæттыны гæнæнтæ æмæ фыдракæнддзинæдты ныхмæ кусыны иумиаг фронт. Уый фæбæрæг Информацион центры куысты рæстæджы.  Æмæ уый серьезон æнтыст у, кæцы дарддæр дæр рæзын кæндзыстут», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

Бузныг загъта, центры организацион æмæ арæзтадон куыстытыл чи архайдта, уыдон номыл дæр, зæгъгæ, уыдон егъау хайбавæрдæн æнæбанысангæнгæ нæй. Уыдон сты Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады советы секретары хæдивæг Рашид Нургалиев, кæцы сæрмагондæй цымыдис кодта арæзтад æмæ æндидзынады фарстатæм, уыдонимæ æппæт уæрæсейаг коллегæтæ дæр.

Бæстæйы сæргълæууæг ма банысан кодта, Информацион центры куысты æнтыстыты стыр хайбавæрд кæй ис йæ къухдариуæггæнæгæн. Уый руаджы, зæгъгæ, куыстытæ бæрæг размæ цæуынц. Но-джыдæр банысан кодта, æппæт тыхтæ æмæ хъарутæ кæдфæнды дæр здæхт кæй цыдысты æмæ цæудзысты Информацион-координацион центры куыст хуыздæр кæнынмæ. Ныфс бавæрдта, уæрæсейаг коллегæтимæ иумæ центры кусджытæ кæй равдисдзысты организацигонд фыдракæнддзинады ныхмæ тох кæныны фæдыл эффективон куыст.

Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь куыд радзырдта, афæмæй центр арæзт цыд вазыгджын уавæрты. Иумиагæй сисгæйæ ног дунеон организаци уыд хæларадон паддзахадты эффективон æмархайды ирд дæнцæг, барадхъахъхъæнæг системæйы фадыджы.

«Ныртæккæ махæн нæ бон у æмæ ныфсджынæй зæгъæм центр арæзт кæй æрцыд æмæ практикон æгъдауæй кæй архайы æххæст гуырахстæй. Уый нæ, фæлæ ма Информацион центр фæбæрзонддæр кæндзæн барадхъахъхъæнæг органты эффективон архайд хицæн здæхтыты, куыд экспертизæтæ уадзыны, дунеон фæдагуырд, оперативон нысаниуæгджын информаци кæрæдзийæн дæттын, бæрæггæнæнты базæ аразын», – дзырдта министр.

Уый дæр бузныджы ныхæстæ загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны уæлдæр къухдариуæгад æмæ Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрадæн алыгъуызон фарстатæ скъуыддзаг кæныны йæ хъусдард æмæ æххуысы тыххæй, кæцы баст у центры арæзтад æмæ куыст бæстон кæныныл. Информацион-координацион центры сæрмагонд скондæн дæр арфæ ракодта Нанийы фырт, сæ службæйон хæстæм бæрнон ахаст æмæ æххæсткæнынад, бæрзонддисциплинæ сын кæй ис, уый тыххæй. Уый ныфс ис, центры кусджытæ дарддæр дæр æппæт хъарутæ кæй хардз кæндзысты Информацион центры рæзты тыххæй, æмæ сыл цы æвæджиаг службæйон хæстæ ис æвæрд, уыдон аккагæй кæй æххæст кæндзысты.

Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæ-вар Марат Кулахметовы ныхæстæм гæсгæ сразыдзинадыл къух æрфыссыны бонæй æртæ азы атахтысты, куыд иу уысм, афтæ. Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн æмархайдæн аивæн нæй, сæрмагондæй та мидхъуыддæгты органты здæхты. Уымæн æмæ æртæ азы дæргъы Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад æмæ Информацион-координацион центры директор бакодтой стыр куыст, арæзт æрцыд кусынæн хорз уавæртæ. Уыцы куысты фæстиуджытæ та дзурæг сты ацы уагдоны æнæмæнгхъæуындзинадыл. Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвары хъуыдымæ гæсгæ центр ноджыдæр рæздзæн, размæ цæудзæн æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн æмархайд дæнцæгæн хаст цæудзæн æндæр бæстæтæн.

Бæрæгбон æнæ хорзæх кæм вæййы – уыцы кады аккаг систы Информацион центры къорд кусæджы дæр.

Паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатолийы Барамындæй Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты æхсæн æмгуыстад фидар кæныны хъуыддагмæ сæ хисæрмагонд хайбавæрд æмæ иумиаг Информацион  координацион центры сырæзтыл æртæ азы сæххæсты цытæн «Республикæ Хуссар Ирыстоны сырæзтыл 25 азы сæххæсты» цытæн майдантæй хорзæхджын æрцыдысты дыууæ кусæджы. Мидхъуыддæгты министрады сæргълæууæг Наниты Игорь ведомствæйон хорзæхтæй схорзæхджын кодта къорд кусæджы. Афтид армæй нæ фæуазæг бæрæгбонгæнджытæм Уæрæсейы Æххæстбарджын минæвар дæр, уый дæр хорзæхтæ радта центры къорд кусæгæн, уыцы нымæцы Информацион центры къухдариуæггæнæг Болататы Аланæн дæр.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.