Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты хъæппæрисæй Æхсæнадæмон пресс-центры ауагъдæуыд тымбыл фынг ахæм темæйыл: «Информацион политикæйы координаци президентон æвзæрстыты хæдразмæ». Тымбыл фынджы куысты хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Администрацийы минæвæрттæ, РХИ-йы дзыллон информацион фæрæзты къухдариуæггæнджытæ, эксперттæ, политологтæ, афтæ ма уæрæсейаг уазджытæ – Политикон конъюнктурæйы центры директор Алексей Чеснаков æмæ Кавказы проблемæты центры æмæ Æхсæндунеон ахастыты Мæскуыйы паддзахадон институты хистæр зонадон кусæг Николай Силаев. Мадзалы уынаффæ цыд фидæны президентон æвзæрстыты агъоммæйы кампанийы рæстæджы информацион фæрæзты куыстыл.

Мадзалы райдиан тымбыл фынджы амонæг, РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Джуссойты Нелли банысан кодта, зæгъгæ, президентон æвзæрстыты хæдразмæ дзыллон информацион фæрæзты уæхсджытыл æруæз кæнынц ахсджиаг функцитæ.

«Президентон æвзæрстытæм ма баззад фараст мæйы æмæ, мæнмæ гæсгæ, афон у ахъуыды кæнын, дзыллон информацион фæрæзтæ куыд кусдзысты, ууыл. Куыд-фæндыйæ дæр информацион фæрæзты кусджытæ дæтдзысты раст, дипломатон информаци», – банысан кодта Джуссойты Нелли.

Дарддæр уæрæсейаг уазæг Алексей Чеснаков  куыд загъта, афтæмæй Уæрæсейæн ахсджиаг у, цæмæй Хуссар Ирыстоны æвзæрстытæ уой раст, æргом æмæ æнæ эксцесстæй. Эксцесстæ никæй хъæуынц æмæ сæ рæстмæ не ‘мбарынц дунейы бæстæтæ дæр. Уый банысан кодта Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы политикон экспертты æмæ дзыллон информацион фæрæзты æмкуысткæнынады ахсджиагдзинад.

«Æрæджы мыхуыры рауагътам доклад Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстыты тыххæй. Уавæр куыд ива, афтæ ацы доклады рæстæгæй-рæстæгмæ ног кæндзыстæм, фæлæ уымæй нæ ахаст нæ фæивдзæн. Мах æвдисдзыстæм, ам цы ивындзинæдтæ цæуы, уыдон», – бахахх кодта Чеснаков.

Уый ма банысан кодта, дыууæ паддзахады ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæлгæтты уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг политикон хæслæвæрдтæ сæххæст кæныны ахсджиагдзинад дæр.

«Дыууæ паддзахадæн дæр принципиалон у, цæмæй политикон хæслæвæрдтæ æххæст кæной куыд Хуссар Ирыстон, афтæ Уæрæсейы Федераци дæр Æмцæдисад æмæ интеграцийы бадзырды фæлгæтты. Дыккаг та у экономикон æмкуысткæнынад.  Уæрæсе-йы нæ дызæрдыг кæнынц ууыл, æмæ Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстыты чифæнды ма фæуæлахиз уа, уый уыдзæн ахæм адæймаг, кæцы æмгуыст кæндзæн Уæрæсейы Федерациимæ æмæ æххæст кæндзæн стыр Бадзырды  хæслæвæрдтæ, фæлæ уый хъуамæ хата æмæ зона, стабилондзинад æмæ иугæндзон размæцыды процесс куыд бахъахъхъæна, уый», – загъта Чеснаков æмæ дарддæр банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы сæйраг сагъæс æмæ хæс у, цæмæй хуссарирыстойнаг паддзахаддзинады æндæр бæстæтæ айсой æмæ йæ банымайой, куыд æххæстæрцæуæг факт, афтæ æмæ йæм цæмæй ма уа претензитæ. «Уый уыдзæн иууыл сæйрагдæр бæл-вырдгæнæн, æппæт дæр арæзт раст кæй æрцыд æмæ адæм сæхæдæг сæ паддзахады кæй сарæзтой, уымæн…

Куыд политолог, афтæ зæгъдзынæн уый, æмæ Уæрæсейы Федерацийæн иууыл ахсджиагдæр у, цæмæй хуссарирыстойнаг паддзахаддзинад уа эталонон, гъæдджын æмæ йæ нымайой æндæр бæстæтæ.

Ныр та ахсджиаг æрмæст раст равзæрст саразын нæу, ахсджиаг у, цæмæй лæмбынæг кæй цæстдарды бын стут, уыдон Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстыты банымайой цæсгомджыныл, æргом, раст æмæ æнæ инциденттæй», – йæ ныхасы кæрон банысан кодта Политикон конъюнктурæйы центры директор Алексей Чеснаков.

Йæ рады Æхсæндунеон ахастыты Мæскуыйы паддзахадон институты Кавказы проблемæты центры æмæ регионалон æдасдзинады хистæр зонадон кусæг Николай Силаев куыд радзырдта, афтæмæй Уæрæсейы фæнды, цæмæй 2011 азы президентон æвзæрстыты рæстæджы Хуссар Ирыстоны цы карз политикон кризис уыд, уый фæлхат мауал æрцæуа.

«Уый уыд уæззау уавæр, æмæ уым уыцы нымæцы аххосджын уыд Уæрæсе дæр. Уый уыд ахæм уавæр, кæцыйæ нæ уыд рахизæн, цæмæй алчи дæр сыгъдæгæй баззадаид. Уый уыд уæззау цæф куыд Хуссар Ирыстонмæ ахасты, афтæ Уæрæсемæ ахасты дæр æмæ уый тыххæй ахсджиаг у, цæмæй развæлгъау уынаффæ æрцæуа æвзæрстыты агъоммæ кампанийы алы аспектыл дæр», – бахахх кодта Силаев.

Уæрæсейаг уазæг хъусдард аздæхта, РХИ-йы æвзæрстыты закъондæттынадмæ æрæджы цы ивындзинæдтæ бахастæуыд, уыдонмæ дæр.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, алы политикон системæйæн дæр ахсджиаг у æргомдзинад æмæ политиктæ æмæ æвзарджытимæ бастдзинад.  Йæ ныхæстæм гæсгæ, æвзæрстытæ уыцы бастдзинады иунæг фæрæз æмæ иунæг механизм не сты, кæцыйы фæстиуæгæн ифтонг æрцæуы политикон системæйы æргомдзинад.

«Политикон системæ скъуыддзаг кæны бирæ æндæр хæслæвæрдтæ, уыцы нымæцы уыцы хицауады эффективондзинад, кæцы хицауиуæгадмæ æрцæуы æвзæрстыты руаджы. Уый ма скъуыддзаг кæны паддзахады фидардзинады, æхсæнады гæнæнуæвæг æндыгъддзинад аиуварс кæныны, æмбæстагон сабырдзинад бахъахъхъæныны хæслæвæрдтæ. Æппæт уыдæттæ бахынцгæйæ, æз ахъуыды кодтаин уыцы ивындзинæдтыл», – загъта Силаев æмæ банысан кодта, зæгъгæ, уыцы ивындзинæдты райсгæйæ, «алкæмæн йæ бон нæ уыдзæн кандида-тæй йæхи срегистраци кæнын», фæлæ уымæ æнæ кæсгæйæ, уый нормалоныл нæ нымайы, кандидаттæ дæсæй фылдæр куы уой, уæд уый.

Силаев банысан кодта, зæгъгæ, цыфæнды политикон системæ дæр размæ цæуы сындæггай, «афтæ дæр вæййы æмæ йæ фæхъæуы ноджы фергомдæр кæнын, куы та уыцы æргомдзинады фæхъæуы фæкъаддæр кæнын. Уый цæвиттон æрхаста Уæрæсейы Федерацийæ, кæцы фæстаг 25 азы дæргъы рацыд цалдæр циклы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыцы циклты рацæудзæн Хуссар Ирыстон дæр.

РХИ-йы Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Санахъоты Давид йæ раныхасы банысан кодта фидæны президентон æвзæрстыты дзыллон информацион фæрæзты архайды ахсджиагдзинад. Йæ ныхæстæм гæсгæ, хъусдард аздахын хъæуы æрмæст æвзæрстытæм нæ, фæлæ  информацион тыгъдады райрæзт æмæ сфидар кæнынмæ.

«Æппæт дæр ацæудзæн, æвзæрстыты агъоммæ информацион тыгъдад куыд арæзт уа, уымæ гæсгæ. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ мах хъус æрдарын хъæуы, æрмæст æвзæрстытæм нæ, фæлæ политикон тохтæ кæм цæудзысты, уым информацион тыгъдад куыд райрæзын кæнæм æмæ йæ куыд сфидар кæнæм, ууыл. Уыцы политикон процесстæ куыд æвдыст цæудзысты, паддзахады мидæгæй цы процесстæ цæудзæн, уыдоны тыххæй информацион фæрæзтæ цæрджытæм цахæм информаци хæццæ кæндзысты, уый ахсджиаг у. Журналисттæ хъуамæ уой объективон. Критикæ дæр æнæмæнг хъæуы, уымæн æмæ уый разæнгард кæны фарстатæ скъуыддзаг кæнынмæ, фæлæ уый хъуамæ уа конструктивон», – банысан кодта Санахъоты Давид.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны цы цæуы, уый рæстмæ æвдыст нæ цæуы.

«Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ абон Хуссар Ирыстон рæстмæ æвдыст нæ цæуы дунеон информацион тыгъдады. О, знæт политикон цаутæ нæм нæ цæуы, фæлæ нæм ис мидæггагон процесстæ, æндидзынад, кæцытæ уæрæхдæрæй æвдыст хъуамæ цæуиккой», – бахахх кодта Санахъойы фырт.

20011 азы политикон кризисы тыххæй уый куыд загъта, афтæмæй уыцы негативон цаутæ бирæтæн уыдысты зондзонæн æмæ сæ æркодтой, уыцы цаутæ сфæлхатт кæнын кæй нал хъæуы, ахæм хъуыдымæ.

Йæ ныхасы кæрон уый ноджыдæр бахахх кодта, зæгъгæ, фидæны процесстæ баст сты, информацион фæрæзтæ сæ адæммæ куыд хæццæ кæной æмæ фидæны кандидаты ныв куыд æвдисой, ууыл.

Уыцы ныхæсты фæстæ газет «Республика»-йы сæйраг редактор Хъоцыты Андрей банысан кодта, зæгъгæ, нырма æгæр раджы у президентон æвзæрстытыл дзурынæн, уымæн æмæ нырма кандидаттæ дæр бæрæг не сты æмæ æвзæрстытæм та бирæ рæстæг ис.

Æвзæрстыты агъоммæйы уавæры тыххæй дæр загъта, зæгъгæ, «æвзæрстытæ цы уавæры ацæуой, уый иууыл фылдæр Хуссар Ирыстоны цымыдис кæны, æмæ бацархайдзæн ууыл, цæмæй ацæуой сабыр уавæрты. Алы хатт дæр уыд афтæ. 2011 азы цаутæ уыдысты фыццаг хатт».

Хъоцыты Андрейы ныхæстыл сразы депутат Гасситы Петр дæр. Уый банысан кодта, зæгъгæ, 2011 азы уавæр кæй скарз, уымæн уыд йæхи æууæлтæ. Абон ахæм æууæлтæ нæй æмæ, зæгъ, уыцы тæрсæн ныхæсты сисын хъæуы боны фæткæй.

Мадзалы раныхас кодта РХИ-йы Парламенты Хицауады минæвар Гобозты Вячеслав дæр. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны æвзæрстыты закъондæттынадмæ æрæджы цы барасткæнинæгтæ хаст æрцыд, уыдон æнæнхъæлæджы кæй уыдысты, уый тыххæй сæ æхсæнад схуыдта æнæдемократон, уыимæ ма сæ практи-кæйы куыд среализаци кæной, уый дæр нырма скъуыддзаг не ‘рцыд. Президенты бынатмæ кандидаты тыххæй æдзух республикæйы цæрыны цензы тыххæй дæр загъта, зæгъгæ, уыцы нормæ идеалон нæу æмæ дзы ноджыдæр ис быцæуаг фарстатæ, фæлæ уымæй размæйы «ценз»-имæ абаргæйæ, уый бирæбæрцæй у конк-ретондæр æмæ либералондæр.

«Æз афтæ нымайын, æмæ Хуссар Ирыстоны чи цæры, уыцы кандидатæн уыцы домæнтæ æнцон сæххæстгæнæн сты. Æниу, уыцы домæнтæ дæр идеалон не сты æмæ, мæнмæ гæсгæ, фæстæдæры президентон циклмæ нал «фæхæццæ уыдзысты». Фæлæ  абоны бон уыдон сты хъæуæг”, – загъта Гобозты Вячеслав.

Президентмæ кандидат 3500 къухфысты кæй хъуамæ æрæмбырд кæна, уый Гобозы фырт нымайы растыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, паддзахады иууыл бæрзонддæр бынатмæ чи цæуы, уымæн уыцы нымæц æнцон æрæмбырдгæнæн у.

«3500 къухфысты æрæмбырд кæнын стыр ныхдур нæу, президентон æвзæрс-тытæм йæхи чи цæттæ кæны, уыцы адæймагæн, уымæй дæр æй фæуæлахизы ныфс куы уа æмæ йæ фарс æхсæнад куы хæца, уæд», – бахахх кодта уый.

Гобозы фырт æнæхъусдард нæ ныууагъта РХИ-йы Централон æвзарæн къамисы архайд дæр. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй йын йе сконды фæкъаддæр кæнын хъæуы дыууæ хатты æмæ йæ саразын хъæуы профессионалон. ЦÆК-ы уæнгтæ хъуамæ уой профессионалон юристтæ, кæцытыл æууæнда æхсæнад æмæ сын уа æнæкъæм репутаци.

Хуссарирыстойнаг центр «Интеллектуалон ресурсты» къухдариуæггæнæг, эксперт, политолог Дзугаты Къоста дæр нæ ахызт 2011 азы цауты темæйы иувæрсты. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыцы цаутæ æрцыдысты æддагон тыхты аххосæй.

«2011 азы сæфтдзаг ролы ахъазыдысты мæскуыйаг-цхинвайлаг коррупцион баст-дзинæдтæ. Мæн уырны, æмæ ацы æвзæрстыты рæстæджы мах хъуыддаг уыдзæн Мæскуыйы консолидацигонд позициимæ», – банысан кодта политолог æмæ æрсидт дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæм, цæмæй республикæйы ахсджиаг политикон цауты хæдразмæ адæммæ хæццæ кæной конструктивон информаци. Цæмæй сæ алы ныхасы тыххæй дæр хæссой стыр бæрндзинад. Дзугаты Къостайы ныхæстæм гæсгæ, æвзæрс-тыты закъондæттынадмæ хаст цы ивындзинæдтæ æрцыдысты, уыдон уыдысты рæстæгыл æмæ раст.

Йæ рады мадзалы раныхас кодта Хуссар Ирыстоны Президенты Администрацийы мидæггагон политикæйы управленийы хистæр Уанеты Мурат дæр. Уый куыд хъуыды кæны, афтæмæй цæмæй президентон æвзæрстытæ плангонд æрцæуой, цæмæй иуварс æрцæуой негативон моменттæ, уый тыххæй райдайын хъæуы цалдæр фактæй: фыццаг уый, æмæ нæ паддзахады размæцыдæн хъæуы цалдæр диаметралонæй æндæр æмæ æндæргъуызон  ныхмæвæрд цæстæнгасы; дыккаджы та – æндæр æмæ æндæргъуызон приоритеттимæ цæрджыты цалдæр къорды.

«Цæмæй сабыр æвзæрстытæ ауагъдæуа, уый тыххæй сæйраг элементтæй иу у æхсæнады æууæнк хицауиуæгадмæ. Бæрæг моменттæм нæ кæсгæйæ, мæ бон зæгъын у уый, æмæ цæмæй æхсæнад æмгуыст кæна паддзахадимæ, уый тыххæй æхсæнады æууæнк хицауиуæгадмæ бæрзонд æмвæзадыл ис. Хицауиуæгад бæрæг къахдзæфтæ аразы æхсæнады демократизацийы сæраппонд. Уый фæстиуæгæн махæн ис æппæт дæр диалоджы тыххæй, цæмæй æвзæрстыты рæстæджы размæ кæнæм  нæхи сæрмагонд интересты нæ, фæлæ – нæ иумиаг интересты. Ба-расткæнинæгтæ та здæхт уыдысты уымæ, цæмæй нæ закъæттæй пайда кæнын макæмæ æвзæрын кæна сæрмагонд цыбæлдзинад», – загъта Уанеты Мурат.

Эксперт, журналист Уазæгты Юрийы ныхæстæм гæсгæ, дзыллон информацийы фæрæзтæ республикæйы æрцæугæ цауты æвдисынц иуварсонæй, сæ хъуыды зæгъыны тыххæй политикон тыхтæй алкæмæн иугъуызон фадат нæ дæттынц. Уый фæстиуæгæн æвзæрстыты агъоммæйы кампанийы рæстæджы консолидацимæ æрсидт, куыд паддзахадон, афтæ хæдбар информацийы фæрæзтæм.

«Цæмæй президентон æвзæрстытæ ацæуой стабилон уавæрты, уый тыххæй республикæйы æппæт раззагон политикон тыхтæ развæлгъау хъуамæ æрбадой фынджы фарсмæ æмæ баныхас кæной сæ уагахасты фæткойтыл æмæ ма спайда кæной, дестабилизацимæ чи æркæна, ахæм технологитæй. Уыцы фарстатыл хъуамæ баныхас кæной ныридæгæн, уымæн æмæ æвзæрстыты агъоммæ кампани райдыдта», – банысан кодта Уазæгты Юри.

Кæронбæттæны мадзалы хайадисджытæ иууылдæр æрцыдысты иу хъуыдымæ: Хуссар Ирыстонæн ахсджиаг у, цæмæй 2017 азы президентон æвзæрстытæ ацæуой максималонæй æргом,  сабыр, стабилон уавæрты, æхсæнады ныддихтæй бахъахъхъæнын, уый та баст у куыд Хуссар Ирыстоны къухдариуæгадыл, афтæ Уæрæсейы Федерацийы къухда-риуæгадыл дæр.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.