Фæстаг 20 азы уыйбæрц ног техникон фæрæзтæ, ног технологитæ фæзынд, æмæ ацы процесс революцион ивддзинæдты дуг куы схонæм, уæд, æвæццæгæн, рæдыд нæ уыдзæн, уымæн æмæ уый бацыди адæймаджы æрдзыхъæдæн йæхимæ дæр: ивынц йæ царды æмæ хъуыды кæныны уаг, йæ культурон æмæ эстетикон æууæлтæ, суанг ма йæ уагахаст дæр. Афтæ зæгъæн ис, æмæ ацы процессæй равзæрд æмæ биноныг цæуы адæймаджы ног хуыз.

Цы у уыцы сæйраг тых, адæймаджы удыхъæд æмæ зондахаст йæхирдæм чи аздæхта æмæ йæ æндæрхуызæттæ чи скодта, уый? Хуыйны Интернет. Абон тынг бирæ адæмæн у сæ ног хицау, уый сæ акодта йæхи зондыл, уый руаджы фæзындис адæймаджы ног психологи дæр. Интернет ног цардæн йе стырдæр хай йæхи бакодта æмæ йæ, виртуалон тыгъдад кæй хонынц, уырдæм батардта. Ахæм уавæр æрдомдта æндæр культурæйы, æндæр уагахасты æууæлтæ. Ацы ногдзинæдтæй йæхи бахизыны тых нæ разынд иу адæммæ дæр, цивилизаци кæмæ нæ бахæццæ, джунглиты цæрæг  стæм знæмты йеддæмæ.

Интернеты сæйрагдæр миниуджытæй иу у адæмты сæ хæдбындур национ удыхъæдæй иппæрд кæнын æмæ сын сæ царды уаг, сæ культурон æмæ эстетикон домæнтæ æмхуызон кæнын. Ацы уавæр тынгдæр тæссаг у чысыл адæмтæн, Интернеты æрмæг кæй æвзагыл къаддæр ис кæнæ та æппындæр кæмæн нæй, уыдонæн. Интернет къаддæр тæссаг у уырыссаг адæмæн, уырыссаг æвзагæн, уымæн æмæ уый Интернетæй пайда кæны йæхи æвзагыл, уырыссагау дзы пайда кæнынц Уæрæсейы иннæ адæмыхæттытæ дæр. Уæдæ фидарæй афтæ зæгъæн ис, нырмæ цы ассимиляци цыдис, уый ныр Интернеты руаджы цалдæр хатты фæтагъддæр.

Интернет æппæтвæрсыгæй æвналы цардмæ. Уымæн йæ синтетикон культурæ æмæ тыхарæзт эстетикæйы уацары уæлдай тынгдæр бахаудысты рæзгæ фæлтæр, скъолайы агъоммæ кары сабитæй райдай æмæ суанг студентты онг. Зын рахатæн нæу, ног фæлтæр сæ хъуыдытæй, сæ этикон æмæ эстетикон бæрцбарæнтæй, сæ уагахастæй, се ‘гъдауæй цæхгæр кæй хицæн кæнынц, адæймаг Интернеты агъоммæ цы хæрзæгъдауы бындуртыл хъомыл кодта æмæ цардис, уыдонæй. Цæвиттон, абон уæрæх рапарахат, хи сæрмагонд интерестæ фыццаг бынаты æвæрынæй чи райгуырд æмæ цыфæнды æнæгъдау митæ кæнынæн дæр бар чи дæтты, ахæм æнæхъола «сæрибардзинады философи». Уый халы арæнтæ адæймаг æмæ сырдты ‘хсæн, æвæры сæ иу тæразыл, æмхуызон кæны сылгоймаг æмæ нæлгоймаджы æрдзон миниуджытæ, æмбæлоныл нымайы алыхуызон æнæгъдаудзинæдтæ. Ахæм философи ныридæгæн фехæлдта æмæ дарддæр халы арæнтæ хистæр-кæстæры æмбарынады, хорз æмæ æвзæр, фыдæх æмæ хæрзиуæджы ‘хсæн. Ахæм философийыл хæст адæм сæхиуыл сæвæрдтой рæсугъд ном: либералтæ, æмæ сæ ныхмæ чи дзуры, уыдоны хонынц фæстæзад реакционертæ, сымах, дам, цардмæ фыццагон цæстæй кæсут æмæ æхсæнады размæцыд хъыгдарут. Ахæм мæнг æфсонæй фидар кæнынц сæ ног философи.

Хъыгагæн, уыцы «раззаг» идеологи æрхæццæ Ирыстонмæ дæр, æргомæй йæ парахат кæнынц телеуынынадæй, стæй дзыллон информацийы æндæр фæрæзты дæр, фæлæ йæ «къуыртт», кæй зæгъын æй хъæуы, ис Интернеты.

Ахæм миниуджытæ тауы Интернет рæзгæ фæлтæры зæрдæты æмæ сæрызонды дæр. Уыдонæн та æндæр амæлтты фæрцы: хæстон хъæзтытæ, сæ сæйраг мидис агресси кæмæн у, ахæм мультфильмтæ æмæ æндæр ахæм видеонывтæ. Уыдонæн сæ хъайтартæ канд сæ æгъатырдзинадæй не сты тæссаг æмæ зианхæссæг – сæ бакастæй, сæ уындæй дæр сты æнахуыр, раст тæрсынгæнæнты хуызæн.

Се ‘ххуысгæнджытæ сты телевизортæ, компьютертæ, телефонтæ, æндæр алыхуызон гаджеттæ.

Ацы, ног культурæйæн æнæмæнг, ис автортæ, йæ саразыныл чи хъуыды кодта, ахæм адæм, æмæ сын ис бæлвырд нысантæ дæр, фæлæ дзы адæймаджы, стæй æхсæнады хæрзæбонæн ницы ссардзыстæм, тынг дзы куы агурæм, уæд дæр.

Цæмæн бахъуыд ахæм тутт æмæ фыдæхтауæг идеологон тыгъдад йæ саразджыты? Сæрмагондæй кæцыдæр паддзахæдты æмæ адæмты ныхмæ æрцыд арæзт æви йæ дуг йæхæдæг æрдомдта æмæ йæхихъæдæй равзæрд? Ацы фарстытæ домынц æндæр ныхас. Уымæ гæсгæ йыл абон нæ дзурдзыстæм. Бæрæг уал у уый, æмæ Интернетимæ баст алыхуызон телефонтæ æмæ æндæр æнгæс ифтонггæрзтæ чи æрымысыд, уыдон сæм сæхæдæг сæ сабиты хæстæгдæр нæ уадзынц кæнæ та сын семæ архайынæн рахицæн кæнынц бынтон цыбыр рæстæг. Иумæйагæй та ацы ног технологон ногдзинæдтæ фæсивæды цыбæл зонд афтæ тынг «æрцахстой», сæхиуыл сæ ахæм фидар рæхыстæй сбастой, æмæ сæ уыдонæй фæхицæн кæныны хъуыддаг иртасинаг фæцис психологтæн æмæ адæймаджы сæрымагъзы вазыгджын куыст иртасæг æндæр ахуыргæндтæн. Ахæм хъæзтытæм æмæ видеонывты хъайтартæм æмхицдзинад рæзгæ фæлтæрæн ссис низау, наркотикау. Нæ сæ фæлмæцынц, æндæр сын мацы ратт, æхсæвæй-бонæй сæм кæсдзысты, æндæр цымыдис сæ нал æндавы. Ӕмæ уыцы виртуалон царды цы хъайтартимæ архайынц, уыдонимæ цæрын райдайынц сæ реалон царды дæр: хъазынц уыцы хъæзтытæй, дзурынц уыдон дзыхæй, сæхицæн хъазæнты хуызы æлхæнын кæнынц уыцы мультикты хъайтарты.

Интернетимæ æмæ ног идеологиимæ баст видеоæрмæджытæм æмхицдзинад рæзгæ фæлтæрæн ныридæгæн æрхаста дзæвгар фыдбылызтæ Ирыстоны зæххыл. Кæстæр фæлтæр афтæ тынг æмхиц сты Интернеты алыхуызон хъæзтытæм, æмæ сæ уыдонæй фæхицæн кæныны бæсты сæхицæн фыдбылыз ракæнынмæ дæр æрцæуынц. Уый та дзурæг у ууыл, æмæ ацы уавæр кæй у тæссаг алкæмæн дæр, нæ йæ уромынц арæнтæ, стæй æндæр цæлхдуртæ дæр.

Ахæм у абон уавæр, фæлæ йыл къух ауигъын, ома уый дунеон фæзынд у æмæ йын мах бон ницы у, зæгъгæ, раст нæ уыдзæн: ахæм хъуыдыйыл куы ныххæцæм, уæд уый нысан кæндзæн, Ирыстоны рæзгæ фæлтæрыл, Ирыстоны сомбоныл дæр къух ауигъын. Нæ куырыхон фыдæлтæ дзæгъæлы нæ загътой: фыдлæг æмæ фыдбон бирæ нæ хæссынц. Ахæм рæстæг æрцæудзæн, æмæ, Интернеты агрессивон уылæн æнæмæнг слæмæгъ уыдзæн, йæ тых асæтдзæн, уымæн æмæ тыхарæзт, æнæуидаг “культурæ” абон уа, райсом – бахуыскъ вæййы æмæ адæймагæн Хуыцауæй лæвæрд æрдзон фарн ногæй йæ бынаты сбады. Ахæм у æрдзы фæтк. Афтæ кæй у, уымæн æвдисæн – дунеон историйы фæлтæрддзинад. Рацæудзæн рæстæг, æмæ та ногæй сæндидздзысты, адæймаджы æрдзон удыхъæдыл чи фидауы, аккаг ын чи у, ахæм хæрзæгъдауы æууæлтæ. Ӕмæ уыцы рæстæджы æрцыдмæ йæ хæдбындур национ æууæлтæй фылдæр чи бахъахъхъæна, фылдæр дзы чи аирвæзын кæна, уыдон хицæн адæмы хуызы цæргæйæ баззайдзысты. Уыдонæн сæ фылдæр стыр адæмыхæттытæ кæй уыдзысты, уый дызæрдыггаг нæу. Ирон адæм бирæ не сты, уымæ гæсгæ сæ хъæуы тынг арф ныхъхъуыды кæнын, цæмæй исты амæлттæй ахизой ацы нацисафæг дуджы сæрты.

Интернеты тыгъдад Ирыстоны уырыссаг æвзагæй раивын хъæуы иронмæ. Цас гæнæн ис, уыйас. Йæ алы хуызы дæр: фысгæ æмæ видеоæрмæг, публицистикæ, аивады къабаз, культурæ æнæхъæнæй, бастдзинад æмæ ма дзы цыдæриддæр ис, уыдон. О, уый æнæхъæнæй раивын къухы зын бафтæн у, æвиппайды нæ рауайдзæн, хъæудзæн дзы бирæ интеллектуалон тыхтæ ссарын, дзæвгар финансон фæрæзтæ ба-хардз кæнын, фæлæ ацы хъуыддагыл кусын райдайын хъæуы ныртæккæ, æвæстиатæй, уымæн æмæ, фæстæдæр куы байрæджы уа, уымæй тæссаг у. Æмæ кæмæндæр йæ сины саст куыд фæрæстмæ, афтæ, чи зоны, рауайа ирон адæмы хъысмæт дæр.

Иу ран бадгæйæ æмæ ницы аразгæйæ, искæмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, нæхæдæг нæхи рбайсафдзыстæм. Æмæ уый уыдзæн æрмæстдæр нæхи аххос.

Æнæ куырыхон æмæ тыхджын политикон фæндонæй дæр дзы кæй ницы рауайдзæн, уый бæлвырд у. Æмæ ахæм фæндон, Хуыцауы фæндæй, кæд разынид нæ хицауадмæ. Ахæм мисси сæххæст кæнын уыдзæн историон æмæ цæрæнбонтæм стыр хæрзиуæгæй баззайдзæн Хуыцауы раз дæр æмæ адæмы хъуыдыйы дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.