КУЫСТЫТÆ ЦÆУЫНЦ РÆВДЗ

Йæ тæмæны сты уазæгдон «Ирыстон»-ы арæзтадон куыстытæ. Уый арæзт цæуы йæ раздæры бынаты æмæ уыдзæн цыппарстъалыйон отель. Ацы уазæгдоны сырæзт у ахсджиаг, уымæн æмæ раздæры бæстыхай ба-зæронд, нырыккон домæнтæн дзуапп нæ лæвæрдта, уазæгдон «Алани» дæр æрцыд мæгуырау уавæрмæ, нæй уым дæр хæрзвадат уавæртæ. Æмæ нæ республикæмæ уазджытæ куы æрцæ-уынц, уæд сæ бахъæуы алы рæтты æрбынат кæнын. Хатт сæ æрцæрын кæнынц не ‘мбæстæгты хисæрмагонд хæдзæртты дæр. Æмæ ныр уыцы цухдзинад иуварс цæуы. Объект арæзт цæудзæн гъæдджын æрмæджытæй. Чи йæ аразы, уыцы амалиуæггæнæг Бердиаты Вадиммæ уазæгдæттæ аразыны хаххыл ис стыр фæлтæрддзинад.

Уазæгдон «Ирыстон»-ы зæронд бæстыхайæн архитектурон нысаниуæг кæй уыд, уымæ гæсгæ нæ горæты цæрджытæй бирæты нæ фæндыд йæ ныппырх кæнын, фæлæ куыд загътой, афтæмæй бахъахъхъæд æрцæудзæн йæ раздæры архитектурон хуыз.

Ныртæккæ йæ арæзтады куысы 42 адæймаджы бæрц, уыдонæн сæ 30 проценты бæрц сты æрцæуæггæгтæ, иннæтæ та – бынæттон цæрджытæ.

Арæзтадон компанийы къухдариуæггæнæг Бердиаты Алан куыд зæгъы, афтæмæй ифтонг сты техникæйæ. Кусджытæ дих сты 3 бригадæйыл. Сæ иутæ кæнынц æфсæйна æндадзæн куыстытæ, иннæтæ сты сисамайджытæ.

Алан ма куыд загъта, афтæмæй ифтонг сты арæзтадон æрмæджытæй дæр. Ницы ныхдуртæ æвзæры сæ разы. Куыстытæ цæуынц рæвдз. Кусæгæн ахсджиаг у йæ куыстмызд рæстæгыл райсын дæр æмæ Бердийы фырт куыд загъта, афтæмæй къуылымпыдзинæдтæ нæй ацы хъуыддаджы дæр æмæ кусджытæ сты райгонд.

 

ДАРДДÆР ХÆРЗАРÆЗТ ЦÆУЫНЦ НÆ ГОРÆТЫ УЫНГТÆ

Арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ дарддæр цæуынц нæ горæты фæрсаг уынгтæ – Нарты, Чиаты Иосифы, Димитровы æмæ Джыгкайы фырты уынгыл. Ацы уынгтæ се ‘ппæт дæр арæзт цæуынц 2018-2019 азты Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Ам фыццаградон куыстытæ цæсгомджынæй сæххæст кодтой «Водоканал»-ы кусджытæ. Ацы уынгты коммуникацион хæххытæ базæронд сты æмæ сæ баивтой, хæдзæрттæм уагъд æрцыдысты канализацион æмæ донуадзæн хæххытæ дæр. Æппæт куыстытæ дæр баконд æрцыдысты æнæзæрдæхудтæй æмæ ныр та сфидаргонд планмæ гæсгæ дарддæр «Дорэкспострой»-йы кусджытæ æрывнæлдтой ацы уынгтæ асфальтмæ бацæттæ кæнынмæ.

Ныртæккæ Димитровы уынгыл зæххæн исынц йæ уæлцъар, стæй дзы ныккалдзысты хуыр, нын-нæмдзысты йæ æмæ уый фæстæ æрывналдзысты асфальты фыццаг фæлтæрмæ. Зæгъын хъæуы уый æмæ уынджы цæрджытæ куы базыдтой сæ уынг сын кæй сараздзысты, уæд сæ цинæн кæрон нæ уыд, фæлæ ныртæккæ та æвдисынц се ‘нæразыдзинад, дондзæуæн къанау дзы арæзт кæй нæ цæуы, уый тыххæй. Уый уыдис рагæй фæстæмæ дæр цæрджыты бæллиц, уымæн æмæ къæвдайы дæттæ куы рацæуынц, уæд байдзаг вæййынц сæ ныккæндтæ. Куыд загътой, афтæмæй сын раздæр ныфс бавæрдтой ацы проблемæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй, фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй ацы хъуыддаг баззадис раздæрау бæллицæй.

Джыгкайы фырты уынгыл арæзт цæуы донуадзæн къанау. Чиайы фырты æмæ Нарты уынгтыл дæр цæуынц зæххы уæлцъар исыны куыстытæ.

 

СÆ БÆЛЛИЦ СÆХХÆСТ

Рагæй фæстæмæ нæ горæты Черепичныйы уынджы цæрджыты бæллиц уыдис, цæмæй сын саразой сæ уынг æмæ æдæрсгæйæ цæуой уыдон дæр. Уый тыххæй уыдон хъаст кодтой æмбæлон инстанцитæм, фæлæ сæм хъусæг нæ уыд. Ныр дæр та сæ хъаст бахастой РХИ-йы Парламент, горæты администраци æмæ Президент Бибылты Анатолимæ æмæ сæххæст æппынфæстагæмæ цæрджыты домæн. Уынг саразынæй дарддæр ма уыдон бахатыдысты, цæмæй сын саразой сæ канализацион хахх æмæ сывæллæттæн спортивон фæзуат.

Цæрджытæ куыд дзурынц, афтæмæй сæм канализацион хахх, уагъд никуы уыд, уынг уыд мæгуырау уавæры æмæ цардысты цæргæ-цæрæнбонты антисанитарон уавæрты. Сæ тыхстдзинад никæмæ хъардта. «Хорз у æмæ республикæйы ныры  къухдариуæггæнджытæ бæрндзинад хæссынц сæ æмбæстæгты тыххæй æмæ сын уый тыххæй зæгъæм уæлдай бузныг», – дзырдтой цæрджытæ. Уыдон ма домынц сæ территори сын алыгъуызон арæзтадон брæттæй асыгъдæг кæнын æмæ сын сæ сывæллæттæн хъазæн фæзуат саразын.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.