Азæй азмæ нæ цæстыты раз йæ хуыз, йæ бакаст хуыздæрæрдæм ивы нæ республикæйы сæйраг горæт. Ам æрвылаз дæр, сæ хуыз чи скалынц, уыцы уынгтæм бафты ног хæрзарæзт уынгтæ. Амыты-уымыты сырæзынц ног цæрæн хæдзæрттæ, æндæр нысаниуæджы объекттæ. Цалцæг, æндидзыд цæуынц августы хæсты бонты хъыгдард баййафæг хæдзæрттæ, скъуыддзаг цæуы горæты цæрджыты нуазыны донæй ифтонг кæныны фарст.

Æнæхъусдард нæ зайынц республикæйы районтæ дæр. Райцентрты арæзт цæуынц цæрæн хæдзæрттæ æмæ æндæр объекттæ. Нуазыны доны хъуагдзинад чи æййафынц, уыцы хъæууон цæрджытæн сæ хъæутæм уадзынц доны хæххытæ, хæрзарæзт сæм кæнынц фæндæгтæ. Уыцы куыстытæ, сæйраджыдæр, æххæст цæуынц хицæн æмæ хицæн азтæн райсгæ Инвестицион программæты фæлгæтты Уæрæсейы Федерацийы фи-нансон æххуысы руаджы.

Ацы аз фæуд кæны 2020-2022 азтæн РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ. Цахæм объекттыл цæудзæнис куыст, ног æрбалæугæ азы дæргъы, уый тыххæй нын  Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гаглойты Сергей загъта, зæгъгæ, банысангонд азтæн Ивестпрограммæмæ æдæппæт хаст æрцыдысты 50 мадзалæй фылдæр æмæ, зæгъæн ис, уыдон кæй сты социалон нысаниуæджы объекттæ. Уыдонæн сæ сæйраг хай æххæст æрцыдысты фыццаг дыууæ азы. Реализаци кæнын ма хъæуы 20 мадзалы бæрц, кæцыты æхсæн ис иу азæй иннæ азмæ ахизгæ объекттæ, афтæ ма, кæй зæгъын æй хъæуы, ног объекттæ дæр.

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ Инвестицион программæйы ахсджиагдæр бынат кæй ахсы цæрæнуатон арæзтад. Куыд зонæм, афтæмæй нæ горæты Хъайтарты уынджы кæрон эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд бирæуæладзыгон цæрæн хæдзар. Уый арæзт æрцыд, 2008 азы августы хæсты рæстæджы чи ныпппырх æмæ басыгъд, фæлæ йæ цæрджытæ уæддæр кæм цардысты, уыцы хæдзары бынаты. Йæ цæрджытæ бирæ фыдæбæттæ бавзæрстой, ахæм хæдзары цæргæйæ, хъаст кодтой алы инстанцитæм, дзырд цыдис йæ сæндидзын кæныныл дæр, фæлæ æппынфæстагмæ скъуыддзаг æрцыд, цæмæй йæ бынаты арæзт æрцæуа ног цæрæн хæдзар. Йæ цæрджытæ рæстæгмæ æрвыст æрцыдысты, Гуыбаты æфсымæрты уынджы цы корпустæ арæзт æрцыдысты, уыдонæй сæ иумæ. Æмæ ныр йæ цæрджытæй бирæтæ æрбаздæхтысты сæ ног цæ-рæн хæдзармæ, кæй фæндыд, уыдон та баззадысты уым цæргæйæ. Афтæ æмæ ацы хæдзары цæрджытæн скъуыддзаг æрцыдис сæ цæрæнуатон  проблемæ.

Гуыбаты æфсымæрты уынджы цы дыууæ бирæуæладзыгон хæдзæрттæ арæзт æрцыдысты, уыдонмæ ма ноджыдæр бафтыд иу 75 фатерон цæрæн хæдзар. Æмæ тагъд рæстæджы, уырдæм дæр балидздзысты, сæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæркæнинаг кæмæн сты, нæ горæты ахæм цæрджытæ.

Арæзтадон фæзуат ссис нæ горæты раздæры бигæдзаумæтты территори дæр. Ам уыцыиу рæстæджы арæзт цæуынц æртæ корпусы. Иу хæдзар дзы ныридæгæн цæттæ кæны æмæ æввахс рæстæджы лæвæрд æрцæудзæн эксплуатацимæ. Дыккаг хæдзар та арæзт æрцæудзæн ацы аз. Зæгъын хъæуы уый æмæ кусджытæ иу бон дæр æгуыст кæй нæ уыдысты зымæгон хъызт бонты дæр. Ам ныртæккæ æххæст кæнынц мидæггагон куыстытæ. Мидæггагон куыстыты фæстæ уайтагъд æрывналдзысты кæрт схæрзарæзт кæнынмæ. Æвæрд дзы æрцæудзысты фæхсбандæттæ, сывæллæттæн арæзт æрцæудзысты хъазæн фæзуæттæ. Иудзырдæй, ам цæрджытæн цæрынæн арæзт æрцæудзæн æппæт уавæртæ дæр. Æртыккаг хæдзар та арæзт хъуамæ фæуа 2023 азы.

Дзау æмæ Знауыры районы райцентрты дæр æввахс рæстæджы эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзысты 18 фатерон цæрæн хæдзæрттæ. Уыдонæй дарддæр ма Знауыры центры но-джыдæр аразын райдайдзысты иу ахæм хæдзар æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн фидæн аз. Арæзтцæуæг хæдзæртты фатертæ æрцæудзысты хæрзвадат. Цæрынæн сæ уыдзæнис æппæт уавæртæ дæр. Уыимæ ма хæрзарæзт уыдзысты сæ алыварс территоритæ, уыдзæн дзы сывæллæттæн хъазæн фæзуæттæ, æвæрд дзы æрцæудзысты фæхсбандæттæ, машинæтæн – лæууæн бынæттæ.

Ацы аз дарддæр хæрзарæзт цæудзысты Цхинвалы уынгтæ. Абоны бонмæ уал хæрзарæзт æрцыдысты 80 уынгæй фылдæр. Ацы аз ма уыдон нымæцмæ бафтдзысты Сабаны фырты, инæлар Сланы фырты, Санахъоты Гришикы, Хъуылайы фырты, Къозоны фырты æмæ Гæззаты Валерийы уынгтæ. Капиталон цалцæг æрцæудзысты Ирæтты уынджы дыууæ фæзилæны, Цоцийы фырты уынджы æмæ Вокзалгæрон фæзуаты фæзилæнтæ дæр. Банысангонд уынгты æмæ фæзилæнты ивд цæудзысты доны, газы æмæ канализацийы хæххытæ. Куыд æндæр уынгты, афтæ уыдон дæр дзуапп нал дæттынц сæ домæнтæн бирæ азты дæргъы.

План цæуы Эрцъо-Синагуры автомобилон фæндаджы реконструкци, кæцыйæн йæ дæргъ у 20 километры бæрц. Ам æрмæст фæндаг нæ араздзысты, фæлæ ма хидтæ дæр, фидар цæудзысты донбылгæрæттæ æмæ сыджытзæйтæ уромæн къултæ. Ацы куыстытæ фæуыдзысты 2023 азы. Паддзахадон закъазгæнæг у Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитет. Генералон подрядон та у йæ дæлведомствæйон паддзахадон унитарон куыстуат “Дорэкспострой”.

Цхинвалы ма нысан цæуы 13 коммунары уынджы Леуахийы цæугæдоны сæрты ног хид саразын. Зæронд хид кæй хонынц, уый арæзт æрцыд æнусы размæ æмæ хæлы. Ахæм уынаффæйыл горæты æхсæнад райгондæй нæ сæмбæлд æмæ домынц, цæмæй бахъахъхъæд æрцæуа, куыд историон цыртдзæвæн, афтæ. Ног хид та, зæгъгæ, арæзт æрцæуæд æндæр ран. Ацы фарсты фæдыл бирæ дискусситæ цыдис, фæлæ Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард журналисттимæ йæ фембæлды рæстæджы куыд загъта, афтæ-мæй зæронд хиды демонтаж кæ-ныны фæдыл сæ позици нырмадæр у æнæфæивгæ. Министры ныхæстæм гæсгæ хиды конструкци ис аварион уавæры æмæ æдасдзинады домæнтæн дзуапп нал дæтты. Ног хидыл машинæтæн уыцы иурæстæджы цæуæн уыдзæн дыууæрдæм дæр. Уымæ гæсгæ фæуæрæхдæр хъæудзæн хидмæ бацæуæн фæндаг дæр. Æмæ уымæн та фæуæрæхдæр гæнæн уыдзæн æрмæстдæр уæд, кæд æмæ пырх æрцæуой раздæры музейы зæронд бæстыхай æмæ раздæры магазин “Динамо”.

Нысан ма цæуы Дзауы поселочы аварион хиды реконструкци. Уый иу кæны райцентры Бузала æмæ æндæр хъæутимæ. Хидæн разианчындæуыд 1991 азы зæххæнкъуысты рæстæджы æмæ йæ хъæуы бындуронæй сцалцæг кæнын.

Куыд зонæм, афтæмæй Дзауы районы рæсугъддæр къуымтæй сæ иуы рæзы сывæллæтты улæфæн лагерь 150 бынатимæ. Уый арæзт цæуы, кæй ныппырхчындæуыд æмæ пайда кæнынæн чи нал бæззыд, уыцы турбазæ, «Мзиугомы» бынаты. Ныртæккæ ам рæзынц фондз фынæйгæнæн коттеджы æмæ æртæуæладзыгон административон корпус. Лагеры территорийыл план цæуы спортивон фæзуæттæ волейбол, баскетбол æмæ минифутболæй хъазынæн. Æмбæлон уавæртæ дзы арæзт æрцæудзысты фæсивæды  культурон рæзтæн. Проекты ма нысан цæуы тезгъогæнæн бынæттæ, машинæтæ лæууæн бынæттæ, дон биологон æгъдауæй сыгъдæггæнæн станц саразын. Специализацигонд стационарон лагерæн йæ бон уыдзæн скъоладзаутæ æмæ студентты афæдзы дæргъы цахæмфæнды афоны дæр райсын, уæлдайдæр та сæрдыгон улæфтыты рæстæджы. Улæфынæн комфортон уавæртæ фадат дæтдзысты ардæм ахуырдзау фæсивæды æндæр бæстæтæй æрхонынæн дæр. Объект план цæуы эксплуатацимæ йæ 2023 азы раттын.

Инвестпрограммæйы сæрмагонд бынат ис экономикæйы реалон секторы рæзтæн ахъазгæнæг проектты паддзахадон фи-нанскæнынадæн. Уыцы нысæнттæн ацы аз рахицæн æрцыд 28 милуан сомы. Афтæ ма дзы нысан сты къорд æндæр мадзалы.

Уыимæ ныридæгæн куыст цæуы 2023 – 2025 азтæн РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн Инвестпрограммæ аразыныл.

                    БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.