Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестпрограммæмæ гæсгæ 2020-2022 азты нæ республикæйы хъуамæ арæзт æрцæуа 25 уынджы. Уыдонæй аст уынг арæзт æрцыд 2020 азы. Ацы аз та сцалцæг кæндзысты Плехановы, Санахъоты Гришикы, Сабырады, Едысы æмæ Саулохты Мухтары уынгтæ. Нарты уынджы фæзилæнæй Плиты Ароны уынгмæ цы фæндаг цæуы, уый дæр арæзт æрцæудзæнис капиталонæй. Арæзт æрцæудзæн Владимир Путины уынджы кæронæй Хеиты хъæумæ цы фæндаг цæуы, уый дæр. Уымæн йæ дæргъ у 500 метры бæрц. Уыцы иурæстæджы бавналдзысты Цхинвалы Леуахийы сæрты цы зæронд хид цæуы, уый реконструкци кæнынмæ дæр. Ныртæккæ реконструкцийы проектæн цæуы экспертизæ. Куыддæр уыцы куыстытæ фæуой, афтæ æрæвналдзысты  хиды арæзтадмæ. Уыцы куыстытæ уагъд æрцæудзысты дыууæ этапæй. Ацы аз уал сфидар кæндзысты хиды бындур. Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады куыд зæгъынц, афтæмæй хъуамæ хъахъхъæд æрцæуа хиды историон хуыз. Хид, бæрæг фæуæрæхдæр уыдзæнис, цæмæй фæндагон змæлдимæ проблемæтæ мауал уа. Ацы хид арæзт æрцыд 1903 азы. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу чысыл цалцæг баййæфта, фæлæ  капиталон цалцæгкæнинаг рагæй у. Фæстаг азты ауылты цæ-уыны бар нал ис уæзласæн машинæтæн.

2022 азы та Цхинвалы уынг-тæй сырæздзæн ноджыдæр фараст: Сабанты Григолы, Са-нахъоты Владимиры, Сланты Леониды, Хъуылаты Созы-рыхъойы, Къозонты Сардионы, Гæззаты Валерийы уынгтæ. Вок-залгæрон фæзуат, Цоциты уынджы фæзилæны онг æмæ Ирæтты уынджы дыккаг хай. Инвестпрограммæйы фæлгæтты канд горæты уынгтæ нæ цæуынц цалцæг – ахæм æнгæс куыстытæ æххæст цæуынц Къуайсайы горæт æмæ ма республикæйы районты центрты. Цалцæг цæуынц уынгтæ дæрддзæф хъæутæм дæр.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм Инвестпрограммæмæ хаст мадзæлттæ кæй сты социалон  нысаниæуджы объекттæ æмæ ахъаз сты нæ республикæйы размæцыдæн.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.