3-æм февралы уагъд æрцыд 2015-2017 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныныл контролы фæдыл оперативон штабы рабадт. Уагъта йæ РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти. Йæ куысты хайад райстой хицауады уæнгтæ, æндæр æмæ æндæр паддзахадон уагдæтты къухдариуæггæнджытæ, горæты æмæ районты администрациты минæвæрттæ.

Рабадт райдыдта æндæр æмæ æндæр хæслæвæрдтæ радтынæй. Хицауады Сæрдар республикæйы Паддзахадон исад æмæ зæххы фæдыл ахастыты комитетæн (Пæррæстаты Сергей) бахæс кодта, цæмæй æввахс рæстæджы бадзырдтæ сараза техникон инвентаризацийы бюроимæ æмæ бацæттæ кæной техникон паспорттæ ног саразгæ объекттæн. Афтæ ма æрвылкъуыри дæр информаци дæттой, ахæм объекттæ балансмæ куыд ист цæуынц, уый тыххæй.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрадæн Паддзахадон исад æмæ зæххы фæдыл ахастыты комитетимæ бахæс æрцыд, цæмæй хицауадмæ æркæсынмæ бацæттæ æрцæуа нормативон барадон акты проект, кæцы регламентаци кæны эксплуатацимæ лæвæрдæрцæуæг объектты балансон аргъ сбæлвырд кæныны бындуртæ.

Арæнгонд бæрндзинады æхсæнад арæзтадон компани «Эверест»-æн (Фатийхов Р.Н.) та хæсгонд æрцыд, цæмæй хъæуæг мадзæлттæ сæххæст кæной газнымайæнтæ бакæныны фæдыл.

Рабадты уынаффæ цыдис Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзтцæуæг объектты куыстытæ куыд цæуынц, уыцы фарстытыл.

Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти куыд банысан кодта, афтæмæй 2015-2017 азтæн Инвестпрограммæ реализаци кæнын у кæронбæттæн аз. Æмæ, зæгъгæ, ацы программæ æнæхъæнæй куыд сæххæст уыдзæн, уый тыххæй хъæудзæн хыгъд радтын.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта, ивгъуыд азæй ацы азмæ цы объекттæ рахызтысты, уыдоны арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уыимæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй университетон комплексы арæзтадон куыстытæ дарддæр цæуынц. Кæронмæ фæхæццæ кæнынц витражтæ æмæ рудзгуытæ æвæрыны фæдыл куыстытæ. Æввахс рæстæджы та аразджытæ æрæвналдзысты æххæстмасштабон куыстытæм. Ныртæккæ ам æдæппæтæй кусынц 48 адæймаджы.

Йæ ныхæстæм гæсгæ куыстытæ активонæй цæуынц Ленингоры районы сывæллæтты цæхæрадоны арæзтады фæдыл. Ацы объекты ма хъæуы бæстонгæнæн куыстытæ сæххæст кæнын, афтæ ма йæ алыварс территори схæрзарæзт кæнын дæр. Министр куыд баныфсæ-вæрдта, афтæмæй объект эксплуатацимæ хъуамæ лæвæрд æрцæуа ацы мæйы кæронмæ.

Ленингоры районы уырыссаг астæуккаг скъолайы арæзтадыл дзургæйæ, уый банысан кодта, зæгъгæ, ныртæккæ проблемæтæ ис арæзтадон æрмæджытæй йæ ифтонг кæныны.

Ленингоры районы арæзтцæуæг объектты тыххæй ма Зæгъойты Эдуард фехъусын кодта, зæгъгæ, райцентры инженерон хызæгты арæзтадæн закъаз æрцыдысты сыгъдæггæнæн ифтонггæрзтæ. Уый ма радзырдта Цхинвалы дзулфыцæн комбинаты бæстыхайы арæзтады тыххæй дæр.

«Дзулфыцæн комбинаты бæстыхайы арæзтад, зæгъæн ис арæзт фæцис ивгъуыд азы кæронмæ. Ифтонггæрзтæ ласт æмæ монтажгонд æрцыдысты. Фæлæ уæд арæзт æрцыд акт, цы цухдзинæдтæ дзы раргом сты, уыдоны тыххæй æмæ ныртæккæ куыст цæуы сæ аиуварс кæныныл», – загъта министр.

Паддзахадон драмон театры арæзтадыл дзургæйæ та банысан кодта, зæгъгæ, бæстонгæнæн куыстытæ æххæст цæуынц бæстыхайы ныккæнды æмæ сценæйы. Министр ма фехъусын кодта, зæгъгæ, нæ горæты арæзтцæуæг хирургион корпусы бæстыхайы монтажгонд æрцыд дыккаг уæладзыджы корпус.

Республикæйы Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Плиты Агуындæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй сывæллæтты ног рынчындоны бæстыхай эксплуатацимæ лæвæрд кæй цæуы, уымæ гæсгæ сывæллæтты горæтон поликлиникæйы реорганизацийы фæдыл мадзæлттæ кæронмæ фæуыдзысты 1-æм мартмæ.

Бестауты Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.