Нæ фыдæлтæ кæд гæвзыкк, æнахуыргонд адæм уыдысты, уæддæр чиныджы,    ахуыры ахадындзинад раджы бамбæрстой. Суанг 18-æм æнусы кæрон аргъуаны кусджытæ Такъæты Гай æмæ Хъесаты Павел бацархайдтой адæмæн чиныг, алфавит саразыныл æмæ уый сæ къухы бафтдыд. 1798 азы Мæскуыйы Синоды типографийы рацыд фыццаг ирон чиныг – цыбыр катехизис, ома дины чиныг. Уый кæд ирон культурон царды стыр фæзынд уыд, уæддæр адæмæн рухстауæг цырагъ не сси. Йæ адæмæн ирон чиныг гуырдзиаг графикæйы бындурыл саразын ма бафæлвæрдта Æгъуызаты Иуане дæр 1820 азы, фæлæ уый дæр нæ ныффидар.

Æнудæсæм æнусы кæрон цард размæ рацыд, фæзынд нæм бирæ интеллигенци, фысджытæ. Цы иугай чингуытæ нæм фæзынд, уыдон мыхуыр цыдысты алы рæтты. Æнæ чиныгæй дарддæр цæрæн кæй нæ уал ис, уый бамбæрстой нæ разагъды лæгтæ æмæ бацархайдтой, цæмæй Ирыстоны фæзына нæхи сæрмагонд сфæлдыстадон артдзæст. Афтæ 1924 азы бындур æвæрд æрцыд национ паддзахадон рауагъдад “Ир”-æн.   

  “Ир” басгуыхт нæ бæстæйы хуыздæр рухсадон артдзæстытæй иу. Советон дуджы мингай тиражтæй уагъта наукон, аивадон литературæ. Уыдон дуканиты никуы фæстиат кодтой. Уæды фæлтæр афтæ зæрдийæ уыдысты ахуырыл, чиныгыл æмæ-иу ахуырадон, сфæлдыстадон уагдæтты рæзты хизгæйæ цыма кувæндоны рæзты цыдыстæм, афтæ æнкъардтам нæхи.

  “Ир”-æн алы азты разамынд лæвæрдтой Ирыстоны фæрнджын лæгтæ Брытъиаты Созырыхъо, Токаты Асæх, Дзаттиаты Тотырбег, Хъантемыраты Æхсар, Хъантеты Михал, Кодзырты Жаннæ æмæ иннæтæ. Абон сын сæ фæрнджын традицитæ дарддæр хæссынц йæ ног директор Таутиаты Хъазыбег æмæ сæйраг редактор Тъехты Тамерлан сæ курдиатджын коллективимæ.

 95 азы дæргъы “Ир”-ы истори вазыгджын у, бирæ дзурæн ыл ис.  Чи дзы куыста æмæ цы чингуытæ рауагътой, уыдонæн се ‘ппæты  тыххæй радзурыны фадат нæй.

 Республикæйы культурæйы артдзæстытæн сæ тæккæ ахсджиагдæр, нæ нацийы хæзна “Ир” йæ дæргъвæтин царды бирæ цæлхдурты сæрты рахызт. Абон кæд компьютеры, электрон чингуыты дуджы ноджы фылдæр зындзинæдтæ æййафы, уæддæр йæ хъуыддагыл зæрдæйæ чи риссы, ирон чиныджы фидæныл чи тыхсы, уыцы коллективы руаджы рауагъдады кад нæ мынæг кæны.

Уый та ныр дæр рабæрæг, 28 ноябры На-цион наукон библиотекæмæ “Ир”-ы 95 азы юбилейы кадæн цас адæм æрбацыд, уымæй. Ирон культурæйы артдзæсты бæрæгбонмæ æрбацыдысты культурæйы кусджытæ, æхсæнады минæвæрттæ, уазджытæ сыхаг регионтæй…

 Библиотекæйы фойейы адæм базонгæ сты “Ир”-ы алы азты рауагъд чингуытимæ, йæ историимæ баст къамты равдыстимæ. Алчидæр райста зæрдылдарæн лæвæрттæ: ирон адæмон сфæлдыстад дыууæ томæй æмæ рауагъдадыл 95 азы сæххæсты кадæн фыст чиныг “Книга – судьба наша”.

 Кадджын мадзалы архайджытæ фыццаджыдæр бакастысты рауагъдады истори, йæ абоны уавæрыл ист документалон кинонывмæ. Уый фæстæ ныхасы бар лæвæрд æрцыд йæ директор Таутиаты Хъазыбегæн. Уый цыбырæй радзырдта рауагъдады историйыл, сæ бирæ лыггæнинаг фарстатыл, сæ фидæны пълантыл: “Чиныгуадзæн “Ир” у нæ культурæйы ахсджиаг артдзæст, национ хæзна. Уый руаджы адæммæ хæццæ кæны ирон чиныг. Бирæ хæрзты бацыд рауагъдад йæ чиныгкæсджытæн, уыимæ – сабитæн. Фæлæ цы уыдзæни йæ фидæн, уый бæрæг нæу. Арæх фехъусæн вæййы, чингуыты, газетты дуг фæцис, зæгъгæ. Ахæм ныхæстæ рагæй хъусæм, фæлæ абоны онг чиныг цæры. Уый та у, йæ культурæ, йе ‘взаг зынаргъ кæмæн сты, гæххæттын чиныгыл йæ зæрдæ чи нæ ивы, уыдоны руаджы. Фидарæй нæ уырны, нæ фарны лæгтæ 95 азы размæ бындур кæмæн сæвæрдтой, уыцы чиныджы артдзæст техникон дуджы кæй никуы бамынæг уыдзæн. Уый у не ‘ппæтæй аразгæ дæр. Куы ахуысса, уæд аххосджын уыдзыстæм нæ фидæны фæлтæрты раз”.

   РЦИ-Аланийы Мыхуыры æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты комитеты сæрдар Фидараты Юри бæлвырддæр æрлæууыд рауагъдады тыхстаг фарстатыл. Куыд загъта, афтæмæй цалдæр хатты ныхас кодта хицауадимæ æмæ ныфс бавæрдтой Сабырдзинады проспекты чингуыты дуканийæн сæрмагонд бæстыхай рахицæн кæныны тыххæй. Фидары-фырт ма фехъусын кодта æхсызгон хабар дæр: республикæйы разамынды уынффæмæ гæсгæ, рауагъдад “Ир”-æн лæвæрд æрцæудзæн рог машинæ.   

Фидараты Юри комитеты номæй Кады гæххæттытæй схорзæхджын кодта рауагъдады хуыздæр кусджыты: Таутиаты Хъазыбеджы, Дзанайты Иринæйы, Дзуццаты Зæлинæйы, Тъехты Тамерланы, Зассеты Болаты, Габеты Альмæйы æмæ иннæты.

 Хуссар Ирыстоны республикон газет “Хурзæрин”-ы сæйраг редактор бирæ хъарм ны-хæстæ загъта рауагъдады тыххæй: “Ирыстоны хуссар хай тыхст уавæры куы уыд, уæд нæ культурæ  бамынæг, ууыл ничиуал уыд. Ахуыссыд нæм чингуытæ уадзыны хъуыддаг дæр. Уыцы рæстæг нæм йæ къух фæдаргъ кодта “Ир” æмæ нын стыр арфæйаг æххыус бакодта. Хуссайраг фысджытæн бирæ чингуытæ рацыд уыцы азты “Ир”-ы.

  Æмæ махæн абон, “Ир”-ы юбилей нысан кæнгæйæ, нæй уый бар, уыцы арфæйаг    хъуыддаг кæй фæнд æмæ зæрдæйы хъармæй райдыдта, уыцы коллективæн, рауагъдады уæды сæйраг редактор Кокайты Тотрадзы номæй стыр бузныг ма зæгъæм. Хуыцау уын ахæм арфæ ракæнæд æмæ уæ алы рæнхъ дæр Ирыстоны фарнæн куыд уа”.  

Рауагъдад “Ирæн ма арфæ ракодтой æмæ сын сæ фæндиæгтæ загътой Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны фысджыты цæдисы æмсæрдартæ Хъазиты Мелитон æмæ Агъ-наты Гæстæн, Цæцæн æмæ Кæсæг-Балхъары чингуыты рауагъдадты минæвæрттæ Амзор Матаев æмæ Мария Котлярова, поэтессæ Гуырдзыбегты Иринæ, “Иры Стыр Ныхас”-ы сæрдары хæдивæг Еналдыты Хъазыбег, Ветеранты Советы сæрдары хæдивæг Бедойты Руслан æмæ иннæтæ.

 РЦИ-Аланийы Парламенты номæй ма депутат Дойаты Светланæйы къухæй Арфæйы фыстæджытæ райстой рауагъдады кусджыты иу къорд. Йæ рады “Ир” дæр дипломтæй схорзæхджын кодта йæ хуыздæр автортæй цалдæры: Хуыгаты Сергейы, Цыбырты Людвигы, Дзасохты Музаферы, Агънаты Гæстæны, Хъазиты Мелитоны, Феликс Киреевы, Бзарты Русланы æмæ иннæты.

 Бæрæгбоны юбилярæн дыууæ зарæгæй арфæ ракодта, Цæгат Ирыстоны адæмон артист Дауыраты Эдуард, цалдæр æмдзæвгæйы бакаст ирон театры режиссер Сæбанты Тамерлан. Æмдзæвгæтæ ма бакастысты нæ горæты 13-æм скъолайы      ахуырдзаутæ.

   Ныртæккæ æнæхъæн Уæрæсейы культурæ тынг зын уавæры ис, уæлдай тыхстдæр сты, унитарон системæмæ чи ахызт, уыцы куыстуæттæ. Уыдон нæ исынц æхца бюджетæй, фæлæ сæхæдæг сæхи дарынц. Райсынц æрмæстдæр субсиди кæцыдæр ахсджиаг чингуытæн, уый та чиныгуадзыны хæрдзты фаг дæр нæ вæййы. Уыимæ кусджыты мызд, коммуналон лæггæдтæ, хъалонтæ… Ныры дуджы æрмæст чиныгуадзы-нæй рауагъдадæн фæцæрæн кæй нæй, уый бæргæ зонынц, фæлæ…

   Æмæ ахæм уавæрты кусынц рауагъдад “Ир”-ы курдиатджын коллектив, сæ куыстыл сæ зæрдæ нæ ивынц, ис сæ фидæн хуыздæры ныфс. Зонын хъæуы уый, æмæ адæймаг æрмæст кæрдзынæй кæй нæ цæры, фæлæ ма йæ кæй хъæуы культурæ дæр.”Ир” у нæ национ хæзна æмæ хъуамæ дарддæр йæ чиныгкæсджыты зæрдæ æлхæна йæ мидисджын чингуытæй. Уый бирæ аразгæ у адæмæн сæхицæй дæр…  Поэты загъдау:

          Чиныг – зонды суадон

          Рухсгæнæг  цырагъ…

          Чиныг  – ахуыргæнæг

          Чиныг – рухс фæндаг.                                                                      

Джусойты Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.