Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры комитеты пресс-центры уыдис фыццаг уæрæсейаг-ирыстойнаг фæсивæдон Æппæтадæмон фæсивæдты форумы хайадисджыты пресс-конференци. Хайад дзы райстой Хуссар Ирыстон, Уæрæсе, Абхаз, Приднестровье, Донецк æмæ Луганскы фæсивæдты комитетты минæвæрттæ.

Пресс-конференци байгом кодта Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры комитеты минæвар Гæбæраты Аленæ. Уый журналистты базонгæ кодта уазджытимæ æмæ ныхасы бар радта Хуссар Ирыстоны Фæсивæд, туризм æмæ спорты комитеты сæрдары хæдивæг Гатыгкоты Валентинæйæн. Уый бузныг загъта уазджытæн, дард æмæ зын фæлдагыл, махмæ, Хуссар Ирыстонмæ, кæй нæ базивæг кодтой æмæ форумы хайад кæй исынц, уый тыххæй.

Уый фæстæ раныхас кодта Луганскы Фæсивæдон комитеты минæвар Роман Олексин. Уый банысан кодта, зæгъгæ,  махæй алчи дæр Хуссар Ирыстонмæ æрцыд фыццаг хатт. «Не ‘рцыды сæйрагдæр нысан та у, цæмæй нæ адæмты ‘хсæн цы хорз æмæ бæллиццаг ахастытæ сæвзæрд, уыдон рæзын кæнæм Хуссар Ирыстоны фæсивæдимæ иумæ. Æхсызгон мын уыд, Хуссар Ирыстоны фæсивæд активон хайад кæй райстой æрæджы ауагъдæрцæуæг парламентон æвзæрстыты. Зæгъын ма мæ фæнды, зын уавæрты нæ фарсмæ кæй балæууыдыстут, бирæ хъуыддæгты нын нæ зындзинæдтæ кæй дих кодтат, уый тыххæй дæр. Уæ ахæм ахастыты тыххæй Луганскы адæмæн стут æфсымæрты хуызæн æмæ, табуафси, æрцыт нæм, алы цæрæг дæр уыл бацин кæндзæнис æмæ уæ райсдзæнис, куыд иууыл зынаргъдæр уазæг, афтæ», –  загъта уый.

Уæрæсейы фæсивæды минæвар Никита Чепригин та банысан кодта, зæгъгæ, кæд дард фæндæгтыл æрцыдыстæм, уæддæр уыдон зын нæ уыдысты. Уымæн æмæ мах стыр райгондæй цыдыстæм ардæм æмæ хатгæ дæр нæ ракодтам, фæндаг дард æмæ зын уыдис, уый. Уымæй дарддæр ма Роман банысан кодта, зæгъгæ, нæ фæсивæдон организациты раз стыр æмæ ахсджиаг хæстæ ис æмæ се ‘ххæст кæныныл хъуамæ кусæм иумæ æмæ активондæрæй. Кад æмæ цытимæ хъуамæ æххæст кæнæм нæ паддзахадты раз цы хæстæ ис, уыдон. Кæд нын абон уыйбæрц рæстæг нæй, цæмæй хуыздæр базонгæ уæм уæ бæстæ æмæ адæмы цард æмæ культурон бынтимæ, уæддæр, зæгъгæ, мæ уырны, ссардзыстæм фадæттæ æмæ æххæст кæндзыстæм, нæ адæмты тынгдæр цы бæтты, ахæм къахдзæфтæ.

Чепрыгин раарфæ кодта, нæ футболон командæ Европæйы æнæнымад паддзахадты ‘хсæн уæлахиздзау кæй ссис, уый тыххæй дæр. Уый стыр æнтыст у, зæгъгæ, æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы ноджы стырдæр æнтыстытæ.

Приднестровьейы фæсивæдон комитеты минæвар Алена Остроухова йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, вæййын æндæр æмæ æндæр рæтты, фæлæ нæ хъуыды кæнын, æмæ мыл искуы хъарм зæрдæйæ сæмбæлдысты. Уæ ахæм фембæлды руаджы, зæгъгæ, мæхи æнкъарын, раст цымæ ме ‘ввахс адæмы ‘хсæн дæн, афтæ.

Донецкæй минæвар Виктор Орехов та куыд банысан кодта, афтæмæй йæ уырны, нæ раст архайдтыты руаджы нæ цард но-джыдæр кæй хуыздæр кæндзæнис. «Нæ зындзинæдты рæстæджы нæ фарсмæ кæй балæууыдыстут, нæ хæдбардзинад нын кæй банымадтат, уыдæтты кой абон нæ кæндзынæн, фæлæ куы базыдтон, цæуын Хуссар Ирыстонмæ, уæд мын уыд тынг æхсызгон. Уымæн æмæ мæ фенын æмæ бузныг зæгъын фæнды, мæ адæммæ ахæм хорз ахаст чи равдыста, уыцы адæмæн. Уый мын бантыст æмæ мæхи нымайын ноджы амондджындæрыл. Мæн тынг фæнды æмæ Ирыстонæй арæхæй арæхдæр куы цæуиккат Донецкмæ. Сæйраджы уымæн, æмæ фениккат, уæ фыдæлтæ: скифтæ, сæрмæттæ æмæ аланты цыртдзæвæнтæ хъахъхъæд куыд цæ-уынц, уый.

– Мæ ныхас райдайын мæ фæнды уæ футболон командæйæн раарфæ кæ-нынæй. Уымæн æмæ уый у стыр æнтыст æмæ уын нырæй фæстæмæ дæр мæ зæрдæ зæгъы ноджы стырдæр æнтыс-тытæ, – зæгъы Абхазы Фæсивæдон омитеты минæвар Владимир Джорджуа.

Уымæй дарддæр ма Владимир банысан кодта, зæгъгæ, Абхазы хорзæй æмæ рæсугъдæй цы ис, уый ис ам дæр. Нæй уын денджыз, фæлæ уæм уый хыгъд ис бирæ суæрттæ æмæ суадæттæ.

ГÆЗЗАТЫ Иван 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.