Нӕ фыдӕлтӕ нын цы диссаджы традицитӕ ныууагътой, уыдоны тыххӕй арӕх дзурӕм, арӕх фыссӕм. Фӕлӕ нын нӕ диссаджы ӕгъдӕутты тыххӕй нӕхи этнографтӕ-ахуыргӕндты уӕлдай  ӕцӕгӕлон адӕм цы аргъ кодтой, уыдӕттӕ ахсджиагдӕр бынаты ӕвӕринаг сты. Уымӕн ӕмӕ уыдон цы загътой, уыдон цы ныффыстой, уыдӕттимӕ базонгӕ сты ӕндӕр адӕмтӕ, ӕндӕр бӕстӕтӕ дӕр. Зӕгъӕм, фӕсарӕйнаг бӕлццӕттӕй уыцы табуйаг ӕгъдӕутты тыххӕй иууыл бæстондæр афыст уынæм немыцаг ахуыргонд Карл Кохы фыстыты. Уый Ирыстоны алы кæмтты, суанг Чеселтгомы дæр, уыд Х1Х æнусы фыццаг æмбисы, ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхгӕйӕ ирон адӕмы рӕсугъд ӕгъдӕутты тыххӕй ныффыста диссаджы ӕрмӕг:

«Цы хъæуы хъуамæ æрлæууыдаиккам, уымæ цалынмæ нæ бахæццæ стæм, уæдмæ мæ размæ арфæтимæ рацыдысты хъæуы хистæртæ. Уыдон мæ цуры уыдысты, цалынмæ цы хæдзары хъуамæ æрлæууыдаиккам, уырдæм нæ бахæццæ стæм, уӕдмӕ. Сæ иу мын баххуыс кодта бæхæй æрхизынӕн æмæ мæ бахуыдта сыгъдæг æфснайд уатмæ. Фысым мын йæ худ йæ сæрæй сисгæйæ загъта:

– Амонд æркаст ӕмӕ – мæнмæ, мæ хæдзармæ, ды нын ахæм кад кæй скодтай æмæ нæ хæдзармæ кæй саккаг кодтай, уымӕй.

Уый фæстæ йæ риуыл йæ къухтæ дзуарæвæрд скодта, йæ рахис къахы фындз галиу къахы фæстæ æрæвæрдта, йæ сæрæй акуывта æмæ та мын ногӕй  загъта:

– Амонд æркаст æмæ мæнмæ.

Ацы ныхæстимæ мæ бахуыдта уатмæ. Уаты астæу сыгъдис арт. Бакодта мæ, дуары комкоммæ цы æртæкъахыг бандон æвæрд уыд, уымæ. Мæхи куы æруагътон ныллæг бандоныл, уæд хæдзары хицау мæ разы æрлæууыд æмæ мын афтæ зæгъы:

– Демæ мæ хæдзармæ æмæ нæ хъæумæ æрцыд амонд æмæ нын уымæ гæсгæ бар ратт æмæ уын мах дæр кад скæнæм. Дæ зæрдæ цы зæгъы, цы дын аргæвдæм? Хъуг æви къамбец, дыууæ хуыйы æви дыууæ фысы? Дæ фæндон мын зæгъ æмæ дын æй мæ лæппутæ сæххæст кæндзысты?

Мæ хъуыды куы загътон тæлмацгæнæджы æххуысæй, æнæмæнгхъæуæг цы у, уымæй дарддæр мæ кæй ницы хъæуы, уæд фæсивæд (уæдмæ дуаргæрон æнхъæлмæ кастысты) ацыдысты. Цыбыр рæстæджы фæстæ мæ разы алæууыдысты, мæ номыл цы кусарт акодтой, уый мын мæ разы æрæвæрдтой æмæ мын загътой:

– Дæ фæнд дын сæххæст кодтам, кусæрттаджы рыст æвдисгæйæ хъыпп-сыпп дæр не скодта, уымæ гæсгæ нын бар ратт куывд райдайынӕн. Ирон адæммæ уыд диссаджы æгъдау, цæмæй цины бонты суанг кусæрттаджы рисы хъæр дæр ма хъуыстаид. Кусæрттаг-иу хъæр куы кодта, уæд-иу уый хорзы нысаныл нымад нæ уыд. Фæсивæд кусæрттаг уайтагъд авæрдтой ставд судзгæ хъæдыл, йæ хуылфыдзаумæттæ йын асыгъдæг кодтой æмæ йын йæ царм астъыгътой.

Цалынмæ фæсивæд дзидзаимæ архайдтой, уæдмæ æрыгон сылгоймæгтæ кæнæ хистæр чызджытæ дзул кодтой. Сылгоймæгтæ сæ уæрæх къабаты, фылдæр æрвхуыз къабаты мæ цæстыты раз змæстой ставд ссад æмæ дон. Цалынмæ хыссæ цæттæ кодта, уæдмæ тебæ зынджыты ‘хсæн стæвд кодтой, йæ уæлæ йын хыссæйы тымбылтæ ӕрæвæрдтой, иу хатт сæ æрфæлдæхтой æмæ сæ зынджыты сæвæрдтой фыцынмæ. Дзул уым цыбыр рæстæгмæ сфыхт. Афтæ ма скодтой фиу æмæ хъæдындзимæ, ахæм дзул кодтой Тюрингийы дæр æмæ мын мæ Райгуырæн бæстæ мæ зæрдыл æрлæууын кодтой.

Фæсивæд дзидза æрлыгтæ кодтой сæ дынджыр кæрдтæй æмæ сæ дынджыр агты ныккалдтой. Агтæ дзаг уыдысты донæй алыхуызон хъацæнтæ æмæ хъæдындзимæ. Дзидзайы хуыздæр кæрдихтæ æрлыг кодтой ноджы лыстæгдæр, бакодтой сæ уæхстыл æмæ сæ зынгыл сфыхтой. Ирыстоны цы дзидза бахордтон, ахæм хæрзад дзидза никуы бахордтон.

Фынг цæттæ кæнгæйæ мæ алыварс уыдысты хъæуы хистæртæ. Тынг мæ фæндыд мæн дæр, исты сын куы балæггад кодтаин æмæ ме ‘ххуырстæн цай скæнын кодтон. Никуы федтой ахæм нуазинаг æмæ йæ нуæзтой арæхстгай, фæлæ стæй сæ зæрдæмæ тынг фæцыд æмæ-иу дзы сæхæдæг æрдомдтой. Хæринаг куы сцæттæ, уæд хъæуы цæрджытæ æмæ ме ‘мбæлттæ æртымбыл сты уаты, къулгæрæтты сæвæрдтой даргъ бандæттæ. Бандæттыл фыццаг сбадтысты хистæртæ. Сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ куывды нæ архайдтой.

Алцы дæр куы сцæттæ ис, уæд хæдзары хицау ногæй мæ разы æрлæууыд æмæ мын загъта:

– Мæ фырттæ æмæ мæ чызджытæ æрцæттæ кодтой, куывдæн цы æмбæлд, уый, разы дæ, цæмæй нæ куывд райдайæм?

Хæдзары хицауæн йæ лæппу кæнæ та се ‘ххуырст рахаста дурын донимæ æмæ алкæмæн дæр йæ къухтæ æрыхсынæн дон æркодта, иннæ йæ фæдыл хисæрфæнимæ цыд, æртыккаг та уæздæттæн сæ уæрджытыл урс хæцъилы скъуыддзаг æрытыдта. Уæд хъæуы хистæр бацыд, хæдзары хицауы фыртты æххуысæй фых дзидза æрлыгтæ кодта æмæ зынгыл фых дзидза уæхстæй фæхицæн кодта. Иууылдæр куы æрбадтысты хистæрæй кæстæрмæ, уæд хæдзары хицау мæнмæ æрбацыд йæ къухы дынджыр сыкъа бæгæныимæ æмæ мын загъта:

– Кад дæуæн, кæй нæм æрбацыдтæ æмæ нын кæй радтай фадат уазæджы æгъдау равдисынæн. Амонд æмæ дӕ фарн сæ бæркады бын фæкæнæд, дæ хæдзарыл æнæнизæй куыд сæмбæлай æмæ дæ бинонтимæ хъæлдзæгæй куыд фæцæрай; дæ алыварс чи уа, уыдон дæ куыд уарзой æмæ дын куыд аргъ кæной. Арфæ ма дын кæнæм иу хатт!

Уый фæстæ иучысыл анызта сыкъайæ бынаты бардуаджы номæн, стæй йæ уый фæстæ иууылдæр анызта. Стыр аргъ мын кæй скодта, уый æвдисынæн бацыд арты цурмæ æмæ йæ сыкъа арты сæрмæ фæфæлдæхта. Иунæг æртах дæр дзы не ‘ртагъд. Дарддæр иннæтæ дæр хъуамæ банызтаиккой ме ‘нæниздзинады тыххæй æмæ сæ сыкъа фæфæлдӕхтаиккой арты сæрмæ. Уый фæстæ фысым дыккаг хатт сыкъа райста йæ къухмæ æмæ загъта:

– Дыккаг куывд у дæ бинонты тыххæй. Бирæ азты хъæлдзæгæй фæцæрæд дæ фыд, дæ мад, дæ бинойнаг, дæ цот, дæ хотæ æмæ де ‘фсымæртæ, дæу кæй ауагътой кæйдæр бæстæм æмæ уымæй махæн нæ зæрдæ кæй барухс кодтой, уый тыххӕй. Дæ бинонтæн кад!

Уый фæстæ æгъдаумæ гæсгæ æз райстон сыкъа, тæлмацгæнæджы æххуысæй раарфæ кодтон фысымтæн æмæ йæ банызтон. Ныр мæ рад уыдис кувынæн æмæ мемæ чи уыд, уыцы къниаз Пауленойы ӕнæниздзинады тыххæй банызтон. Алчи дæр хъуамæ банызтаид къниазы ӕнæниздзинады тыххæй, уый фæстæ та къниаз хъуамæ ракуывтаид æндæр искæмæн. Афтæ хъæлдзæгæй ацыд фылдæр рæстæг. Худгæ ӕмæ хъазгæйæ æрвыстам рæстæг фынджы уæлхъус, хатгай райхъуысы хъæрæй худын, кæрæдзийæн хъазæн ныхæстæ кæнгæйæ. Григорьевский афтæ дзырдта, ома вæййы афтæ, æмæ куывды адæмы ‘хсæн рауайы хыл дæр, фæлæ æз мæ балцы рæстæджы иунæг хатт дæр нæ федтон æмæ исчи фæхыл уыдаид, æвæццæгæн хъæлдзæг хъæлæба уый хылыл банымадта.

Ирон æгъдау домы, цæмæй уазæг йæ хæрынæй куы æрлæууа, уæд иууылдæр сæхи ӕфсӕстгъуызӕй равдисой. Æддагон адæймаджы раз хæрын аив нæу ирон адæм-мæ. Уымæ гæсгæ цалынмæ фынгыл хæринаг уыд, уæдмæ æз дæр фынгыл бадтæн.

Куывды кæронмæ æрсабыр вæййынц иууылдæр, фысым кæнæ хъæуы хистæр слæууы æмæ ма иу хатт уазæгæн арфæ ракæны, ацы хъæумæ кæй æрбацыд уазæгуаты æмæ уымæй хъæу кæй скадджын кодта, уый тыххӕй. Ногæй та дыууæ лӕппуйы фæзындысты доны дурын æмæ хисæрфæнимæ æмæ уазджытæ сæхи æрыхсадтой. Хъæуы цæрджытæ сабырæй ацыдысты сæ хæдзæрттæм. Уазджытæн та сæ хуыссæнуӕттæ бацамыдтой æмæ адджын фынæй бакодтой».

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.