Æвзаг адæмы цардимæ æнгом баст у, æвдыст дзы цæуынц йæ националон хиæмбарынад æмæ этникон хæдбындурдзинад. Абон, æхсæнады царды алы ран дæр ахъаззаг ивындзинæдтæ куы цæуы, уæд нын ныры дуджы тæккæ вазыгджындæр проблемæтæй иу у дыууæ ӕвзаджы дарддæры рæзт æмæ фарстатæ. Уый домы, цæмæй ирон ӕмӕ уырыссаг æвзæгтæ æхсæнадон царды æмсæрæй æмæ æххæстæй архайой, сæ базоныны уавæртæ дæр æмхуызон куыд уой æмæ сæ алкæцыйæ дæр сæрибарæй пайда куыд цæуа.

Æнӕхъӕн Кавказы, бæлвырддæрӕй та Ирыстон-Аланийы зæххыл цы гармо-нион националон дыууæ æвзаджы арæзт æмæ рæзты процесс рапарахат, уый баст у хъомылад, ахуырад æмæ рухсады проб-лемæтимæ. Ирыстоны скъолаты дæр Уæрæсейы æндæр республикæты скъола-тæй бирæты хуызæн, уырыссаг æвзаг мадæлон æвзагимæ иумæ у хъомылад æмæ ахуырады фæрæз, æмæ уыйадыл ирæттæй бирæтæн ссис дыккаг мадæлон æвзаг. Зынгæ ирон хъуыдыгæнæг-демократ, педагог, публицист æмæ æхсæнадон архайæг Гасситы Афанас уæды «инородон, инородческий» скъолаты ахуырадон –  хъомыладон процессы сæйраг сахъатдзинадыл нымадта сывæллæтты ахуыр кæнын æмæ хъомыл кæныны хъуыддаг, уæлдайдæр та фыццаг аз, кæсын æмæ фыссын райдайыны рæстæг, ирон æвзагыл кæй нæ цыд, уый. Хохаг сывæллæттæ-иу уырыссаг æвзагыл ахуыр кæнын райдыдтой, нæдæр ыл кæсын, нæдæр фыссын зонгæйæ. Афтæмæй, кæй зæгъын æй хъæуы, сæ бон нæ уыдис уырыссаг фыстытæй, кæнæ æндæр исты информацийæ спайда кæнын. Æрмæг-иу бахъуыдис механикон æгъдауæй бахъуыды кæнын, фæлæ уый, цалдæр хатты фæлхатт кæнгæйæ дæр, куыд æмбæлы, ахæм фæстиуджытæ нæ лæвæрдта. Цы æрмæг ахуыр цыд, уый æнкъарын æмæ йæ æмбаргæйæ базонын, ахуыргæнинæгты зонындзинæдтæ, арæхстдзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинады рæзыны фарстатæ рохуаты задысты, стæй-иу, фаг æргом здæхт сæм кæй нæ уыдис, уый аххосæй лыг дæр не ‘рцыдысты.

Афанас, уырыссаг кӕсыны чингуытæн стыр apгъ кæнгæйæ, фиппайдта, уырыссаг сывæллæттæн æмбæрстгонд чи у, уый механикон æгъдауæй дæттæн кæй нæй «инородаг» ахуырдзаутæн. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, уыцы чингуытæ хохаг скъолатæн нæ бæззыдысты, фæлæ цæвиттонæн сбæззыдаиккой, бынæттон хицæндзинæдтæ æвдыст кæм хъуамæ цыдаид, ахæм пособитæн.

Стыр педагог стыр аргъ кодта сывæллæтты лингвистон рæзтæн, уый тыххæй егъау нысаниуæг лæвæрдта фæсарæйнаг æвзæгтæ ахуыр кæнынæн дæр. Уый нымадта, дыууæ æмæ цалдæр æвзаг базонынæн стыр нысаниуæг æрмæст царды практикон фæлтæрддзинад райсыны кæй нæй, фæлæ ма ахуырады хъуыддаг æмæ хиуылкусынады дæр, æмткæй райсгæйæ, адæмы иумæйаг культурон рæзт бæрзонддæр кæныны. Афтæмæй, стыр рухстауæджы сфæлдыстадон бынты хуымæтæджы хуызы æмбæрстгонд æрцыдис дыууæ æмæ бирæвзаджы идейæ йæ социолингвистон, психологон æмæ педагогон аспектты. Уый сæйраг аххосагыл нымадта, мадæлон æвзаг æппындæр кæй ницæмæ дард цæуы, ахуырадон процессæй сырд кæй æрцыд, уый.

Ирыстоны скъолаты иумæйаг педагогон системæ кæй нæй, ахуыры дисципли-нæтæ бæлвырд рекомендацитæй цух кæй сты, уымæ гæсгæ алы ахуыргæнæг дæр йæхæдæг хицæнæй хъуыды кæны куысты методтæ, æрмæг бацамонын æмæ йæ ныффидар кæныны алыхуызон мадзæлттæ. Уыцы уавæр ахуыры ахадындзинад зынгæ ныллæгдæр кæны, уæлдайдæр та уырыссаг æвзагæй. Уыцы факттæ, йæ хъуыдымæ гæсгæ хæрз гыццыл архайдтаиккой, цæмæй ахуырдзаутæ ахуырадон æрмæг базоной æмбаргæйæ æмæ раст, уыдон скъолайы хъуыддаг æрмæстдæр къуылымпы кодтой, уымæн æмæ сæ æрдзон æгъдауæй ницы уыдис. Зындгонд педагог Уырыймӕгты Харитон дзырдта æмæ архайдта, цæмæй дисциплинæ «уырыссаг æвзаг» ирон скъолаты ахуыр цæуа мадæлон æвзаджы бындурыл. Ахуыргондмæ гæсгæ, алы адæймагмæ дæр цы националон сæрыстырдзинад, националон хиæмбарынад хъуамæ уа, уый хъуамӕ рæза.

Ирон культурæйы зынгæ архайæг, фыссæг, публицист, педагог Коцойты Арсен, Кавказы периодикон мыхуыры адæмон ахуырады риссагдæр  фарстатыл дзургӕйӕ, алы ахуыргæнæгæн дæр æнæмæнг æххæстгæнинаг домæныл нымадта сывæллæттимæ сæ мадæлон æвзагыл сæрибарæй дзурын. Ахӕм хъуыдыйыл хӕст уыдысты Дзасохты Гиго ӕмӕ  Байаты Гаппо дӕр.

Саби хъуамæ ахуыры æвзаг æмбара – уый у дидактикæйы сæйраг домæн, æмæ скъолайы æппæт дисциплинæтæ дæр базоныны æнæмæнгхъæугæ уавæр. Уымæй дарддæр, мадæлон æвзаг у адæмы культурæйы æнæмæнгхъæугæ хай, националон сæрыстырдзинад æмæ кады сæр, националон æмбалад уæвыны сæйрагдæр цæг. «Æрмæстдæр мадæлон фыссынады фæрцы Кавказы хохаг знæмтæ рацæудзысты æцæг граждайнаг царды фæндагмæ», – фыста Байаты Гаппо. Уый рухстауыны куысты æнтыстдзинадыл нымадта скъола æмæ адæмы æнгом бастдзинад. Уый ис, мадæлон фыссынады, йæ базонын æнæмæнг хъæуы ахуырæн йæ райдианы къæпхæны. Уæлдай бæрзонддæр домæнтæ уыд педагогмæ хæххон скъолаты ахуыргæнæн чингуыты методикон арæзт æмæ аивадон æгъдауæй фæлындынмæ: «Райдиан чиныг мадæлон æвзагыл хъуамæ сывæллæтты æмбарынæдтæм сарæхса, се ‘взонг зонд сын сцымыдис кæна, æрмæстдæр гъе уæд у йæ бон сывæллæтты хъуыды кæныны тыхтæ райхъал кæнын, се ‘мбарынæдтæ сын райрæзын кæнын». Уæды рæстæджы ирæттæм ахæм чингуытæ нæма уыди. Сывæллæттæ ахуыр кодтой уырыссаг æвзагыл æмæ æрмæстдæр уырыссаг ахуыргæнæн чингуытæм гæсгæ. Мадæлон æвзаг ахуыр цыд рæстæгæй-рæстæгмæ, стæй, критикæйы аккаг дæр чи нæ уыд, ахæм чингуытæм гæсгæ. Ахуыргæнджытæ иу уырыссаг чиныгæй иннæмæ сæхи æппæрстой æмæ алы ран дæр стыр зындзинæдтыл æмбæлдысты.

Адæмон рухсады бындур хъуамӕ уа мадæлон æвзаг, мадæлон фыссынады фæрцы адæмтæ тагъддæр бахизынц бирæ æнусты æмæ бирæ адæмты зонды æвæрæнтæм æмæ афтæмæй æнгомдæр бацæуынц æппæтадæмон культурон  змæлдмæ.

Ацы идейæ стыр бынат ахсы Козаты Алыксандры педагогон хъуыдыты дæр. Зынгæ публицист-рухстауæг Кавказы периодикон мыхуыры адæмон ахуырады фарстатыл иу æмæ дыууæ хатты нæ фыста уацтæ, очерктæ, фыстæджытæ. Скъолаты ахуырадон-хъомыладон процесс аразыныл дзургæйæ, уый амыдта скъолайы ахуыры мидæг мадæлон æвзаджы ахсджиагдзинадмæ. Фидарæй домдта, цæмæй йæ æнæмæнг ахуыр кæной.

«Хъæздыг бинонтæ сæ сывæллæтты французаг кæнæ англисаг æвзаг хуыздæр æмæ тагъддæр сахуыр кæнынæн райсынц, иу дзырд дæр уырыссагау чи нæ зоны, ахæм гувернанткæ, астæуккаг ахуыры уагдæтты та уырыссаг сывæллæтты французаг æмæ англисаг æвзагыл ахуыр кæнынц æрдзон методмæ гæсгæ, кæй зæгьын æй хъæуы, уырыссаг æвзаг ныссæндыныл æппындæр нæ хъуыды кæнгæйæ, фæлæ æрмæстдæр ног æвзаг тагъддæр базоныны нысанимæ. Æппынфæстаг, уыцы методмæ гæсгæ ахуыр цæуы Терскы дирекцийы инородон скъолаты», – фыста Козайы-фырт.

Фæлæ уæддæр ирон скъолаты фылдæр пайда цыд тæлмацы методæй. Козайы-фырты хъуыдымæ гæсгæ, йæ аххосæгтæ уыдысты: фыццаджыдæр, æрдзон метод ахуыргæнӕгæй домы тыхархайд æмæ дзы уый тыххæй иудадзыг пайда кæнæн нæй. Дыккаджы та, – æппынæдзух дæр домы зонындзинæдтæ зæрдыл лæууын кæнын, æмæ уый та гæнæн ис, æрмæстдæр, ахуыргæнинæгты контингент гыццыл куы уа, уæд; ирон скъолаты та кълæсты æгæр бирæ ахуырдзаутæ ис. Æртыккаджы, ахуыры æрдзон метод домы цæстуынгæ æрмæг, алыхуызон предметты æнæхъæн коллекци, бынæттон цард æвдисæг иттæг хорз нывтæ. Раззагдæр методтæй пайда кæнын та, педагогы хъуыдымæ гæсгæ, феххуыс уыдзæн æв-заджы æрмæг базонынæн. Сывæллон скъоламæ бæлвырд дзырдуатон æвæрæнтимæ бацæуы. Исты предметы ном иронау куы фæзæгъы, уӕд йæ цæстытыл ауайы уыцы предметы фæлгонц, уый фæстæ уыцы фæлгонц æнæхъæнæй хаст æрцæуы предметы уырыссаг номмæ. Афтæмæй уырыссаг лексикæ дæр гыццылгай ахуыр цæуы.

Ацы ран, æнæмæнг, феххуыс уыдзæн мадæлон æвзагæй бæрцæй пайда кæнын. Алы ахуырдзауы хъуыдыкæнынады æвæрæнты дæр ис бирæ аргъæуттæ, радзырдтæ, алыгъхуызон цаутæ.

Уæлдæр кæй загътам, уымæй æрцы-дыстæм ахæм хатдзæгтæм. XIX æнусы кæрон æмæ XX æнусы райдианы ирон ин-теллигенцийы хуыздæр минæвæрттæ, æхсæнадон архайджытæ, курдиатджын педагогтæ, публицисттæ Гасситы Афанас, Уырыймæгты Харитон, Коцойты Арсен, Дзасохты Гиго, Козаты Алыксандр ӕмӕ ӕндӕртӕ нымадтой, адæмы националон хиæмбарынады рæзтæн уæвæн кæй нæй æнæ националон скъола, мыхуыры фӕрӕзтӕ ӕмӕ ӕнӕ мадæлон культурæйы рæзтӕй, уымæн æмæ уый у цыфæнды интеллекты бындур дæр, æрмæстдæр уыцы ран удрухсдзыд кæны йæ хæссæг адæмы хæдбындурдзинад æмæ уникалондзинад.

Ирон скъолайы раз цы сæйраг домæнтæ æвæрдтой цытджын педагогтæ, уыдоны æхсæн, фыццаджыдæр, уыд  ахуырадон, хъомыладон процесс ахуырдзауты мадæлон æвзагыл аразын, дыккаджы та – сывæллæтты ахуыр кæныны хъуыддаджы сæйраг бынат чи ‘рцахса, ахæм дисциплинæйы хуызы ахуыр кæнын. Уырыссаг æвзаг та нымадтой ирон адæмы раззаг уырыссаг культурæйыл фæхæст кæныны ахъаззаг фæрæзыл, дунейы цивилизацийы хæзнадонмæ цæй фæрцы бакъахдзæф кæнæн ис, ахæм хотыхыл. Уырыссаг æвзаг, уыдоны хъуыдымæ гæсгæ, эффективондæрæй сахуыр кæнæн уаид мадæлон æвзаджы бындурыл, йæ хицæндзинæдтæ йын нымайгæйæ. Уыцы уавæртæ фæстæдæр загъд æрцыдысты æмæ ныффидар сты, нæ бæстæйы педагогон зонады скъолайы цы лингвистон дисциплинæтæ ахуыр цæуы, уыдоны егъау хъомыладон потенциал æххæст кæныны хуызы; ахуырадон процессы мидæг æвзæгты кæрæдзийы агайынад бахынцыны принцип, кæцы домы скьоладзауты мадæлон æвзагмæ æдзухон цæст дарын, стæй дыккаг, æртыккаг æмæ а.д. æвзæгтæ ахуыргæнгæйæ, пайда кæнын хъӕуы, мадæлон æвзагæй сæм цы лингвистон фæлтæрддзинад ис, уымæй.

ДЖИОТЫ Галинӕ,

педагогон зонӕдты кандидат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.