Нæ ивгъуыд цардыл дзургæйæ, кæддæриддæр рæгъмæ рахæссæм ирон адæмы уазæгуарзондзинад. Уазæг – Хуыцауы уазæг, афтæ фæзæгъæм, нæ къæсæрыл уазæг куы æрбалæууы, уæд, æмæ йын ис стыр нысаниуæг. Цæмæй нæ рагфыдæлты хорз æгъдæуттæ рохуаты ма уой æмæ сæ кæстæр фæлтæртæм хæццæ кæнæм, биноныг цæуой алкæцы бинонты ‘хсæн дæр, уый тыххæй Анахарсисы номыл республикон националон библиотекæйы къухдариуæгад конференцитæ ауадзы ирон æгъ-дæутты тыххæй.

«Уазæг исыны æгъдæуттæ», зæгъгæ, ахæм номимæ 24-æм октябры бацæттæ кодтой æмæ ауагътой конференци. Конференцийы куысты хайад райстой историон зонæдты кандидат Джиоты Мурат, историон зонæдты кандидат, этнограф Кокойты Азæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ æмæ æндæртæ.

Конференци бацæуæн ныхасæй байгом кодта Анахарсисы номыл республикон националон библиотекæйы директор Кокойты Валерия. Уый, фыццаджыдæр, бузныджы ныхæстæ загъта конференцимæ æрбацæуджытæн.  Йæ ныхæстæм гæсгæ, абон ахæм мадзæлттæ уадзын стыр ахъаз сты фæсивæдæн, уымæн æмæ дзы ногæй исты райсдзысты æмæ базондзысты. «Фæнды мæ, цæмæй нæ фæсивæд зонгæ кæной нæ рагфыдæлты хорз æгъдæуттимæ æмæ сæ дарддæр кæной царды. Ирон адæм рагæй фæстæмæ дæр уазæгуарзаг уыдысты. Ирон адæм уазæгæн куыд лæггадгæнæг сты, афтæ, æвæццæгæн, никуы. Уый та дзурæг у нæ культурæйыл, нæ уæздандзинадыл», – зæгъы библиотекæйы директор.

Конференцийы темæйы фæдыл доклад бакаст Анахарсисы номыл библиотекæйы библиографион хайады кусæг Къадзты Ульянæ. Уый бæстонæй æрдзырдта уазæг исын æмæ лæггад кæныны æгъдæуттыл. «Уазæг исын æмæ уымæн лæггад кæнын ирон адæммæ хицæн æгъдау уыдис. Иу хъæуæй иннæ хъæумæ, комæй-коммæ раздæр адæм кæрæдзимæ стæм хатт æфтыдысты. Уазæг исыны æгъдау адæмы царды ахста уæлдай стыр æмæ ахсджиаг бынат. Уазæг чифæнды ма уыдаид, хъуамæ-иу æй хорз суазæг кодтаиккой. Стыр худинаг æмæ æгадыл нымад цыдис, уазæгæн æмбæлон лæггад куы нæ бакодтаиккой, уый. Цыфæнды мæгуыр лæг дæр-иу йæ сывæллæтты, йæ бинонты æххормагæй ныууагътаид, фæлæ уазæгæн хорз балæг-гад кодтаид. Ууыл дзурæг сты æмбисæндтæ дæр: уазæг – Хуыцауы уазæг, мæ фыдгулы хæдзармæ уазæг ма бацæуæд æмæ афтæ дарддæр. Уазæг иугæр къæсæрыл балæууыд, уæд хъахъхъæд цыдысты йæ бартæ. Искæмæн-иу йæ уазæджы исчи куы фæхъыг кодта, уæд уый нымад цыдис, куыд фысымы бафхæрын, афтæ. Кæд-иу æхсæвиуат кæнынмæ цалдæр уазæджы баззадысты æмæ-иу фысымтæ фæтыхстысты, уæд-иу сыхæгтæй уазджыты байуæрстой сæ сыхæгтыл дæр кæнæ та-иу сыхæгтæй ракуырдтой хуыссæнгæрзтæ. Иууыл стырдæр кад ирæттæ кодтой уæрæсейæгтæн æмæ уымæн та ис историон нысаниуæг», – зæгъы докладгæнæг. Уый ма йæ доклады куыд банысан кодта, афтæмæй раздæр сылгоймагæн бар нæ уыдис æмæ уазæгдонмæ бацыдаид. Сылгоймæгтæ уазæгæн лæггад кæнынæй уыдысты сæрибар, æрмæст сын цæттæ кодтой хæринæг-тæ. Уазæгæн дæр æгъдаумæ гæсгæ бар нæ уыдис йæхи равдисын.

Уазæг исыны æгъдауыл цыбыртæй æрдзырдта Кокойты Азæ дæр. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Ирыстонмæ-иу чи фæуазæг, уыцы ахуыргæндтæ, миссионертæ, æхсæнадон архайджытæ, хуымæтæг адæймæгтæ-иу дисы бахаудысты ирон адæмы уазæгуарзондзинадыл. Ирон æгъдæуттæ хорз чи зыдта, ахæм ахуыргонд фыста, зæгъгæ, ирон адæм уазæгæн ахæм кад æмæ аргъ кæнынц, æмæ уазæджы охыл се знаг куы бахизы сæ къæсæрыл, уæд дæр ын фысымтæ бакæнынц уазæджы лæггад, æгæрыстæмæй ма цæттæ сты сæ уа-зæджы сæрыл сæ сæртæ нывондæн æрхæссыныл дæр. «Раздæр уазæджы куыд истой æмæ йын куыд кад кодтой, уый ныртæккæ афтæ нал у. Цы хæдзары-иу уазæг нæ уыдис, уыцы хæдзар нымад уыдис нæрæгъыдзыдыл. Нæ рагфыдæлтæ-иу афтæ нымадтой, зæгъгæ, цас фылдæр уазæджы суазæг кæнæм, уас нын фылдæр хорздзинад ратдзæнис Хуыцау. Æгæрыстæмæй ма кусæрттæ дæр кодтой уазджытæн. Сæ хуыздæр хæринæгтæ хастой уазæджы размæ. Уазæг-иу йæхæдæг дæр йæхи уæзданæй хъуамæ дардтаид, йæхиуыл-иу фæхæцыдаид хæрды хъуыддаджы. Уазæджы тыххæй-иу сарæзтой бæрæгбон, хъазт, зарыдысты æмæ-иу кафыдысты, уагътой-иу бæхты дугътæ, æхстой-иу фат æмæ æрдынæй. Фысымтæн уый сæ кадмæ æфтыдта кад æмæ-иу нымад уыдысты æгас комы. Ирон адæм се ‘гъдæуттыл хæцыдысты фидар æмæ тынг тарстысты сæ фехалынæй», – зæгъы Кокойты Азæ. Уый ма банысан кодта, абон нæм рохуаты кæй ис уазæгæн йæ къæхтæ ныхсыны æгъдау. Кæнæ, зæгъæм, уазæг хæдзармæ хъуамæ ‘рбахызтаид рахис къахæй æмæ куы цыдис фæстæмæ, уæд та галиу къахæй хъуамæ ахызтаид.

Джиоты Мурат та йæ раныхасы банысан кодта, ирон адæммæ кæй уыдис бирæ хорз æгъдæуттæ æмæ уыдонæй сæ иу кæй у уазæг исыны æгъдау. «Уазæг исыны æгъдау ирон адæммæ кадджын кæй уыдис, уымæн бамбарæн ис афтæ, æмæ адæм кæрæдзи кæй уарзтой æмæ кæрæдзийæн кæй кад кодтой, уый. Искæмæн кад æмæ ном куы кæнай, уæд дæхицæн кад кæныс. Уазæг-иу йæ фысымтыл куы сæмбæлд, уæд-иу ын æртæ куывды фæстæ æгъдау-мæ гæсгæ авæрдтой уазæггаг дæр. Ирон æгъдау афтæ уыдис, æмæ дæм уазæг куы æрбахаудтаид, уæд æй нæ фарстой, чи у, кæцæй у. Цалынмæ къæбæр бахордтаид, цалынмæ йын æртæ куывды ракодтаиккой, йæ ном ын ссардтаиккой, уæдмæ йæ нæ фарстой чи у, уымæй. Бирæ хатт-иу уыдис афтæ, æмæ-иу фысымтæ кæрæдзи афарстой, зæгъгæ, чи уыдис нæ уазæг», – банысан кодта Джиоты Мурат. Уый æрдзырдта нуазæн æмæ уазæггаг кæрæдзийæ цæмæй хицæн кæнынц, ууыл (нуазæн лæвæрдтой кадджын адæймагæн, уазæггаг та уыдис уазæджы хай), æмæ радзырдта, цы фехъуыста уазæг исыны æгъдауы фæдыл, уыцы цау: Ручъы хъæуы Деметæм иу хæдзармæ фæцис уазæг æмæ йæ хорз суазæг кодтой. Аргæвстой йын фыр, хъæубæстæм дæр фæдзырдтой æмæ хорз фæцæл кодтой. Рацыдис къуыри, дыууæ къуыри æмæ уа-зæг цæуынвæнд нæ кæны. Фысымтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ зæгъдзысты, хæдзар дын нæй, зæгъгæ. Дыууæ къуырийы фæстæ та сæм уазæг æрбахауд æмæ та уымæн дæр йæ номыл кусарт акодтой, фæдзырдтой сыхæгтæм. Хæдзары хистæр ног уазæгмæ радта уазæггаг æмæ йæ фарсмæ бадджытæй, хъæуы цæрджытæй чидæр афтæ бакодта, зæгъгæ, уартæ уый дæр уазæг куы у, уæд уымæ дæр уазæггаг хъæуы авæрын. Авæрдтой уазæггаг уымæ дæр. Сыкъа райста, раарфæ сын кодта æмæ зæгъы, зæгъгæ, дыууæ къуыри ацы сыкъамæ æнхъæлмæ кастæн. Бузныг сын загъта æмæ рахызтис уазæгдонæй, йæ бæхыл куы сбадтис, уæд йæ бæхы разылдта хæдзары ‘рдæм. Уый та нысан кодта, уазæг райгондæй кæй ацыдис, уый.

Уазæг исыны æгъдауы фæдыл ма радзырдтой æндæртæ дæр. Уыдон се ‘ппæт дæр æрсидтысты, цæмæй ахуыргæнинæгтæ фылдæр сæ хъус дарой ирон æгъ-дæуттæм æмæ сæ ахуыр кæной, пайда сæ кæной сæ царды.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.