Эпиграф:
«Уæхи хизут, цæмæй уæ мачи фæсайа»
 (Мтф. Ев. 24-æм с.)

Ирон адæмыл Цоциты Аланмæ ахасты стыр рæдыд кæй æрцыд, бирæбæрцæй кæй фæсайды сты, ууыл фæстаг рæстæджы дзырд цæуы æргомдæрæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, адæймаг йе скондмæ гæсгæ лæмæгъ у — конъюнктурон ивындзинæдтæ куыд бадомынц, бирæтæ, хъыгагæн, сæ хъуыды æмæ сæ архайд уымæ гæсгæ ацаразынц. Фæлæ хи сайын нæ хъæуы.

Маэстро Джыгкайты Хсар афтæ ныффыста Цоциты Аланы амæлæты фæстæ: «Ирон адæмы ахастæн доктор Цоцийы фыртмæ рæстагон аргъ скæндзæнис ныры нæ, фæлæ фидæны дуг. Нæ заман — конформисттæ æмæ политикон æнæууæнккæгты рæстæгæн кæрон куы æрцæуа, уæд».

Цоциты Алан йæ рæстæджы, нæуæдзæм уæззау азты, разындис уыцы стæм политиктæй, кæцы бафæдзæхста ирон адæмы æмæ йæ карз ныхас загъта гуырдзиаг фашизмы ныхмæ. Фидарæй зæгъæн ис, уæды рæстæджы Хуссарирыстойнаг автономон областы Алан, куыд гоймаг, кæй уыд иууыл ирддæр фæзынд. Уый мидæг уыдис стыр тых национ сæрибардзинады сæрыл тохы сæргъ слæууынæн, æмæ егъау политикон дардмæуынындзинад æвдисгæйæ, куырыхон анализ кæнгæйæ геополитикон ивындзинæдтæн, йæ райгуырæн бæстæ æркодта хæдбардзинадмæ.

Йæ зын, фæлæ хъомысджын цардвæндаг Цоциты Алан снывонд кодта йæ раттæг ирон адæмæн. Ирыстоны фидæн уыд йæ сæйраг рис æмæ мæт. Республикæйы паддзахадон суверенитет сæндидзын кæныныл архайдта, зындзинæдтæм æмæ цæлхдуртæм æнæкæсгæйæ. Йæ бирæнымæц монографитæ цымыдисдзинад æвзæрын кæнынц ныры онг дæр дунейы зындгонд ахуыргæндтæм, æмæ сæ дисы æппарынц сæ арф хъуыды æмæ ир-ос-алайнаг культурæйы уникалон иртасынадæй. Йæ иртасæн куыстыты æмбырдгæндтæ ахуыр кæныныл архайынц дунейы зындгонд аланииртасæг. Фæлæ æгъатыр хъысмæты фæндмæ гæсгæ Цоциты Алан, гуырысхойаг политикон репресситы амæттаг уæвгæйæ, йæ царды фæстаг бонтæ арвыста æцæгæлон бæстæйы — Германы.

Гениалон политик æмæ арæхстджын стратегион аналитикæн йæ бон ссис рæстæджы домæнтæн развæлгъау æмбæлон æмæ раст дзуапп раттын, йæ бон цы уыдис, уымæй бирæ фылдæр саразгæйæ Хуссар Ирыстоны политикон-барадон хæдбардзинады æууæлтæ æрбиноныг кæнынæн. Зынгæ зонадон архайæг, кæцы ирон адæмы национ культурæйы бынтæ уникалон æгъдауæй раиртæста æмæ сæ бахъахъхъæныныл архайдта суанг йæ амæлæты онг — Цоциты Алан йæ цардæй аивгъуыдта ацы аз августы мæйы.

Хъысмæты гадзрахат фæзылдмæ гæсгæ ирон адæмы Прометейæн йæ мæрдон буары æртхутæг нырма дæр нæ фæхæццæ ис Хуссар Ирыстонмæ. Уыцы республикæмæ, кæцыйæн йе ‘мхъуыдыгæнджытимæ иумæ, знаджы ныхмæ карз, æнæмсæр тохы бацæугæйæ, æрхаста сæрибардзинад, ирон адæмыхатты национ удварн бахъахъхъæнгæйæ.

Профессор Битарты Зойæ афтæ зæгъы: «Алан уыцы хъуыддæгтæ йæ къухмæ куы нæ райстаид, уæд абон Хуссар Ирыстоны ирон адæймаг нал уаид. Фæлæ ирон адæм, хъыгагæн, æмбæлон аргъ скæнын нæ зонынц сæ хорзмæбæлджытæн».

Уæлдай хъыгаг та уый у, æмæ Ирыстоны æнувыддæр æмæ раззагондæр æмбæстæгтæй сæ иу — Цоциты Алан йæ цардæй кæй аивгъуыдта, йæ уды хъæдгæмттæ нæ байгас сты, афтæмæй. Йæ фæстаг бонты онг Алан бæллыдис æмæ йæм, æвæццæгæн, цавæрдæр ныфс уыдис, йæ уарзондæр горæт Цхинвалы Театралон фæзуаты рацæуын, фæлæ хъысмæт разындис уæлдай æгъатыр.

Джыгкайты Хсары ныхæстæ зæрдыл даргæйæ, ныфс бавæрæн ис, кæй æрлæудзæн ног дуг, кæцы æмбæлон аргъ скæндзæн стыр политикон æмæ интеллектуалон хъазуаты хицау Цоциты Аланæн, æмæ цы æнæфæцудгæ бынтæ ныууагъта политикæйы, зонады æмæ ирон нацийы удварны, уыцы стыр, бæрзонд æмæ ахадгæ архайд та цæвиттойнаг уыдзæн ирон адæмы ног фæлтæртæн.

Уый баззайдзæнис, Ир, дæ ныфсы æвидигæ зынгæй. Ног дуг та æнæмæнг ратдзæнис Цоциты Аланы хъуыддагæн зæрдæсудзгæ æмæ æнувыд æмцæдисонты, кæцыты архайды руаджы Ирыстон сæндидздзæн, слæудзæн йæ къæхтыл æмæ намысджынæй цæрдзæнис æнусты ЦОЦИТЫ АЛАНЫ ном. Йæ рæстæджы цы символикæ раздæхта, ома, ирон тырыса, уый та фæйлаудзæн хæдбар, сæрибар æмæ тыхджын Ирыстоны горæттæ æмæ хъæуты. Цæмæй уыцы хорздзинад æрцæуа, ууыл та бацархайын хъæуы не ‘ппæты дæр.

ПЛИТЫ Георги

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.