Алы адæмы царды дæр æрцæуы, сæ дарддæры хъысмæт кæмæй аразгæ у, ахæм хъуыддæгтæ æмæ цаутæ. Уыдон рауайынц кæнæ амондхæссæг, кæнæ сæ фæдыл расайынц стыр бæллæхтæ. Дыууадæсæм æнусы Аланты бæстæ æрлæмæгъ ис. Æлдæрттæ нал куымдтой паддзахы дæлбар бадын æмæ уый адыл кæрæдзимæ фесты. Цæгатырдыгæй сæм лæбурын байдыдтой цæугæцардгæнæг хæтойтæ (хъипчахтæ). Тыхст рæстæджы уæззау уæз æрæнцадис хуымæтæг адæмы уæхсчытыл. Зæхкусæгæй, сахайрагæй тыхст æмæ уырыд баййæфтой сæ хицæутты æнæбындур ныфсхастдзинады аххосæй.

Æртындæсæм æнусы райдианы Централон Азийы баиу сты мангойлаг адæмы мыггæгтæ. Сæ сæргъы æрлæууыд Чингисхан. Райдыдтой æбуалгъы карз хæстытæ. Хæстмæ рæвдз кæнгæйæ, сбæрæг кæнын фæхъæуы знаджы тыхтæ. Уый охыл Чингисхан Кавказмæ баппæрста æнæхъæн æфсад, Алантæ сæ ныхмæ сыстадысты хæтойтимæ æмдыхæй, Фыццаг тохы уал сæ хъарутæ фыдгулимæ уыдысты æмбæрц, æмхуызон. Уæд ман-гойлæгтæ бавдæлдысты æмæ сæхирдæм фæзылдтой хæтойты ханты. Алантæн се ‘мцæдисонтæ фыдгулы фарс куы фесты, уæд сæ бон нал баци знагыл фæтых уæвын æмæ састы бынаты аззадысты. Уæлахиздзау мангойлæгтæ уайтæккæ сæхи айстой Аланыстонæй, семæ уацайрæгтæ атæлæт кæнгæйæ æмæ ма сæ къухы цы бафтыдис, уыцы исбон ассивгæйæ, Уый фæстæ манголы æфсæдтæ балæбурдтой, кæй фæсайдтой, уыцы хæтойты бæстæм æмæ дзы дур дурыл нал ныууагътой. Уалынмæ Чингисхан амардис. Алантæм æмæ уырысмæ бырсыны хъуыддæгтæ йæхимæ райста Чингисханы фырты фырт Батый. 1238-æм азы та мангол ногæй æрбамидæг сты аланты бæстæм. Æфсæдты гыбар-гыбурæй, æнæнымæц уæрдæтты хъинц-хъинцæй, бæхты мыр-мырæй, теуаты уасынæй бæстæ арыдта.

Æгæрон æфсад æртыхстис аланты сæйраг сахарыл. Уый онг æрбахизыны тыххæй мангойлæгтæ ныццагътой тар хъæд фæтæн ауæдзгай æмæ ууылты æрбалæгæрстой сæхицæн фæндæгтæ. Æртæ мæйы дæргъы не суæгъд сты сахармæ бацæуæнтæ. Семæ карз тох самадтой сахар хъахъхъæнджытæ. Фæлæ тыхтæ æмхуызон нæ уыдысты. Æмæ алантæ састы бынаты баззадысты. Йæ цæрджыты та йын бындзагъд ныккодтой.

Фыдызнæгтæ аланты зæхмæ æрбахастой сæфт æмæ мæлæт. Стыгътой æмæ сыгътой сахартæ æмæ хъæутæ, мардтой адæмы. Æмæ ма алантæн кæм бантыстаид сæ тыхтæ баиу кæнын знаджы ныхмæ тохы. Æлдæртты та сæйрагдæр сæхи удты, сæхи пайдайы мæт уыди, адæмы хъысмæтыл нæ тыхстысты. Ноджы ма дзы бирæтæ фесты знаджы фарс. Уыдæтты руаджы манголы æфсæдтæн бантыст аланты бæстæ хайгай ныддæрæн кæнын. Æнæхъæн дыууадæс азы зыбыты иунæгæй фæтох кодта аланты иу фидар фыдызнаджы ныхмæ. Фæлæ йæ хъæбатырдзинад уæддæр нæ сахадыдта, уымæн æмæ адæмы ‘хсæн иудзинад нæ уыд.

Хан Батый кæй байста, уыцы зæххытыл сарæзта тæтæр-мангойлæгты паддзахад Сызгъæрин Орда. Уый къухмæ бацыдысты аланты лæгъз быдыртæ иууылдæр. Сæттын чи нæ бакуымдта, уыцы алантæ та æмхуызонæй баивылдысты хохы цъассытæм. Æмæ уым кæмтты æрæнцайгæйæ, сæ хæстон къордтæ рæстæгæй-рæстæгмæ лæбурдтой фыдгæнджытæм. Хæтæг здæмы бæхджын æфсæдтæн æнцон у тыгъд быдыры хæцын. Фæлæ хæххон уынгæг кæмттæм сæ ныфс нæ бахастой манголы æфсæдтæ. Хæххон Аланыстон сæттын нæ бакуымдта. Тыгъд быдыры дæр тох не ‘нцадис Сызгъæрин Ордайы хицаудзинады ныхмæ. 1278-æм азы Ордайы æфсæдтæ басастой, аланты стыр сахар Дедяковы знæгты ныхмæ чи сыстадис, уыдон. Иуцасдæры фæстæ райхъуыстис, алайнаг паддзахы мыггагæй чи фесгуыхтис, ахæм æфсæддон раздзæуæджы уæлахизы кой, йæ ном Бæгъатыр. Хъайтар хæстон æмæ йæ хæдзонд политик хуыдтой. Уый хъавыд æфсæддон фидар саразынмæ Фæскавказы зæххыл. Бæгъатыр гуырдзиаг паддзахæй байста Гуры фидар, фæлæ йæ байзæддæгтæ нæ сарæхстысты сæ хæдбардзинад бахъахъхъæнынмæ.

Тынг уæззау бæллæхтæ æрхастой тæтæр-мангойлаг æфсæдтæ алантæн. Арт сын бафтыдтой сæ паддзахадыл. Мингай дзыллæтæ сæ мæлæт ссардтой уыцы æбуалгъ тохы. Æдзæрæгæй баззадысты лæгъз быдыртæ, зæххы скъуыды ныххауæгау, фæтары сты сахартæ. Фæлæ ууыл нæ ахицæн сты Аланты бæстæйы бæллæхтæ. Цыппæрдæсæм æнусы кæронмæ æввахс карз тох бацайдагъ Сызгъæрин Орда æмæ Тимуры паддзахады æхсæн. Тимуры къухы уыд æппæт Астæуккаг Ази, Иран æмæ Фæскавказ. Зыдта, йе знаг Сызгъæрин Ордайы хан кæй у, уый. Æмæ йыл фæтых. Хæст та æрцыдис аланты зæххыл. Уыциу рæстæджы Тимур сфæнд кодта æнæсæттон хæххон алантыл дæр фæтых уæвын. Тимуры æфсæдтæ баирвæзтысты хæхтæм. Æмæ ма дзы Ордаимæ тохы чи аирвæзтис, уыдоны уæддæр ныццагътой, кæй та дзы уацары акодтой. Уыцы æвирхъау хæстытæ кæй цур æрцыдысты, кæнæ сын сæ кой чи фехъуыста, уыдон æнхъæл уыдысты, зæгъгæ, аланты мыггаг бынтондæр сыскъуыдис.

Фæлæ нæ. Æрдхæрæны диссаг æрцыди – Тимуры æфсæдтæй дæр та аирвæзтысты, Рагон дыгурон зарæджы баззади сидзæртæ ирвæзынгæнæг сылгоймаджы кой. Сыгъды фæстæ ма удæгасæй чи аирвæзтис, уыцы æнахъом сабиты æрæмбырд кодта алы рæттæй æмæ сæ йæхæдæг схъомыл кодта. Сабитæ слæгтæ сты, сыгъдæтты бынæтты сарæзтой ног цæрæнтæ, ног хъæутæ. Æмæ кæд æрдхæрæны сылгоймагæн йæ ном ферох, уæддæр дзыллæйы зæрдæйы баззадис хуымæтæджы Нанайæ. Афтæ йæ хуыдтой сабитæ сæхæдæг дæр. Нана фæуæлахиз манголы хантæ æмæ Тимурыл. Йæ байзæддæгтæ дзырдтой сæ мадæлон æвзагыл, кодтой сæ адæмы зарджытæ. Æмæ баззадысты адæмæй, ирæттæй. Ахæм фарн ныууагъта уыцы диссаджы сылгоймаг. Манголтæ æмæ иннæ фыдызнæгтæй аирвæзыны охыл кæддæр хæххон кæмттæм йæхи чи айста, уыцы ирæттæ иудадзыг дæр бæллыдысты сæ фыдæлты зæхмæ, лæгъз быдыртæм. Уынгæг кæмтты ницы фадат уыд ирæттæн се ‘ппæты иумæйаг царды сырæзтæн. Адæм фылдæр кодтой, æмæ сын хæххон гæппæлтæ фаг хор нæ лæвæрдтой.

Æмæ цæмæ бæллыдысты, уый къухы æфтын байдыдта æнудæсæм æнусы фыццаг æмбисы. Уæд ирæттæ бирæгæйттæй лидзын райдыдтой быдырмæ. Уымæй размæ дæр, æвæдза, иугæйттæ фæлвæрдтой хохæй лидзын. Фæлæ сæ хъуыддаг рæстмæ нæ кодта. Гом быдыры сæ хъахъхъæнæг нæ уыди. Хæхтæй иппæрд хъæумæ-иу сагъуыдысты сыхаг æлдæртты æмæ фыдгæнджыты къордтæ æмæ-иу æй уайтагъд адæрæн кодтой. Тæссаг нæ уыд æрмæстдæр ахæмтæн, быдырмæ æмзонд æмхуызонæй бирæ хæдзæрттæй чи лыгъдис, стæй иу ран, иу хъæуы чи æрцардаид. Уый пайдайы хос уыд канд ирон адæмæн нæ, фæлæ Уæрæсейæн дæр. Уырысы æфсæддонтæ æмæ раздзæуджытæй Кавказы зæххыл чи цардис, уыдон хæлц ластой дардæй. Ууыл цыд бирæ хардз æмæ фыдæбон. Ирон хуымгæнджытæн та, дзæгъæл быдыртæ бахуым кæнгæйæ, фадат уыдаид сæ хорæй иуцасдæр уæй кæнынæн. Паддзахы хицауады ма ноджы бафæндыд, цæмæй сын ирон адæм баххуыс кодтаиккой Арвыкомы фæндаг хъахъхъæнынæн. Уыцы заман Уæрæсейæ Фæскавказмæ уымæй хæстæгдæр æмæ æнцондæр фæндаг нæ уыд. Йæ сæр райдыдта Цæгат Кавказы лæгъз быдыры, стæй Дайраны комы уæлæмæ фæхæрд кодта, Бæрзæфцæг кæй хуыдтой, уырдæм. Æмæ йыл бæлццæттæ æдасæй цæмæй цыдаиккой, уый тыххæй фæндаггæрон кæрæй-кæронмæ æрцæрын кодтой ирон хъæутæ æмæ хъазахъы станицæтæ.

Быдыры ног хъæутæн сæ фылдæрæн бындур æрæвæрдтой хъæздыг æмæ уæздан мыггæгты бинонтæ. Æмæ зæхкусджытæн ралидзынмæ сæ сразæнгард кæныны тыххæй зæрдæ бавæрдтой, зæххы тыххæй сæ хъалон нæ домдзысты, зæгъгæ. Хъæуы мидæг та цас фылдæр адæм цæра, уыйас æдасдæр у тыхгæнджытæй. Фæлæ цалынмæ быдираг хъæутæн тæссаг уыд æцæгæлон лæбурджытæй, уæдмæ зæххы хицæуттæ сæ дзырд нæ сайдтой, фиддон нæ домдтой. Стæй куыдфæстæмæ адæмы нымæц куы рæзыд, цард куы æрбиноныг, лæбурæг куынæуал уыд, уæд æлдæрттæ бадомдтой хъалон, зæхкусджытæй хæхбæсты куыд истой, афтæ.

Быдираг саумæр быдырты ирон адæмæн сæ сæйраг куыст сси зæхх. Хъæдын дзывыры бæсты хуым кæнын байдыдтой æфсæн гутонæй. Сæ хоры тыллæг фæци цалдæр хатты фылдæр. Уалынмæ райдыдтой халсары куыст æмæ дыргъбæлæстæ садзын. Зынгæ фæфылдæр сты фысвосы дзугтæ, хъомвос æмæ бæхрæгъæуттæ. Ныр зæхкусджытæн фæци хор уæй кæныны фадат. Уæй кодтой фос дæр, стæй къуымбил, нымæт æмæ сæракæй дзаумæттæ æмæ хъæдын мигæнæнтæ. Æлхæнгæ та кодтой фабрикты товартæ – хъуымац, хæсгæрдтæ, судзинтæ, къустæ…

Зæхкусджытæ хуыздæр цæрын байдыдтой, уый æлдæрттæ куы федтой, уæд бафтыдтой хъалонтыл. Сæ зæрды æрæфтыдис быдырмæ ралидзæг адæмы пайдатæ иууылдæр сæхирдæм рассивын. Фæлæ сын сæрибар зæхкусджытæ сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадын кодтой. Уый нæ, фæлæ ма уæды онг цы фыстой зæххытæн, уый фидын дæр нал бакуымдтой. Уымæн æмæ, загътой, быдираг зæххытыл никæцы заман цыдис ирон æлдæртты бар, никæд уыдысты уæздæтты къухы. Ирон адæм быдираг зæххытæ райстой Уырысы хицауады руаджы. Уымæ гæсгæ уæздан лæгæн йæ бон нæу, йæ зæххыл нымад чи никуы уыд, уый тыххæй хъалон исын. Æлдæртты нымæц та бирæ къаддæр уыд хуымæтæг адæмы нымæцæй. Æмæ хъаруйæ дæр сæ ныфс нæ хастой зæхкусджыты басæттынмæ.

Цыбыр ныхасæй, гæрзифтонг, зæхкусджытæн сæ зæрды æппындæр нæ уыд æлдæрттæн æнæсæрфат хъалон ныббарын. Хицауад та йæхи нæ тъыста ирæтты æхсæн быцæуы. Уыйадыл хъалон нал истой æлдæрттæ. Фæлæ иннæ хъуыддæгты уæддæр сæ кæнон нæ уагътой. Быдырмæ ралидзыны хъуыддаг кæрæдзи æрæмбарыны æмæ æнгомдзинады хос фæци ирон адæмæн. Алы кæмттæй æрцæуæггæгтæ-иу быдыры æрцардысты иумæ, иу хъæуы. Адæмæн сæ бæллицтæ, сæ фæндтæ баиу сты. Уæдæй фæстæмæ Ирыстон иппæрд нал уыд иннæ дунейæ. Ир бирæ цæуылдæрты сахуыр сты алы адæмтыл, стæй сын сæхи дæр фæзмыдтой бирæ хорз хъуыддæгты. Хæххон адæм æппынфæстаг бафсæстысты быдыры уæрæх зæххытæй. Иу бинонтау æрбангом сты. Фæлæ ма хæхбæсты цæргæ чи баззадис, ахæмтæ дæр дзæвгар уыдысты. Зындгонд у, нæ хæхтæ сты хъæздыг хуызджын згъæрæй æмæ алы мыггаг суæрттæй. Алы ироны зæрдыл дæр лæууынц, стæй хъусгæ дæр кæнынц, нæ фыдæлтæн хæхбæсты цы уæлмæрдтæ баззадис, уыдоны кой, рагон хъæууæтты æмæ мæсгуыты хабæрттæ.

БЗАРТЫ Руслан,

 историон зонæдты доктор,

профессор

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.