Ахызтыстæм та иу бæрæгбоны сæрты. Æвзаджы бон, дам… Æмæ цы у æвзаджы бон – цы нысан кæны, куыд нысан кæнгæ у? Ахсджиаг мадзæлтты скъоладзаутæн «æнæкæсгæтæ» радзурын кæнын? Æмæ сæ скъолаты, сæ ахуыры рæстæджы нæ радзурдзысты? Нæй гæнæн æмæ уыцы бон, кæд ирон æвзаг æмæ литературæйы бонæй нысан цæуы, уæд уыцы бон нæ хъуыддæгтæ æрмæстдæр ирон æвзагыл аразæм, кæнæм, нывæндæм?.. Дзасохты Алыксандры барамындæй, дам, сырæзт ацы хъуыддаг, æмæ, дам, дзы уый тыххæй хъуамæ галы бузныг уæм… Дзасохты Алыксандр искуы йæ закъонон барæй спайда кодта, бæлвырддæр зæгъгæйæ, йæ конституцион хæс сæххæст кодта æмæ иу хатт иу хъуыддаджы гæххæтт ирон æвзагыл ныффыста?..

Ацы хатт «нæ хæзнаты хæзнайы» бæрæгбонон мадзæлтты кæд исты ногдзинад фæхатыдыстæм, уæд Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло Ирыхъæуы аргъуаны кæрты Къостайы ингæны раз рæсугъд æмæ уæздан ирон æвзагыл кæй раныхас кодта, уый… Раст у, Ирыстоны райгуырд, йæ мад ирон у, фæлæ Ирыстонæй раджы афтыд стырдæр дунейы тыгъдадмæ. Ахуыр кодта Ирыстонæн æддейæ, службæ кодта денджызон флоты, дзæвгар рæстæджы дæргъы уыд Севастополы губернатор, Сыбыраг Федералон зылды Уæрæсейы Федерацийы Президенты Æххæстбарджын минæвар. Фæлæ… Уæддæр, Ирыстонæй иу бон дæр æддæмæ чи нæ ахызт, ахæм бирæ ирæттæй бирæ рæсугъддæр æмæ уæздандæрæй ранывæста йæ ныхас нæ ирон, нæ мадæлон æвзагыл. Патриотизм, хъæуа нæ хъæуа, «æппæтæй бæрзонддæр» чи æвæры, уыцы ирон адæмы мадæлон æвзагыл.

Цы у патриотизм? Стыр бынатмæ бырсын æмæ дæ уыцы бынатмæ баирвæзынæн чи хъыгдара, уыдоныл растæй-зылынæй цъыфкалæн кæнын? Нæ. Патриотизм нысан кæны фыдыбæстæ æмæ раттæг адæмы уарзын. Ома, цы  нацийы минæвар дæ, цы адæмæй дæ хонынц, уыцы адæмы хъуамæ уарзай, сæ сомбоныл сын аудай. Æмæ наци та цæмæй наци у, цæмæй хъуамæ хицæн кæна иннæ нацитæй? Бирæ цæмæйдæрты, фæлæ фыццаджы-фыццаг – æвзагæй. Гъемæ уын Хуыцау хорз ракæна, Ирыстоны иузæрдион патриоттæ, кæд уæ фыдыбæстæ уæ адæмыл афтæ æнувыд стут, уæд сын се ‘взагыл цæмæн уæлæхох кæнут, уæ цард æндæр искæй æвзагыл цæмæн аразут æмæ нывæндут – хæдбар бæстæйы цæрын уæ куы фæнды?.. Иу хатт уæ исчи иу æмбырды иронау раныхас кодта, иу хатт уæ исчи иу хъуыддагдары (делопроизводство кæй хонут) гæххæтт иронау ныффыста?

Цæмæй райдыдта хæдбардзинад расидынмæ фæндаг Хуссар Ирыстоны? Бирæ цæмæйдæрты, фæлæ та ам дæр фыццаджы-фыццаг æвзагæй – гуырдзы нын не ‘взаг исынц, дæлдзиныг æй кæнынц æмæ хæдбардзинад куынæ расидæм, уæд не ‘взаг бынтондæр фесæфдзæн. Афтæ нæ уыд? Афтæ уыд. Уæдæ ма йæ истыгъуызон бамбарын кæнут, ныр уæ иуæндæс æмæ ссæдз азы бæрц чи хъыгдары уе ‘взагыл дзурын, чи уын æй исы, чи уын æй дæлдзиныг кæны?

Уырыс? Нæ, уый уæ макæй дзыхæй сирвæзæд, уырысæн ахæм политикæ куы уаид, уæд Меняйлойæн йæ бон уыд, бар ын уыд, цæмæй Къостайы цырты раз иронау ма раныхас кодтаид…

Ахæм фарст куы радтай хуссайраг патриоттæм, уæд та дын зæгъдзысты: междупърочем ахæм вапърос раст нæу, мах хо фаллæгтæй хуыздæр  зонæм ирон æвзаг…

Хæрæджы дымæг!

«Фаллæгтæ» фылдæр уырыссаг æвзагæй кæй пайда кæнынц, уый раст у, фæлæ уыдонæй уырыссагау чи дзуры, уый дзуры уырыссагау, иронау чи дзуры, уый та – иронау. Бынтон афтæ дæр нæу, фæлæ афтæ – абаргæйæ… Махмæ, Ирыстонæн йæ хуссар хайы та иронау дæс дзырды чи зæгъа, уымæн дзы иуæндæс дзырды гуырдзиаг дзырдтæ уыдзысты, дыууадæс та – уырыссаг дзырдтæ. Уый æвзаг нæу, уый у арвистон, уый нысан кæны мадæлон æвзагæй хынджылæг кæнын. Æмæ фаг у адæмæн сæ хъустæ æхсын, æгуыдзæгдзинады рæзтæ æхсæдынæн! Фаг у ахæм цыдæртæ дзурын æмæ фыссынæн, кæрон скæнын хъæуы «сывæллон йæ царды фыццаг азты хъуамæ мадæлон æвзагыл дзура», «скъолаты æмæ скъолайæн агъоммæйы уагдæтты хъуамæ сывæллæттæм иронау дзурой» æмæ æндæр хисайæн, къæбæрхæрæн ныхæстæн! Сывæллон йæ райгуырдæй фæстæмæ хъуамæ уына, йæ мадæлон æвзаг фæсвæд æвæрд кæй нæу, паддзахадон æвзаджы ном фæтчыгъæдæн кæй нæ хæссы, фæлæ кæй у цæрдхъом æвзаг! Цалынмæ афтæ уа, ца-лынмæ рæзгæ фæлтæр сæ мадæлон æвзаг удæгас, цардаразæг æвзаг кæй у, уый банкъарой, уæдмæ ирон æвзаг уыдзæн сæфты къахыл лæуд æмæ уæхи фыдæбонæй мауал марут, ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнджыты та сæ мæгуырыл ныууадзут, уыдонæн куыд сæ бон у, сæ фадæттæ сæ цас амонынц, уымæй сыл зæрдæ нæ бахуддзæн ирон авзаг сывæллæттæн бауарзын кæныны хъуыддаджы.

Цæст, дам, кæй нæ уыны, уый, дам, зæрдæйæ дæр рох у. Æрхæс-сæм хуымæтæджы цæвиттон. Ирыстоны дыууæ хайы цы дыууæ ирон газеты ис «Рæстдзинад» æмæ «Хурзæрин», уыдоны коллективтæн-иу æрвылаз дæр уыд сфæлдыстадон фембæлдтытæ. Бæстæ куы сæмтъеры, адæмæн сæ сывæллæттæн æнахуыйæн къæбæр бахæрын кæныны фадат дæр куы нал уыд, уыцы рæстæджы дæр не ‘рлæууыд ацы арфæйаг хъуыддаг, стæй йыл чидæртæ дур ныффæлдæхтой. Фæлæ дзырд ууыл нæ цæуы. Иу ахæм фембæлдмæ цæттæ кæныны рæстæджы, мах рад куы уыд «Рæстдзинад»-ы коллективы фæхонын, уæд фæхъуыды кодтам, нæ уазджытæн цы бакæнæм, фембæлды фæстæ сæ æххормагæй куыд ауадздзыстæм, æмæ… Сфæнд та кодтам дзæнæтыбадинаг, хуыцауысконд лæг, бæгæныфыцæн заводы директор Туаты Петрмæ нæ цæсгом батæрын. Ныффыстон æм гæххæтт, ныххастам æй мыхуыры хæдзары директор Хуыгаты Анатолиимæ. Петр уыцы рæстæджы æмбырд уагъта. Зæгъын банхъæлмæ йæм кæсæм, фæлæ нын йæ кусджытæй чидæртæ бамбарын кодтой, æнæхъуаджы йæм кæй æрцыдыстæм ацы хатт – тынг тыхст уавæры, дам, стæм, цалдæр мæйы, дам, нæ куыстмызд дæр нæ райстам. Уæддæр æм, зæгъын, банхъæлмæ кæсæм, аив нæм нæ фæкаст, ма йæ федтаиккам, афтæмæй рацæуын. Туайы фырт стыр цымыдис æмæ дисы æнкъарæнтимæ цалдæр хатты бакаст, кæй йæм радтон, уыцы гæххæтт, стæй йæхимæ басидт йæ кусджытæй цалдæрмæ æмæ сын афтæ зæгъы:

– Зонæм æй, тынг уæззау уавæры стæм, мæ хæлæрттæ, фæлæ мæ царды фыццаг хатт мæ къухмæ райстон хъуыддаджы гæххæтт ирон æвзагыл фыстæй æмæ сын уый цинæй уæддæр хъуамæ аххуыс кæнæм, завод æхгæнинаг куы фæуа, уæддæр…

Уый цæуыл дзурæг у? Ууыл æмæ ирон æвзагæй, куыд æмбæлы, афтæ спайда кæнынæн бынтондæр ницы ныхдуртæ ис, хъæуы æрмæстдæр фæндондзинад æмæ бæрндзинад.

Ацы бонты æвзонг лæппу Бежанты Æхсар интернет-тыгъдады сæвæрдта цæхгæр фарст, нæ закъæттæ нæ мадæлон æвзагмæ тæлмац кæй нæ цæуынц, уый фæдыл. Фарст раст æвæрд у, фæлæ, хъыгагæн, æви не ‘намондæн, уымæн уæвæн нæй. Æхсар, кæд нæ рæдийын, уæд юрист у, æмæ хъуамæ зона, закъонæн тых кæй ис, куыд, цы хуызы йыл схъæлæс код-той, ахæмæй. Æмæ кæм ис ахæм тæлмацгæнæг-юрист, кæцы закъон ирон æвзагмæ афтæ стæлмац кæна, æмæ йæ цы хуызы райстæуыд, уым йæ ирон тæлмацы мацы фехæла, йæ мидис дзы мацæмæн фæива… Уæд та, цæмæй закъонæн дыууæ æвзагыл дæр закъонон тых уа, уый тыххæй йыл дыууæ æвзагыл  дæр хъуамæ схъæлæс кæной депутаттæ. Æмæ цæмæй депутаттæ ирон æвзагыл закъон райсой, уый тыххæй та хъуамæ зоной, æмбарой алы дзырды нысаниуæг дæр…

Гъемæ… бафæрсут ма Бежанты лæппуйы: дæ бонæй, дам, дæ уа, кæцæй æркæнынмæ, дам, хъавыс Ирыстонмæ ахæм депутатты, йæ мадæлон æвзагыл алы дзырды нысаниуæг дæр чи æмбара, йæ растфыссынад ын чи зона,  ирон æвзагыл закъон уынаффæмæ рахæссынхъом чи уа?.. Ирыстоны æрмæстдæр хæдбар паддзахадæй чи уыны, уыцы ирон адæмы ‘хсæн!..

Цыма та сæ былтæ цал ирон патриоты арасчъил-басчъил кæндзысты ацы ныхæстæ бакæсгæйæ?.. Цалфæнды ма уат, уæ бар – уæхи! Æрмæст æй зонут, сымахыл та ирон адæмы сомбон расчъил-басчъил кæндзæн йæ былтæ…

ГÆБÆРАТЫ Юри

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.