Ирон адæмæн цæрæнбонты сæ хъуыддаг афтæ уыд, æмæ сæ æнусты дæргъы тох кæнын хъуыд сæ бартыл, сæ сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл.

Ивгъуыд æнусы 90-æм азтæй суанг 2008 азы августы онг дæргъвæтин тох æнæхъуаджы нæ фæцис,

О, фæлæ æргом ныхмæлæуды размæ дæр Ирыстоны адæмы минæвæрттæй бирæтæ тох кодтой национ интересты сæрыл. Уыдонæй сæ иу уыд Габуты Хазби. Уый йæ царды хуыздæр азтæ нывондæн æрхаста ирон æвзаджы тыххæй.

Æз Хазбиимæ корректорæй куыстон, 6 азы иу кабинеты фæбадтыстæм. Чысыл сæрибар рæстæг-иу нын куы уыд, уæд-иу мын лæмбынæг фæдзырдта, йæ уæззау хъысмæты хабæрттæ, политикон ахæст уæвгæйæ, цы хъизæмæрттæ бавзæрста, æппæт уыдæттæ.

Габуты Хазби райгуырд 1931 азы 14 февралы Къуыдаргомы Тамагины хъæуы. Сæ хъæуы скъола кæй нæ уыд, уый тыххæй Хазби ахуыр кодта сыхаг Хъеуселты скъолайы. 1940 азы Габуты бинонтæ цæрынмæ æрцыдысты уæды Сталинирмæ æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта ирон скъолайы.

Хазбийы курдиат алыварсон уыд. Кафынмæ рæвдз лæппу 1944 азæй 1949 азмæ куыста нырма ансамбль «Симд»-ы сывæллæтты къорды, фæстæдæр та — ансамблы хистæр кары кафджытимæ. Уыцы-иу рæстæджы йæхи фæлвæрдта театралон аивады дæр, ахуыр кодта, паддзахадон театры цы драматикон студи бакодтой, уым. Студийы хæрзтыл кæй ахуыр кодта, уый тыххæй йæ театры къухдариуæгад арвыстой Мæскуымæ режиссеры дыууæазон курсытæм. Курсытæ аргъыл уыдысты, Хазбийæн уыцы фæрæзтæ нæ уыд æмæ фыццаг семестр сæхгæныны фæстæ æрыздæхт Цхинвалмæ.

Габуйы фырт æмдзæвгæтæ фыссын 13 аздзыдæй райдыдта. Арæхстис тæлмац кæнынмæ дæр. Уырыссаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтæй тæлмац кодта æмдзæвгæтæ. Гуырдзиаг æвзагæй цы æмдзæвгæтæ тæлмац кодта, уыдон-иу оригиналтæй хуыздæр рауадысты.

Уæды рæстæджы Хазбийы чи зыдта, уыдон ын рухс фидæн ныв кодтой, фæлæ куыд æнхъæл уыдысты, йæ хъысмæт афтæ нæ рауад.

1936-1939 азты латинаг графикæйæ конд ирон фыссынад Цæгат Ирыстоны баивтой кириллицæйæ, Хуссар Ирыстоны та — гуырдзиаг алфавитæй. Афтæ рауад æмæ Цæгат Ирыстоны уагъд чингуытæ æмæ газетты æрмæджыты хуссайраг ирæттæн сæ бон бакæсын нæ уыд. Уый фагыл нæ банымадта гуырдзиаг шовинистон режим æмæ ма ирон скъолаты дæр сæхгæдтой. Афтæмæй скуынæг кæнынмæ хъавыдысты ирон æвзаг. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы уавæр æнцой нæ лæвæрдта Хазби æмæ йе ’мбæлттæ Уанеты Владимир, Гасситы Лев, Джиоты Зауыр æмæ Бекъойты Георгийæн.

Æвзонг лæппутæ бæргæ сфæнд кодтой Мæскуымæ, комкоммæ Сталинмæ бацæ-уын, фæлæ йæ æмбæрстой, Сталинмæ мæйæ раздæр нæ бахаудзысты. Иу мæй Мæскуыйы уазæгдоны цæрынæн та сын фæрæзтæ нæ уыд. Æмæ уæд аскъуыддзаг кодтой прокламацитæ фыссын æмæ сæ горæты алы рæтты æндадзын. Æнхъæлдтой, зæгъгæ, прокламациты хабар Мæскуыйы спецслужбæтæм фæхæццæ уыдзæн, уыдон æй фехъусын кæндзысты Сталинæн æмæ сæм уый æрæрвитдзæнис къамис ирон æвзаджы фарст аскъуыддзаг кæныны тыххæй.

Æхсæвыгæтты-иу æрæмбырд сты Хазбитæм æмæ уым сусæгæй фыстой ирон адæмы националон интерестæ дæлдзиныг кæныны ныхмæ прокламацитæ æмæ сæ горæты парахат кодтой. Тексттæ фыстой мыхуырон дамгъæтæй, уымæн æмæ тарстысты куыд хи областы, афтæ Гуырдзыстоны спецслужбæтæй дæр. Сæ хъуыдыйы та уыд, Мæскуыйæ цы къамис æрцæуа, уымæн сæхи раргом кæнын æмæ йын ирон æвзаджы ликвидацийы факттæ бамбарын кæнын.

Фæлæ сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадтысты. Чекисттæ «дæластæрдонты» фæдыл зилын райдыдтой. Габуты сыхæгтæй цалдæр уыдысты Паддзахадон æдасдзинады комитеты кусджытæ æмæ уыдон фæхатыдысты, æхсæвыгæтты лæппутæ Хазбитæм кæй æмбырд кæнынц, уый. Æрцахстой Хазбийы дæр æмæ йе ’мбæлтты дæр. Мыхуырон дамгъæтæй сын ныффыссын кодтой ныхæстæ æмæ сбæрæг кодтой, прокламациты автор Хазби кæй у.

Габуйы фырт слестгæнæн фарстайы суагъæйыл йæ къух нæ фыста, буржуазон антисоветон националистон дæластæрдон архайды йæ кæй аххосджын кодтой, уый тыххæй.

Хазби йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй иууылдæр фæскомцæдисонтæ куы уыдысты, уæд сæ цæй буржуйтæ хуыдтой. Нæ сын уыд антисоветон дæластæрд дæр, уымæн æмæ сæхи хъуамæ раргом кодтаиккой, Мæскуыйæ цы къамисмæ æнхъæлмæ кастысты, уымæн. Прокламациты уыд «Марксизм æмæ националон-колониалон фарст»-ы чиныджы фыст Сталины ахæм цитатæтæ; «Чысылнымæц адæм сæхи æвзагыл куы нæ ахуыр кæной, уæд райгонд нæ уыдзысты. Йæхи мадæлон æвзагыл ахуыр кæныны бар ын радтут, йæ мадæлон æвзагыл ын саразут культурон-рухсадон уагдæттæ æмæ йæ æнæрайгонддзинад йæхигъæдæй фесæфдзæн». Прокламациты ма уыд ССР Цæдисы Конституцийæ ахæм цитатæ: «алы адæмæн дæр бар ис ахуыр кæна йæ мадæлон æвзагыл».

Фæлæ уыдæттæм нæ кастысты уæды чекисттæ. 1951 азы стæрхон кодтой лæппутыл. Габуты Хазби æмæ Гасситы Левæн рахастой фæйнæ 10 азы, Уанеты Владимирæн — фылдæр азтæ, Бекъойты Георгийæн та — 8 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон. Владимир, Лев æмæ Георгийы æртæ азы фæстæ ссæрибар кодтой, ССР Цæдисы Сæйраг тæрхондон сæ реабилитаци дæр скодта, фæлæ Хазби фæбадт 14 азы. Фæаххосджын æй кодтой ахæстты растад сорганизацийы æмæ йын уый тыххæй йæ азтæм 10 азы бафтыдтой.

Хазби ахæстоны дæр фыста уацтæ, æмдзæвгæтæ, кæд ын гæххæт нæ фаг кодта, уæддæр-иу æй самал кодта. Æгæрыстæмæй сарæзта ирон дамгъуат дæр.

Ахæстоны фыст æмдзæвгæтæй иу уыд «Тæхуды»:

ТÆХУДЫ

Тæхуды фест сæрдыгон уадымс,
Æппæт Ирыстоныл æрсим,
Æмæ йæ сахъ дзыллæйыл атыхс,
Зæгъ сын дæ уарзт æмæ дæ цин!

Уæд та куы фестин Терчы донæй, —
Гъе, уыйау, Ирыл цу ’мæ цу,
Æмæ йын кæн æхсæвæй, бонæй
Йæ зæххæн уарзон пъатæ ’дзух…

Ахæстонæй куы ссæрибар, уæд каст фæцис пединститут, куыста газет «Советон Ирыстон»-ы редакцийы корректорæй, цалынмæ пенсийы нæ ацыд, уæдмæ. Фыста æмдзæвгæтæ, уацтæ. Газетмæ цы уацтæ фыста, уыдонмæ-иу æвналын нал хъуыд, редакторты ныхæстæм гæсгæ, тынг хорз фыст кæй уыдысты, уый тыххæй.

Хазби ирон адæм æмæ Ирыстоны æгæрон уарзтæй уарзта, уыд йæ адæмы æцæг патриот, ирон æвзаджы сæрыл æгъатыр тохгæнæг. Уый йæ цардæй ахицæн 2011 азы 16 февралы.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.