Ирон æвзаджы хуызæвдисæг терминтæ кæд бирæ сты, уæддæр сæ, куыд æмбæлы, афтæ нæма раиртæстæуыд. Абайты Васо, Тъехты Федыр æмæ æндæр æвзагиртасджыты фæллойы руаджы хуызæвдисæг терминтæн сæ фылдæрæн рабæрæг и сæ лексикон нысаниуæг, идеосемантикæ, дзырдарæзтон структурæ æмæ этимологи. Фæлæ кæронмæ иртæст нæма сты ахæм фарстытæ: цы бынат ахсынц ацы терминтæ идиоматикон дзырдбастыты æмæ ирон традицион идеологийы, цавæр æндæр æвзæгты хуызæвдисæг терминты системæтимæ сты æнгæс æмæ афтæ дарддæр.

Ирон æвзаджы хуызæвдисæг терминты идеологон функциты кой кæнгæйæ, зæгъын хъæуы, Абайты Васо, Гаглойты Юри, Цоциты Алан, Уарзиаты Вилен æмæ æндæр авторты куыстыты руаджы кæй рабæрæг ис урс, сырх æмæ бур хуызты нысаниуæг, уый. Фæлæ фыццаджыдæр ацы хуызты функцитæ бæрæггонд æрцыдысты ирон тырысайы хуызтимæ бастæй, дыккаг та уый, æмæ иннæ хуызтæн сæ идеологон функциты тыххæй ахуыргæндтæм ныхас нæма уыди.

Хуызты символикæйæн ирон адæмы традицион идеологийы цы бынат ис, ууыл иу уацы нæй æрдзурæн – æгæр егъау темæ у.

Уымæ гæсгæ, ацы уацæн равзæрстам æрмæстдæр бур хуызы анализ.

Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй ирон тырысайы хуызтæн ис бæрæг идеологон нысаниуæг. Рагон индоевропæйаг æхсæнад арæзт уыд æртæ фæлтæрæй: дзуарылæгтæ, хæстон адæм æмæ хæдзарадон кусджытæй. Уыдонæй алкæмæн дæр уыд йæхи символтæ: дзуарылæгтæн – урс хуыз, хæстон адæмæн – сырх хуыз, хæдзарадон кусджытæн та – цъæх кæнæ бур хуыз. Индоевропæйаг æхсæнадон фæлтæртæ нарты кадджыты æмбæлынц мыггæгты хуызы: Алæгатæ, Æхсæртæггатæ æмæ Борæтæ. Фæстаг мыггаг иуæй-иу кадджыты хонынц «Буртæ» дæр.

Жорж Дюмезиль куыд зæгъы, афтæмæй Борæтæн сæ царды нысæнттæй иу у хъæздыгдзинад. Абайты Васойы хъуыдымæ гæсгæ та, мыггагон ном «Борæтæ = Буртæ» йæ равзæрдæй баст у миногон «бур = боримæ. Ома ирон традицион идеологийы бур хуыз баст уыд æртыккаг индоевропæйаг функциимæ.

Борæты мыггаджы сæйрагдæр минæвар у Бурæ-Фæрныг, æмæ уый номы дæр баиу сты бур хуыз (Бурæ) æмæ хъæздыгдзинад (Фæрныг). Бур хуыз хъæздыгдзинадимæ æмæ æртыккаг социалон функциимæ баст кæй у, уый бæрæг у ирон фольклоры иннæ уацмыстæй дæр.

Ирон аргъауы æмбæлы Бур-æлдары кой. Аргъаугæнæг дзы афтæ зæгъы: «Хъæздыг уыд Бур-æлдар». Æмæ та ам дæр бур хуыз баиу хъæздыгдзинадимæ.

Социалон æнæрастдзинад кæй фесæфт, уый тыххæй Нигер йæ уацмыстæй иуы афтæ фыссы: «Саутæ ’мæ нæм буртæ нал ис ныр». Мæгуыр адæм рагæй-æрæгмæ сау адæмыл нымад кæй уыдысты, уый алчи дæр зоны, фæлæ цымæ чи сты «буртæ» та? Уацмысы контекстæй куыд зыны, афтæмæй уыдон хъуамæ уой хъæздыджытæ, æмæ уæдæ Нигеры хъуыдыйæн æндæр дзырдтæй афтæ ис зæгъæн: «Мæгуыртæ æмæ нæм хъæздыджытæ нал ис ныр». Фæлæ ирон идеологийы «сауты (сау адæмы)» ныхмæ æппæты арæхдæр фæлæууынц «уæздæттæ». Мæнæ цæвиттонтæ: «Сауæй, уæзданæй, кæйдæриддæр йæ къах, йæ бæх хæссы, – паддзах уæ хоны»; «уæздан æмæ сау цы у, – хицау æмæ æххуырст».

Куыд зыны, афтæмæй уæздæтты номы æмбæхст хуызы æвæрд ис урс хуызимæ ассоциаци, æмæ, хуызты символикæйы æвзагæй куы дзурæм, уæд «сау» æмæ «уæзданы» оппозици у «сау» æмæ «урсы» оппозици. Куыд зæгъынц, афтæмæй ацы ныхмæвæрддзинадыл амад сты этнонимтæ «сау туал» æмæ «урс туалтæ» дæр. Æвæццæгæн, раджы кæддæр урс хуыз уыд уæзданы символ, мæнæ ныртæккæ сау хуыз мæгуыры символ куыд у, афтæ. Ацы хатдзæгæн бафидаргæнæг ис Барахъты Гинойы ныхæстæй дæр: «Уæздан сæ кæй хуыдтой æгас хæдзарæй дæр, уый Хамбечер дæр фехъуыста. Фехъуыста ноджы, се стæг дæр урс у, зæгъгæ».

Фæлæ цымæ цæмæн баивта Нигер «сау» æмæ «уæзданы =урсы» оппозици «сау» æмæ «буры» оппозицийæ? Ритмы тыххæй йæ бахъуыд «бур» хуыз, æви кæд мыййаг зыдта, ирон идеологийы бур хуыз мулкимæ кæй у баст, уый?

Дæсны стилист уæвгæйæ, Нигер йæ уацмысты æвзагмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ бахастаид æнæхъола раив-баивтæ. Æмæ уæдæ Нигеры уацмысæй комкоммæ зыны, миногон «бур» хъæздыгдзинады синоним кæй у, уый. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ, «сауты» ныхмæ иуæрдыгæй «буртæ» кæй сты æвæрд, иннæрдыгæй та – «уæздæттæ = урсытæ», уый афтæ нæ амоны, æмæ «буртæ» «уæздæтты», науæд «урсыты» синоним сты. Индоирайнаг идеологийы урс æмæ бур хуызтæ алы социалон фæлтæрты символтæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ кæрæдзи ныхмæ æвæрд хъуамæ уыдаиккой. Нырыккон ирон идеологийы ацы ныхмæвæрд ирдæй нал зыны, фæлæ Токаты Алиханмæ фембæлдыстæм ахæм рæнхъыл: «Ма дæр фысс урсæй бурайы». Ам. æвæццæгæн, дзырд цæуы цавæрдæр социалон ныхмæвæрдыл, æмæ кæд йæ мидис бынтон бæрæг нал у, уæддæр иннæ факттимæ абаргæйæ ахæм хатдзæгтæ ис скæнæн: 1. урс хуыз амыдта, æрмæстдæр йæ равзæрдæй («тугæй») æхсæнады бæрзонддæр æмæ кадджындæр бынат чи ахста, уыдонмæ (урс стæг), фæлæ мулкæй чи куыд æххæст у, уымæ нæ амыдта, æмæ уымæ гæсгæ, «урсытæ» кæнæ хъæздыг уыдаиккой, кæнæ мæгуыр; 2. бур хуыз та амыдта, æрмæстдæр мулкæй хъæздыг чи уыд, уыцы адæммæ, фæлæ уыдон æхсæнадон иерархийы цавæр бынат ахстой, уымæ нæ амыдта; З. сау хуыз та амыдта дыууæмæ дæр, ома, æхсæнадон иерархийы æппæты дæлдæр чи уыд æмæ афтæмæй мулкæй цух чи уыд, уыцы адæммæ.

Ирон æвзаджы æмæ ирон традицион идеологийы бур хуыз æмæ хъæздыгдзинады (фæрныгады) æхсæн цы иудзинад ис, уый æндæр хуызы æвдыст у миногонтæ «бур» æмæ «нарды» семантикон иудзинадæй. Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм Къостайы «Марходарæг». Царыл ауыгъд чи уыд, æмæ гæды кæмæ не ’ххæссыд, уыцы галы фиу иуæрдыгæй «бур-бурид сси, фæткъуыйау», иннæрдыгæй та – «йе рагъ афасти фырнæрстæй». Абайты Васо куыд зæгъы, афтæмæй «нæрсын» æмæ «нард» иу уидагæй равзæрдысты.

Ирон аргъауы кæсæм: «Нард бур сæгъ аргæвста æмæ йæ хорз федта сæгъы фыд æмæ арахъхъæй». Ам дæр «бур» æмæ «нард» фæрсæй-фæрстæм лæууынц.

Æвæццæгæн, бур æмæ нарды æхсæн ассоциацийыл арæзт у идиоматикон дзырдбаст «бурæ нæл фыс». Уырыссаг æвзагмæ йæ ратæлмац кодтой куыд «желтый баран». Дыгурон текстты дæр æмбæлы дзырдбаст «борæ нæлфус», «бор нæл фустæ». Ацы дзырдбастæн ис æндæр вариант дæр: «бурхъус нæлфыстæ», «бурæ хъус нæл фус». Иу тексты мидæг та «бурæ нæлфысы» бæсты æмбæлы «хорз нæл фыс». Уымæй дарддæр ма миногон «бурæ» у нæлхуыйы эпитет дæр: «бурæ нæл хуы». Ис ын æндæр вариант дæр: «буран нæл хуы». Дыгурон тексты ма æмбæлы «бор хъизон», ома «бур хъыбыл». Хуы нард кæй вæййы, æвæццæгæн, æй уымæн хонынц «бур».

Миногон «бур» ма æндæр цæрæгойты эпитет дæр у, æмæ, æвæццæгæн, алы хатт цæрæгойтæн се ‘ддаг бакастмæ нæ амоны, фæлæ, нард кæй сты, уымæ: «бур сæгуыттæ», «бур гал», «бур хъуг»), «бур сæныкк» æ.а. д. Цæвиттон, аргъауы «бур хъуг» афæдз æртæ къусæй фылдæр æхсыр нæ лæвæрдта, афтæмæй æнæхъæн бинонты дардта – уыдон уыцы æхсыр æмæ дзулæй дарддæр ницы хордтой æмæ афтæмæй цардысты. Ома бур хъуджы æхсыр уыд цъус, фæлæ æфсæдæн, уымæн æмæ уыд иттæг сойджын. Миногонтæ «бур» æмæ «сойджын» семантикон æгъдауæй кæй æрбангом сты, уый зын бамбарæн нæу – æхсырæн йæ сой æцæгдæр бур вæййы, цы царв дзы цæгъдынц, уый дæр бур вæййы. Абарут сойджын цыхты эпитет ирон аргъауы æвзаджы: «дынджыр бур-бурид цыхт».

Куыд уынæм, афтæмæй бур хуыз у канд мулк æмæ фæрныгады синоним нæ, фæлæ «нард» æмæ «сойы» эпитет дæр. Фæстаг дыууæ æмбарынадимæ бур хуызы ассоциаци фæзынд цæстуынгæ æмæ æнцонæмбарæн реалиты бындурыл: хус фиу дæр æмæ урссаджы сой (царв) дæр бур вæййынц. Сой, царв æмæ фиу та кæддæриддæр баст уыдысты хъæздыг цардимæ, æмæ ардыгæй хорз зыны, бæлвырд хæдзарадон хабæртты бындурыл абстрактон социалон æмбарынадтæ куыд фæзындысты, уый.

Ахæм семантикон эволюцийы руаджы ма фæзынд ноджы иу ассоциаци: «бур» æмæ «амонды» ‘хсæн. Цæвиттон, цыкурайы фæрдыг амондхæссæг у, æмæ йæ дыгур хонынц «бор фæрдуг». Дыгурон фольклоры ма ис «бор мæлгъæ» дæр, ома «бур маргъ» – «цавæрдæр маргъ, адæм амондхæссæг кæй хуыдтой, ахæм».

Ахæмтæ сты бур хуызы сæйрагдæр функцитæ ирон адæмы традицион идеологийы.

УАЛЫТЫ Мæдинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.