Хуссарирыстойнаг журналистикæйы райрæзт, информацион фæрæзты руаджы ирон æвзаджы популяризаци, авторты бартæ халын æмæ æндæр актуалон фарстатыл дзырд цыд «Спутник-Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры. Хайад дзы райстой Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Мария æмæ республикæйы информацион фæрæзты сæргълæуджытæ.

«Спутник-Хуссар Ирыстон»-ы къухдариуæггæнæг Виталий Раднаев хъусдард аздæхта агентады квалификациджын кадрты хъуагдзинады проблемæтæм.

«2018 азы 3 декабрæй фæстæмæ кусы комкоммæ эфиры радиостанц «Спутник-Южная Осетия», æмæ уый цæмæй æххæстбæрцæй куса, уый тыххæй нæ хъæуы квалификаци-джын радиожурналисттæ – редактортæ æмæ эфируадзджытæ. Уыцы кадртæ нæхæдæг дæр бацæттæ кæнæм, фæлæ уымæн бирæ рæстæг хъæуы», – банысан кодта Раднаев.

Информацион агентад «Рес»-ы сæйраг редактор Харебаты Мая кадрон фарст бæстон кæныны фæдыл банысан кодта, кусæджы куыстмæ райсыны хъуыддаджы стыр нысаниуæг кæй ис финансон фарстæн. Уымæн æмæ профессионалон журналисты цымыдис кæны, йæ куыстæн цахæм мызд исдзæн, уый. Ацы фарст нырма карзæй лæууы, кæд республикæйы къухдариуæгад нæ уавæр хынцы æмæ фæфылдæр кодта гонорарон фонд, уæддæр.

«Гонорары фонд нын чысыл фæфылдæр æмæ нын ныфс бавæрдтой дарддæр дæр йæ фæфылдæр кæнынæй.

Журналистон дæсныйады гъæдыл дзырд куы цæуа, уæд ам фарст вазыгджындæр у. Æнæмæнгхъæуæг у, цæмæй адæймаг йæхиуыл куса, архайа, йæ професси уарза æмæ уа объективон», – банысан кодта уый.

Куыд иннæ агентадтæ æмæ редакциты журналистты, афтæ «Рес»-ы агентадæн дæр йæ фарсмæ лæууы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитет, æмæ йын æдзух йæ журналистты æрвиты квалификаци фæбæр-зонддæр кæныны курсытæм, организаци кæны мастер-къластæ.

Газет «Южная Осетия»-йы сæйраг редактор Чилæхсаты Александр кадрты фарсты фæдыл банысан кодта, фæстаг аз æмæ æрдæджы бæрц редакци куыстæй кæй сифтонг кодта авд æвзонг журналисты. Уыдон ахуыр цæуынц куысты спецификæйыл æмæ афтæмæй бæстон кæнынц кадрон фарстатæ.

Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Мария хъусдард аздæхта, информацион фæрæзты минæвæртты кæй хъæуы квалификаци фæбæрзонддæр кæныны курсытæ рацæуын. Уымæн æмæ уыдон сты æнæмæнгхъæуæг журналисттæн.

«Ахуырадон тренингтæм байхъусыны фæс-тæ уыдон ноджыдæр фæхъæздыгдæр кæнынц бæрæг æрмæг кæнæ ног хабар – куыд хуыздæр æмæ йæ аивдæр рахæссой кæсæджы размæ.

Уыимæ иумæ ма тренингтæ æмæ семи-нартæ хорз фадат дæттынц рохы баззайæг зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад сног кæнынæн, афтæ журналистты куысты ног технологитимæ базонгæ уæвынæн», – дзырдта Комитеты сæрдар.

Ацы хъуыддаджы стыр бузныджы ныхæстæ загъта дунеон агентад «Спутник»-æн, уый руаджы нæ информацион фæрæзты минæ-вæрттæн фадат ис алыгъуызон мастер-къласты æмæ журналистон форумты хайад райсынæн.  Комитеты сæрдар ма хорзыл банымадта, зындгонд уæрæсейаг журналист – Корпоративон ахуырадон центры къухдариуæггæнæг Олег Щедровы амонæн тренингтæм байхъусыны фадат кæй уыд нæ информацион фæрæзты минæвæрттæн, уый дæр.

Радиостанц «Ир»-ы директор Цхуырбаты Алан банысан кодта радиойы формат сбæрæг кæныны стыр проблемæ. Уымæн æмæ радиостанцтæ кæмфæндыдæр кусынц бæрæг форматмæ гæсгæ. Æмæ радиойы формат цас къаддæр уа, уыйас фадат хуыздæр у куыст рацаразынæн. Цæмæй радиостанц æппæт йæ хъусджыты домæнтæн дзуапп дæтта, уый вазыгджын у æмæ практикон æгъдауæй нæй гæнæн. Æмæ ахæм уавæрты кусгæйæ, æвæрццаг аргъ скæныны бæсты радиойы куыстæн хъусæм æндæргъуызон ныхæстæ.

Ирон æвзаг популяризаци кæнынмæ стыр хъусдард здахы информацион агентад »Спутник». Уыдон уырыссаг æвзаджы æмрæнхъ уадзынц сайты ирон верси дæр. Уымæй дарддæр ма «Спутник»-ы радиостанцы комкоммæ эфиры ирон æвзагыл уадзæм алыхуызон темæтыл цымыдисон æрмæджытæ.

Уыцы хъуыддаг хорзыл банымадта Цхуырбаты Алан, уымæн æмæ не ‘взаг у нæ хæзна, æмæ йæ хъуамæ алыварсонæй хъахъхъæнæм.

«Алкæмæн дæр нæ ис йæхи аудитори, мах фылдæр музыкалон-информацион радио стæм. Спутникы радио та у информацион-ныхасгæнæн радио. Уымæ гæсгæ махæн нæй конкуренци кæрæдзиимæ», – дзырдта Алан.

Мадзалы хайадисджытæ ма фæндон бахастой ирон æвзагыл конкурстæ, проекттæ организаци кæныны тыххæй, цæмæй фылдæр фæсивæды минæвæрттæ хайад исой уым. Ирон æвзаджы рæзт æмæ пропагандæ кæнын радиойы руаджы, уыцы мадзæлттыл дæр цыд уынаффæ.

Ирон æвзаг пропагандæ кæныны фæдыл иумиаг проекттæ аразыны фæнд газет «Хур-зæрин»-мæ бахаста «Спутник»-ы къухдариуæггæнæг Раднаев. Уымæн æмæ проектты руаджы информацион ресурс æндавы ахсджиаг социалон темæтыл æмæ уыцы информацион ресурс йæхæдæг æхсæнады размæ хæссы хъæуæг æрмæг, кæцы æвæрццагæй æндавы йæ имиджыл.

Нырыккон размæдзыд технологиты æм-рæнхъ мыхуыры продукци цас популярон у æхсæнады, уый фæдыл Чилæхсаты Александр банысан кодта, зæгъгæ, æрæджы азылдысты нæ горæты Мыхуыры цæдисы уæйгæнæн киосктыл. Æмæ цыма уæйгæнджытæ æмдзырд бакодтой, афтæ бынтон æрхауд мыхуыры фæрæзтæм цымыдисдзинад. Æгæрыстæмæй, адæм нал фæрсынц аив фæлгонц журналтæ дæр.

Бынæттон мыхуыры фæрæзтæ рафыссыны хъуыддаг дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, бынтон раппæлинаг уавæры нæй. Уыцы хъуыддаджы фæдыл амæлттæ æмæ дарддæры æмархайды уавæртыл бакусыныл уынаффæ кодтой информацион фæрæзты къухдариуæггæнджытæ, кæцыты руаджы фадат уыдзæн куысты гъæд фæбæрзонддæр кæнынæн.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.