Ирыл хорз хабар æрцыд, Нарты кадджыты томтæ мыхуыры цæуын куы райдыдтой, уæд.  2007 азы ма нын нæ зæрдæтæ барухс кодта «Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуаты» фыццаг том дæр.

Ацы хъуыддæгты тыххæй ахадгæ ныхас загъд нæма æрцыд, афтæ та джиппы рацыд Челехсаты Хъазбеджы арæзт чиныг «Осетия и осетины»-йы æртыккаг рауагъд. Æмæ  ма ноджыдæр иу æхсæзгон хабар – «Нарты кадджыты» фæндзæм том рухс федта. Уæлдай тынгдæр та йыл уымæн бацин кодтам, æмæ фыццаг дыууæ томы фæд-фæдыл куы рацыдысты, уæд æртыккаг æмæ цыппæрæм афæстиат сты, фæндзæммæ æнхъæлмæ кæсын бахъуыд æртæ азы. Æвдæм, фæстаг том та рацыд 2012 азы. Бафæстиат «Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуаты» дыккаг том дæр. Абон дæр рухс нæма федтой 3 æмæ 4 томтæ.

Нарты кадджытæ сты, нæ рагфыдæлтæй нæм æнусты сæрты цы хæзнатæ æрхæццæ, уыдоны ахсджиагдæр. Æрхастой нын ирон æвзаджы аивадон тых, рæсугъддзинад æмæ хъомыс, нæ фыдæлты зондахаст, зæрдæйы уаг æмæ дунеæмбарынад. Ног фæлтæрты раст хъомыладæн сты стыр ахъаз, æмæ сын ныр фылдæр фадæттæ уыдзæн семæ хуыздæр зонгæ кæнынæн. Ис ирон адæммæ æртæ стыр хæзнайы: «Нарты кадджытæ», Къостайы «Ирон фæндыр» æмæ «Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат». Уыдон цы хæдзары не сты, уый æххæст ирон нæу, уымæн æмæ йæ фидæн дызæрдыггаг у.

Чиныгуадзæн «Ир» цъысымы бахаудта. Цалдæр азы размæ дæр ма йын цы æнтыст, уый дæр ын бæллиц сси. Фæлæ ирон адæм, нæ республикæйы цæрджытæ, æппындæр тыхсгæ ма кæнут, кæд ма раздæрау чиныгыл иузæрдион стут, уæд дзы хъуаг нæ уыдзыстут. Алыхуызон типографиты джиппæй гæпп кæнынц алыхуызон чингуытæ. Фылдæр – уырыссаг æвзагыл. Фылдæр – æппæлæн æрфыстытæ, иу адæймаджы цард æмæ йæ «диссаджы» сгуыхтдзинæдты тыххæй. Фылдæр – ирæттыл. Уымæй сæхи хъæппæрисæй, сæхи хардзæй. Вæййы дзы дыууæ Ирæй иу кæнæ иннæйы къæбицмæ чи фæныхилы, ахæмтæ дæр, сæ разамонджытæм мæгуыргуры гæххæттытæ ныффысгæйæ, сын бантысы сæхи тыххæй ахæм æнæфсарм, хистауæн чингуытæ рауадзын. Литературæйы, аивады, æхсæнадон куысты кæд исты гыццыл хъуыддæгтæ скодтой, уæд сæм афтæ фæкæсы, цыма Хъарсы фидар басастой æмæ сæхи сæ чингуыты уыцы хуызы æвдисынц. Ахæм чингуытыл сæ хуызистытæ бакæнынц æрмæст сæ цъæрттыл нæ, фæлæ ма мидæгæй дæр. Иуæн дзы йæ хуызист фенæн ис æнæхъæн сыфтыл фынддæс раны.

Чингуыты дуканиты тæрхджытæй дæм ахæмтæ сæрбæрзондæй кæсынц сæ хиуарзон чингуыты хуызджын цъæрттæй цыма хæхтæ афæлдæхтой, уыйау. Афтæ-мæй Ирыстонæн, ирон адæмæн хорзæй цытæ сарæзтой, цы скодтой, уый хæйрæг дæр нæ равзардзæн ацы змæст царды. Ирон æвзаг дон-дон куы фæцæуы йе сæфты фæндагыл. Йемæ – ирон æгъдау æмæ фыдæлты фарн дæр. Уæд дæм дæхицæй раппæлын æфсæрм кæцæй æрцыд. Уыцы уайдзæф æппæты тынгдæр хауы нæ ирон фысджытæ, аивад, культурæ æмæ æвзагимæ баст иннæ бæрнон адæймæгтæм.

Ирон адæмы нымæц абон æдæппæтæй нымад цæуы 600 мины. Уыдонæн сæ фылдæр цæры Дзæуджыхъæуы æмæ нæ бæстæйы æндæр рæтты, фæсарæнты. Уыдоны фылдæры ныййарджытæ кæнæ та иууылдæр сæ цотмæ дзурынц æндæр æвзæгтыл. «Тобæ, тобæ, иронау нæ!» – хъуыды кæнгæйæ. Уырыссаг кæнæ англисаг æвзаг хорз базоныны йæ куы бахъыгдара, зæгъгæ, уый тыххæй.

Уæддæр уыцы уавæр чидæртæ ницæмæ дарынц. «Нæ сæфы, тæссаг ын нæу» – дзыхыдзаг цъæхахст кæнынц. «Дзæуджыхъæуы бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртыты искуы ирон сывæллæтты иронау ныхас кæнгæйæ федтат?!» – афтæ бафæрсæг сæ нæй. Хъæуты дæр уыцы фæндагыл лæуд сты иуæй-иу ныййарджытæ. Æмæ телевизорæй кæнæ сценæйæ ирон лæппу кæнæ чызджы рæсугъд дзургæ куы фенæм, уæд ныл хур ракæсы.

Цæмæй ахæм æхсызгон хабæрттæ нæ кæртыты, уынгты, скъолаты дæр уынæм, ууыл цымæ иудадзыг, æрвылбон дæр, дзургæ æмæ фысгæ куыд арæх кæнæм, уый бæрц кусгæ дæр кæнæм? Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ! Аразыны нæ, фæлæ халыны куыст уыд, горæт Дзæуджыхъæуы скъолаты ирон урокты скъоладзауты иронæй, уырыссагæй, сомихагæй, гуырдзиагæй, тæтæйрагæй иумæ чи сбадын кодта, уый архайд. Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыры фарстайыл æвзæрæрдæм тынг фæзындысты ног æнæкуыстгонд уæлæнгай æмæ куыдфæндыйæ арæзт ахуыргæнæн чингуытæ дæр. Ирон сывæллæттæ, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ сæ зæрдæцъæх фесты.

Уæлдæр цы чингуыты кой ракодтон, уыдон, фыццаджыдæр, нæ иудзинадæн знаггад хæссынц, стæй рæзгæ фæлтæрыл зыгъуыммæ ахадынц. Дыккаджы та сыл цы фæрæзтæ бахардз кæнынц, уыдонæй ирон адæмон сфæлдыстадæй рæзгæ фæлтæры хъомыладыл рæстæрдæм чи ахады, рæсугъд, нуарджын, фæлгонцджын ирон æвзаг сæм чи хæссы, ахæм æрмæджытæй хуызджын чингуытæ куы рауадзиккой. Чингуыты дуканиты фенæн ис Нарты кадджытæ цалдæр хуызы уагъдæй. Диссаджы рæсугъд æмæ аив чингуытæ. Фæлæ уырыссагау! Уырыссæгтæ æмæ ма иннæ нациты минæвæрттæй чидæртæ куы бæллынц æмæ тырнынц Нарты кадджытæ иронау, ирон æвзагыл бакæсынмæ. Цæмæй сæ арфдæр банкъарой, хуыздæр сæ базоной æмæ сын аккаг аргъ скæной. Фæлæ чиныгуадзджытæ хъуыды кæнынц æрмæст сæхи пайдайыл, – чиныг цæмæй фылдæр адæм балхæной, ууыл.

2007 азы Мæскуыйы рауагъдад «Наукæ»-йы джиппы рацыд рагæй-æрæгмæ кæмæ æнхъæлмæ кастыстæм, нæ ирон æвзаг хуыздæр базоныны бæллицимæ уый – «Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат»-ы фыццаг том. Уæд ныл стыр цины хабар сæмбæлд, хæрзæггурæггаг цыдыстæм кæрæдзимæ. Кæд æдæппæт мин экземплярæй рацыд, уæддæр. Цасдæры фæстæ дыккаг том дæр рухс федта, 2010 азы. Дзырдуат арæзт у 4 томæй. Филологон наукæты доктор Гæбæраты Никъалайы разамындæй йыл уæхскуæзæй бакуыстой ирон æвзагыл иузæрдион ахуыргæндтæ. Фæлæ ныр аст азæй фылдæр нæ цæстытæ ныуурс сты йæ 3 æмæ 4 томты рацыдмæ.  Дыууæ Ирыстоны алыхуызон хистауæн, хивдисæн чингуытæ рауадзынæн фæрæзтæ ис, «Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат»»-ы 3 æмæ 4 томтæ рауадзынæн та амал нæ арынц. Афтæмæй цынæхуызон чингуы-тæ фендзынæ чингуыты дуканиты. Суанг ма æлгъыстыты чиныг дæр! Æмæ, дам,  ма зæгъ, не знаг нæхи мидæг ис, зæгъгæ. Нæ фидæн не ‘взаг у, æмæ йæм ахæм уазал цæстæй куы кæсæм, уæд нæ уый цæмæ æркæндзæн, уый нæ фæсонæрхæджы дæр нæй!

Нæ цæстытæ ныуурс сты 3-аг æмæ 4-æм томты рацыдмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Сæ рауадзынæн æхца нæй нæдæр Цæгаты, нæдæр Хуссары! Афтæмæй нæ бонджынтæ сæ бухъ цардæй цы акæной, уый нал зонынц, Ирыстоны кæмтты Хуыцаумæ æдзæрæг гæнæхтæ, галуантæ амайынц, адæмы куыд тынгдæр бастигъой, уый сси сæ сагъæс, сæ куыст. Ирон адæмы фидæныл дзы ничи ахъуыды кæны æмæ йыл хорзæрдæм сахадыныл ничи риссы. Æндæр цастæ хъæуы, нæ адæм наци цæмæй сты, уыцы миниуджытæ стынг кæнынæн, ирон æвзаджы цæрæнбон адард-дæр кæнынæн ахъаз цы чингуытæ сты, уыдонимæ «Ирон æвза-джы æмбарынгæнæн дзырдуат» цыппар томæй рауадзынæн. Аргъуантæ, мæзджыттæ, кувæн-дæттæ аразынмæ, цæлы фынгтæ æвæрынмæ рæвдз куы сты, уæд ирон адæмы фидæныл куыд никуы ахъуыды кæнынц. Æви сæ тæригъæдтæ сисыныл у сæ мæт. Нæ, Хуыцауæй рох ницы у, стæй тагъд дæр нæ кæны.

«Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат» не ‘взаджы фидæнаразджытæй иу у. Уый нын ахсджиагдæр у Абайты Васойы «Ирон æвзаджы историон этимологион дзырдуат»-æй. Уымæн æмæ Васойы дзырдуат наукæйæн у, «Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырд-уат» та – ирон адæмæн кæстæрæй хистæрмæ се ‘взаг хуыздæр базонынæн. Уæлдайдæр уымæн, æмæ ирон æвзагæн нырма иу рæстмæ, æппæт дзырдтæ дæр кæм сты, ахæм дзырдуат нæй! Хорз уаид, цыппар томы дæр куы рацæуиккой, æмæ сæ чингуыты дуканиты алкæмæн дæр балхæныны фадат куы уаид, уæд.

Æнæдызæрдыгæй ма иу хатт зæгъын: Къостайы «Ирон фæндыр», «Нарты кадджытæ» иронау, Тугъанты Махарбеджы нывтимæ æмæ «Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат» цы ирон хæдзары нæ уа, уый бинон-тæ сæ фидæнмæ куыдфæндыйы цæстæй кæй кæсынц. Æцæг ирон хæдзар, æцæг ирон бинонтæ сæ рахонæн нæй! Æмæ нæм цæ-мæй ахæмтæ къаддæр уа, уый тыххæй сæ рауадзын хъæуы, чингуыты дуканиты дзы алкæмæн-дæр балхæнынæн фадат куыд уа, уый бæрц.

ЦГЪОЙТЫ Хазби 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.